Луганскы Адæмон Республикæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны парламентты сæрдæрттæ Денис Мирошниченко æмæ Гасситы Петр дидинджытæ сæвæрдтой Кады Пилон æмæ республикæйы хъахъхъæнджыты цырт «Уыдон бахъахъхъæдтой сæ Райгуырæн бæстæ» -йыл.

Луганскы Адæмон Республикæйы  нысаниуæгджын бынæтты дидинджытæ æвæрыны церемони ацыд Æхсæнпарламентон æмгуысткæнынады тыххæй сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны сæраппонд Луганскмæ Хуссар Ирыстоны Парламенты делегацийы официалон балцы фæлгæтты. Церемонийы ма хайад райстой Хуссар Ирыстоны æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы делегациты минæвæрттæ дæр.

Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды уыдысты РХИ-йы Парламенты депутат, Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæрдар Къозонты Алан, РХИ-йы Парламенты депутат,

Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Плиты Александр æмæ РХИ-йы Парламенты спикеры æххуысгæнæг Уалыты Сергей.

***

РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстон æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы ‘хсæн æхсæнпарламентон сразыдзинад, кæцыйыл къухтæ фыст æрцыд Луганскы, нысан кæны алыгъуызон формæты æмгуысткæнынад.

«Бадзырд дзурæг у алыгъуызон статьяты, уыцы нымæцы экономикон æмæ политикон фадгуыты æмгуысткæнынад æмæ æмархайдыл, кæцытæ фæахъаз уыдзысты нæ дыууæ республикæты  адæмты фæрныгад фæбæрзонддæр кæнынæн. Уыцы здæхты мах архайдзыстæм  æппæт тыхтæй, кæй зæгъын æй хъæуы,  æппæт  иннæ парламентариты æххуысæй», – банысан кодта уый.

Сразыдзинады нысан æрцыдысты хицæн депутатты, парламентон комитетты, къамисты, депутатон баиу-гæндты ‘хсæн комкоммæ контакттæ, парламентон архайд сахуыр кæныны, иумиаг парламентон æмбырдтæ æмæ фембæлдтытæ ауадзыны, парламентон байхъуыстытæ, конференцитæ, семинартæ æмæ бирæ æндæр хъуыддæгты тыххæй кæрæдзимæ депутатты æрвитын.

Зæрдыл лæууынæн уый банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны парламентаритæм «ис стыр фæл-тæрддзинад, кæцы сæм æрцыд хæстон уавæрты рæстæджы æмæ ныр та – хæрзвадат уавæрты рæстæджы».

Нæ фæлтæрддзинад æхсызгонæй бацамонынмæ мах цæттæ стæм. Парламентаритæ æмæ алыгъуызон комитетты ‘хсæн фембæлдтытæ уагъд цæудзысты афæдзы мидæг  дæсгай хæттыты. Гæнæн ис, сæ нымæц ноджы фылдæрæй фылдæр кæна. Мæнмæ гæсгæ, уымæй практикон пайда мах фендзыстæм цыбыр рæстæгмæ», – банысан кодта РХИ-йы Парламенты Сæрдар.

Луганскы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы Сæрдар Денис Мирошниченко та банысан кодта, къухтæ кæуыл æрфыстæуыд, уыцы æхсæнпарламентон сразыдзинады руаджы  депутаттæн фадат уыдзæн ног æмвæзадыл кусынæн.

«Мах нæ коллегæтимæ  æруынаффæ кодтам къорд фарстатыл, кæцытæ уыдон райстой закъондæттынады æмвæзадыл. Ууыл мах бакусдзыстæм æмæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, æввахсдæр æрдæг азы кусдзыстæм иумиаг къордты. Мах райсдзыстæм, уыдонмæ цы фæлтæрддзинад ис, фæлæ Луганскы Адæмон Республикæйы кæмæй нæ пайда кæнæм,  æмæ сын бацамондзыстæм, махмæ цы фæлтæрддзинад ис, фæлæ Хуссар Ирыстоны кæмæй нæ пайда кæнынц», – банысан кодта уый.

Луганскы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы Сæрдар куыд бамбарын кодта, афтæмæй «ныридæгæн уынаффæ цыд Хуссар Ирыстоны энергетикон нуæз-тытæ уæй кæнын æрæхгæныны фæлтæрддзинады фæдыл».

«Уыдон уыцы хъуыддаг сарæзтой тынг хорз, закъондæттынадон æмвæзадыл, æмæ уымæн цæрджыты ‘рдыгæй нæ уыд  æнæмбарындзинад. Уый у нæ кол-легæтимæ нæ дарддæры æмгуысткæнынадæн фыццаг чысыл цæвиттон», – банысан кодта Мирошниченко.

 

ЭКСКУРСИЙЫ УЫДЫСТЫ ЛУГАНСКЫ БÆСТÆЗОНÆН МУЗЕЙЫ

РХИ-йы Парламенты минæвæрттæ сæ луганскаг коллегæтимæ базонгæ сты Луганскы бæстæзонæн музейы экспонаттимæ.

Экскурсийы рæстæджы  дыууæ республикæйы депутаттæ – Денис Мирошниченко æмæ Гасситы Петры сæргълæудæй, фæуазæг сты Луганскы крайы æрдз, регионы рагзаманты истори, æмбæстагон хæсты дугтæ æвдыст кæм уыдысты, уый, советон хицауады рæзты азты æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты  цытæн  равдыстыты залмæ.

«Нæ уазджытæй кæцыдæртæ фыццаг хатт  сты Луганскы республикæйы, иутæ та нæм раздæр дæр уыдысты. Фæнды мæ базонгæ уæ кæнон нæ историимæ, нæ традицитимæ, Луганскы Адæмон Республикæйы адæм куыд цæрынц, раздæр куыд цардысты, нæ фыдæлтæ кæцæй рацыдысты, уыдæттимæ, – банысан кодта Луганскы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы Сæрдары хæдивæг Дмитрий Хорошилов.

 

ЛЕОНИД ПАСЕЧНИК ЙÆХИМÆ РАЙСТА ГАССИТЫ ПЕТРЫ

РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петры йæхимæ райста Леонид Пасечник. Фембæлды рæстæджы Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргъ-лæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Луганск æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн æхсæнпарламентон ахас-тытæ сты дыууæ республикæйы ‘хсæн ахастытæ дарддæр кæнынмæ къахдзæф.

«Мæн бузныджы ныхæстæ зæгъын фæнды уе ‘рцыды тыххæй. Сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын, кæй зæгъын æй хъæуы, уый у нæ дарддæры, æнæуый дæр фидар æмæ хæларадон ахастыты рæзтмæ къахдзæф. Уырны мæ, дарддæр дæр уыдзæн афтæ», – банысан кодта Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг.

Йæ рады Гасситы Петр дæр загъта, зæгъгæ, къухтæ фыст цы документыл æрцыдысты, уый фадат ратдзæн нæ луганскаг коллегæтимæ максималонæй æнгом æмæ бирæнымæц контакттæ саразынæн.

Фембæлды кæрон Пасечник Гасситы Петрæн бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

                           информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.