27 декабры уыдис РХИ-йы Парламенты фарастæм сессийы фæндзæм рабадт. Уагъта йæ Парламенты Сæрдар Гасситы Петр. Йæ куысты хайад райста РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Йæ раныхасы уый, фыццаджыдæр, раарфæ кодта парламентаритæн, Парламенты Аппаратæн Ног азы сæраппонд æмæ сын йæ цæст бауарзта æнæниздзинад, æппæт сæ разылæугæ хæстæ æнтысгæйæ æххæст кæнын. Уыимæ сын бузныг загъта бакæнгæ куысты тыххæй æмæ банысан кодта, æхсæзæм æрсидт Парламент кæй у иууыл эффективондæр æмæ куыстхъомдæр, райсгæ закъæттæ æмæ дæлзакъонон акттæм гæсгæ.

Президент банысан кодта хицауиуæгады закъондæттынадон æмæ æххæсткæнынадон къабæзты æмархайды æвæрццаг динамикæ дæр.

Дарддæр парламентаритæ æрæвнæлдтой сфидаргонд боны фæткы фарстатыл уынаффæ кæнынмæ.

Фыццаг фарста уыдис «Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй 2015 азы 18 марты бадзырдмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл Суагъæйы ратификацийы тыххæй» закъоны проект. Уынаффæ кæнынмæ йæ рахаста Æдтагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон архайды фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Игорь.

Йæ ныхæстæм гæсгæ РХИ æмæ УФ-йы æмбæстæгтæ кæрæдзимæ æнæвизæйæ цæуыны тыххæй Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Хицауадты ‘хсæн 2011 азы 25 апрелы йæ тыхы чи бацыд, уыцы сразыдзинадмæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийы уæвæг РХИ-йы æмбæстæгтæм ахасты уыдис фæкъуындæгдæр уавæртæ УФ-йы территорийыл уæвыны æмгъуыдмæ гæсгæ. Ахæм уавæртæ нæ арæзтæуыд РХИ-йы территорийыл уæвæг УФ-йы æмбæстæгтæн.

Коцты Игорь куыд банысан кодта, афтæмæй ацы фарстыл уынаффæ цыд дыууæ бæстæйы президентты 2017 азы 14 ноябры фембæлды рæстæджы æмæ йæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй хæслæвæрдтæ радтæуыд æмбæлон структурæтæн».

Куыд ма загъта, афтæмæй Уæрæсейы территорийыл РХИ-йы æмбæстæгты уæвыны æмгъуыдты фæдыл фæкъуындæгдæр уавæртæ аивын нысан кæм ис, уыцы Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырдмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй Суагъæйыл къухтæ æрфыстæуыд 2018 азы 9 ноябры.

Закъоны проекты депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл комитеты сæрдар Тедеты Нонæ æркæсынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æвзарæн барты æмæ референдумы хайад исыны бары сæйрагдæр гарантиты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны проект.

Тедеты чызджы ныхæстæм гæсгæ ацы фарстайы фæдыл профилон комитет ауагъта цалдæр рабадты æмæ проектимæ сты æппæт æмбæлон документтæ.

«Закъоны проект райсын æнæмæнгхъæуæг уымæн у, цæмæй ног æвзарæн мажоритарон-пропорционалон системæмæ рахизгæйæ, закъондæттынадон нормæтæ кæрæдзийы ныхмæ ма уой», – бамбарын кодта Тедеты Нонæ.

Куыд ма загъта, афтæмæй закъоны проекты лæмбынæгдæр æргом цæуынц, РХИ-йы æмбæстæгтæй сæвзарыны бар кæмæн нæй, уыцы бындуртæ. Æвзарæн процессы хайадисджыты нымæцæй ист æрцыдысты æвзарæн блоктæ. ЦÆК-ы сæрдары бынат та уыцы иу адæймаг фæдфæдыл дыууæ æмгъуыдæй фылдæр ма хъуамæ ахса.

Ацы фарстайы фæдыл йæ хъуыды загъта депутат Бесаты Зитæ æмæ банысан кодта, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн кæй нæй сразыдзинад æмбæстæгты хисæрмагонд зонæнтæ адæттыны тыххæй.

«Æз нымайын афтæ æмæ ацы закъоны проекты ис æнæконституцион нормæтæ. Уый хауы кандидаттæн фæкъуындæгдæр уавæртæ аразынмæ, кæцытæ хъуамæ бавдисой се ‘нæниздзинады тыххæй бæлвырдгæнæнтæ æмæ радтой хисæрмагонд зонæнтæ. Уымæ гæсгæ æз схъæлæс кæндзынæн ацы закъоны ныхмæ», – загъта уый.

Фарсты фæдыл дзургæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, уый æвзæрæй ницы уыны депутаттæм кандидаты уавæр бæлвырд куы ‘рцæуа æмбæлон медицинон бæлвырдгæнæнтæй. Æмбæстæгты хисæрмагонд зонæнтæ дæттыны тыххæй Уæрæсеимæ сразыдзинады тыххæй та загъта, зæгъгæ йыл къухтæ æрфыстæуыдзæн æввахсдæр рæстæджы.

Централон æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Беллæ банысан кодта, ЦÆК-ы уæнгтæ разы кæй сты закъоны проекты фыст æппæт нормæтимæ дæр.

Фарстайы фæдыл ма сæ хъуыдытæ загътой Гасситы Петр, Чилæхсаты Владимир æмæ Плиты Агуындæ. Уый фæстæ закъоны проект ис æрцыд фылдæр хъæлæстæй.

Депутаттæ æркастысты «Акционерон æхсæнадты тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны 47-æм статьямæ ивындзинад бахæссыны тыххæй» æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ бангы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны 16-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проекттæм. Æруынаффæ сыл кæныны фæстæ дыууæ закъоны проекты дæр ист æрцыдысты.

Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Инал та уынаффæ кæнынмæ рахаста 2019 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты прогноз æмæ 2019 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты план.

Уый куыд загъта, афтæмæй план здæхт у РХИ-йы социалон-экономикон рæзты фыццаградон хæстæ скъуыддзаг кæнынмæ, республикæйы экономикон æмæ социалон къабæзты фидар рæзтмæ рахизынæн уавæртæ саразын, РХИ-йы районты социалон рæзты диспропорцитæ фæкъаддæр кæнын, хъæууон цæрджыты сæ æдзухон цæрæн бынæттæй лидзыны процесс æруромынæн уавæртæ аразынмæ.

Уыимæ ма Комитеты сæрдар банысан кодта, кæй ис къорд проблемæйы, кæцыты хъæуы комплексонæй скъуыддзаг кæнын. Уыдон, йæ хъуыдымæ гæсгæ, сты цæрæнуатон проблемæ, цæрæнуатон фонды хæрзарæзтады хицæн бæрæггæнæнтæ, скъолайы агъоммæ уагдæтты бынæттæ кæй нæ фаг кæны, æнæниздзинад хъахъхъæныны лæггæдты гъæд, æгуыстады æмвæзад, брæтты  утилизаци æмæ æндæртæ.

Дыууæ фарстайы дæр парламентаритæ сфидар кодтой æмхъæлæсæй.

Дарддæр Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитет Парламенты сессимæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект.

Фарстайы фæдыл РХИ-йы Финансты министр Хæбæлаты Азæ банысан кодта, закъоны проекты бындуры цы сæйрагдæр принциптæ ис, уыдоны. Уыдон та сты бюджеты балансондзинад, бæстæйы финансон структурæтæ фидардæр кæнын æмæ цæрджыты царды æмвæзад æмæ гъæд этапгай бæрзонддæр кæнын.

«Ацы принциптыл бындуриуæг кæнгæйæ, бюджет бæлвырд æрцыд 8 миллиард 739 милуан 590 мин сомæй, Уæрæсейы Федераци цы финансон æххуыс кæны 7 миллиард 447 милуан 600 мин сомæй, уый хынцгæйæ. Уыцы æххуыс цæуы дыууæ здæхты – социалон-экономикон рæзтæн 4 миллиард 660 милуан 400 сомы æмæ Инвестицион программæ реализаци фæлгæтты бюджетон инвестицитæ æххæст кæнынæн 2 миллиард  7 87 милуан 200 мин сомы», – загъта министр.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, бюджетыл кусыны рæстæджы нæ разы лæууыд хæс, цæмæй æххæст æрцыдаид Президенты хæслæвæрд социалон пенситæ æмæ хатырон уавæртыл кредитты финанскæнынады фæдыл.

«Ууыл бындуриуæг кæнгæйæ, РХИ-йы бюджеты хæрдзты хайы фыццаг хатт фæзынд хицæн рæнхъ – Пенсион фонды бюджетæн æхсæнбюджетон трансферт, социалон пенситæ бафидыны тыххæй. Уый фадат ратдзæн фæдзæхстон æмæ социалон пенситы бæрц фæфылдæр кæнынæн æмæ ахъаз кæндзæн нæ цæрджыты царды æмвæзад бæрзонддæр кæнынæн, афтæ ма РХИ-йы чысыл амалиуæгад хатырон уавæрты кредит кæнынæн ахъазгæнæг Фонды бюджеты трансфертæн. Бюджетæн, æнæдызæрдыгæй, ис социалон характер, уымæн æмæ, зæгъæн ис, йе ‘мбис, Инвестпрограммæ нæ хынцгæйæ, 6 миллиард сомы бæрц сты цæрджытæн комкоммæ бафыстытæ куыстмызды, пенситы, стипендиты, Пенсион фондмæ ахыгъдтытæ æмæ æндæр ахæмты хуызы», – загъта Хæбæлаты Азæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ма 2019 азы бюджеты нысан цæуы медикаментæ æмæ бæттæн фæрæзтæ самал кæныны тыххæй хæрдзтæ фæфылдæр кæныны, бæрзондтехнологион æххуыс бакæныны, афтæ ма сывæллоны райгуырды тыххæй иурæстæгон бафыстытæ æмæ афæдз æмæ æрдæгмæ сывæллонмæ зилыны тыххæй æххуыс фæфылдæр кæнын.

Закъоны проекты депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

Бюджет æмæ хъалоны фæдыл комитет ма Парламенты сессийы рабадтмæ уынаффæ кæнынмæ рахаста «2019 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Пенсион фонды бюджеты тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект. Бавдыста йæ Пенсион фонды сæрдар Тасойты Азæ.

«Прогнозмæ гæсгæ Фонды бюджеты æфтиæгты иумæйаг гуырахст хъуамæ уа 399 милуан 698 мин сомы. Уыдонæй, кусгæ чи кæны, уыцы æмбæстæгты æнæмæнг пенсион фæдзæхстады фæдзæхстон фиддонтæ иу проценты сты 29 милуан 431 мин сомы, куыстæй ифтонггæнджытæн та дæс проценты – 294 милуан 314 мин сомы, афтæ ма æнæфидгæ æфтиæгтæ, Паддзахадон бюджетæй Пенсион фонды бюджетмæ трансферт та у 75 милуан 952 мин сомы – 2019 азы бюджеты хæрдзты иумæйаг гуырахст прогноз цæуы 409 милуан сомæй, кæцытæй 397 милуан 395 мин сомы сты пенситæ финанс кæныны тыххæй», –  бамбарын кодта Тасойты чызг.

Ацы закъоны проекты дæр депутаттæ райстой æмхъæлæсæй. Æмхъæлæсæй ма хорзыл банымадтой Национ бангы Директорты советы уæнгты ног сконд дæр. Фарста уынаффæ кæнынмæ рахаста Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдар Коцты Жаннæ.

Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Инал уынаффæ кæнынмæ рахаста «2019 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл амалиуæгадæн хатырон уавæрты кредит дæттынæн ахъаз кæныны фонды бюджеты тыххæй» æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл амалиуæгады субъекттæн хатырон уавæрты кредит дæттыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Закъæтты проекттæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуысы æмæ рæзты» Паддзахадон программæйы проект æмæ «Этилон спирт, алкоголон æмæ спирт се сконды кæмæн ис, ахæм продукцийы рауагъдыл паддзахадон бæстонкæнынады æмæ алкоголон продукцийæ пайда кæнын (нуазын) фæкъаддæр кæныны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект дæр.

Æруынаффæ сыл кæныны фæстæ цыппар закъоны проект дæр æмхъæлæсæй ист æрцыдысты.

Дарддæр депутаттæ райстой «РХИйы архивон хъуыддаджы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны 3-аг хайы 13-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект. Бавдыста йæ Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл комитеты сæрдар Гæбæраты Юри.

Боны фæткы фæстаг фарст уыдис «Республикæ Хуссар Ирыстоны пенситы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект, кæцыйы уынаффæ кæнынмæ рахаста социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæрдар Къозонты Алан.

Ацы закъоны проект дæр ист æрцыд.

Рабадты рæстæджы Гасситы Петр раарфæ кодта депутат Пæррæстаты Димитрæн, Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон службæйы директор Александр Бртников æй номыл сахатæй кæй схорзæхджын кодта, уый тыххæй.

Парламент йæ фарастæм сесси фæцис Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гимн сæххæст кæнынæй.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.