7-æм июны уыд РХИ-йы Парламенты æхсæзæм сессийы æвдæм рабадт. Уагъта йæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдары хæстæ æххæст-гæнæг Мамиты Инал.

Боны фæткы фыццаг уыд РХИ-йы Парламенты Сæрдар сæвзарыны фарст, кæцы уыд вакантон, Бибылты Анатоли Ильяйы фырт Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентæй æвзæрст куы æрцыд, уый фæстæ. Мамиты Инал фехъусын кодта, зæгъгæ, уагъд æрцыд парламентон фракци «Иугонд Ирыстон»-ы рабадт, цыран сусæг хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн, фылдæр хъæлæстæй РХИ-йы Парламенты Сæрдары бынатмæ раразмæгонд æрцыд депутат Гасситы Петр Леониды фырт. Мамиты Инал фæндон бахаста фракци «Иугонд Ирыстон»-ы раразмæгонд кандидатурæйы хъæлæсæппæрсты бюллетенмæ бахæссыны тыххæй.

Ацы фарсты фæдыл ма раныхас кодта Парламенты Сæрдары хæдивæг Тасойты Димитр, йæ рады уый фæндон бахаста бюллетенмæ депутат Тасойты Барисы кандидатурæ дæр бахæссыны тыххæй.

Фарстыл уынаффæ кæныны хайад райстой депутаттæ Коцты Олеся, Бесаты Зитæ, Тадтаты Филипп, Плиты Александр, Уалыты Розæ.  Къорд процедурон моменттыл æруынаффæ кæныны фæстæ дыууæ кандидатурæ дæр хаст æрцыдысты хъæлæсæппæрсты бюллетентæм.

Фæлæ, цалынмæ сусæг хъæлæсæппæрстмæ не ‘рывнæлдтой, уæдмæ уал депутаттæ æркастысты Нымайæн палатæйы тыххæй фарстмæ. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ палатæйы сæрдар у Гас-ситы Петр, фæлæ куыд кандидат, афтæ уымæн йæ бон нæ уыд хъæлæстæ банымайыны хайад райсын. Уый фæстиуæгæн Нымайæн палатæйы сæрдарæй депутатон копрус сфидар кодта депутат Харебаты Сергейы, æмæ ссæрибаргонд бынат та бацахста Къуезерты Арсен.

Сусæг хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн Гасситы Петры тыххæй схъæлæс кодтой 21 депутаты, Тасойты Барисы тыххæй та – 5 депутаты. Дыууæ бюллетены хæлд æрцыдысты, цыппар депутаты та схъæлæс кодтой дыууæ кандидатурæйы ныхмæ дæр.

Парламенты ног сæвзæрст Сæрдарæн фыццаг раарфæ кодта Мамиты Инал, депутатты корпусы номæй йæ уымæн бафæндыд æнтыстытæ ацы бæрнон бынаты. Йæ рады Гасситы Петр дæр бузныг загъта депутаттæн, кæй йыл баууæндыдысты, уый тыххæй, афтæ ма йæ кандидатурæйы æвварс æмæ йæ ныхмæ чи схъæлæс кодта, уыдонæн дæр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, йæ тынг хорз æмбары, адæмы æмæ йыл республикæйы раз цы стыр бæрндзинад уыдзæн, уый. Уый ма загъта, зæгъгæ, депутатон корпус æмæ Парламенты аппараты æххуысæй къухты бафтдзæн вазыгджын фарстытæ аскъуыддзаг кæнын, кæцытæ лæууынц РХИ-йы закъондæттынадон органы раз. «Ныхмæлæудтыты рæстæг фæци. Адæм сарæзтой сæ равзæрст, Бибылты Анатолийы Президентæй сæвзаргæйæ», –  банысан кодта Гасситы Петр, æмæ бахатыд Мамиты Иналмæ сессийы рабадт дарддæр ауадзыны тыххæй.

Уый фæстæ РХИ-йы ног Президент сæвзарыны фæдыл амнисти расидыны тыххæй проект депутатон корпусмæ æркæсынмæ рахаста Закъондæттынад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Олеся.

Ацы комитет ма æркæсынмæ æмæ сфидар кæнынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны ног Президент сæвзарыны фæдыл амнисти расидыны тыххæй» РХИ-йы Парламенты Уынаффæйæ спайда кæныны фæткы тыххæй фарст. Коцты Олеся бамбарын кодта, амнисти кæцы категоритæм хауы, уый, ацы фарсты фæдыл алыгъуызон барадон нюанстæ сбæлвырд кæнгæйæ. Дискусситы хайад райстой æмæ раныхас кодтой депутаттæ Тасойты Димитр, Уалыты Розæ æмæ æндæртæ.

Йæ фиппаинæгтæ æрбавдыста РХИ-йы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг дæр. Сæрмагондæй, дзырд цыд, амнисти кæмæ нæ хауы уыцы адæймæгтæм, кæцытæ уый размæ сæрибар æрцыдысты амнистимæ гæсгæ.

Боны фæткы кæройнаг пункт – РХИ-йы Парламентæй  РХИ-йы Æхсæнадон палатæйы уæнгты сфидар кæныны тыххæй æрбавдыста Мамиты Инал. «Республикæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы тыххæй» РХИ-йы Закъоны 9-æм статьямæ гæсгæ депутатон корпус хорзыл банымадта РХИ-йы Æхсæнадон палатæйы уæнгты кандидатурæты ахæм скондæй:

  1. Бекъойты Алан Кучукы фырт – РХИ-йы Нывгæнджыты цæдисæй;
  2. Миронов Юрий Петры фырт – республикон æхсæнадон организаци «Россы»-йæ;
  3. Джергаты Жаннæ Виссарионы чызг – РХИ-йы Профцæдисты советæй;
  4. Тъехты Дзерассæ Русланы чызг – ХИПУ-йы студентон фæсивæды советæй;
  5. Гæбæраты Сæрмæт Виталийы фырт – РХИ-йы Амалиуæггæнджыты цæдисæй;
  6. Тедеты Тамерлан Владимиры фырт – Абхазы хæсты хæстонтæ-бархионты цæдис «Нарт»-æй;
  7. Плиты Мадинæ Амираны чызг – РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы инвалидтæ чи систы, уыдонæн æххуысы фондæй;
  8. Хъотайты Шота Никъалайы фырт – РХИ-йы Бильярды федерацийæ.

Сессийы куысты хайад райстой Парламенты РХИ-йы Хицауады æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб, Юстицийы министр Лалыты Залинæ æмæ æндæртæ.

 

***

Биографион бæлвырдгæнæн

Гасситы Петр Леониды фырт райгуырд 1972 азы 18 июны Хуссар Ирыстоны горæт Цхинвалы. 1990 азы ахуырмæ бацыд Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетмæ. 1996-1997 азты куыста РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады. 2004  азæй 2006 азмæ куыста РХИ-йы президенты паддзахадон уынаффæгæнæгæй. 2007  азæй 2015 азмæ куыста телекомпани НТВ-йы продюсерæй Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны. 2010  азæй 2013 азмæ – ПТРК «Ир»-ы операторон хайады хистæрæй. 2014 азы июны æвзæрст æрцыд РХИ-йы VI-æм æрсидты Парламенты депутатæй. Хорзæхджын у Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы паддзахадон хорзæхтæй, уыцы нымæцы уæрæсейаг «Хъæбатырдзинады Орден». Ис ын бинонтæ, хъомыл кæны дыууæ фырты.

 

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.