Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй æрæджы дунеон пресс-центры уагъд æрцыд тымбыл фынг Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды инициативæмæ гæсгæ референдум ауадзыны фарсты фæдыл. Тымбыл фынджы куысты хайад райстой политикон партиты къухдариуæггæнджытæ, Президенты Администрацийы минæвæрттæ, эксперттæ, æхсæнады минæвæрттæ.

Парламенты раздæры сæрдар Коцты Станиславы хъуыдымæ гæсгæ, референдумы фарст ма хъуамæ суа республикæйы æххæстгæнæг æмæ закъондæттынадон къухдариуæгады ’хсæн цæлхдур. Куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ хъуыдытæ æмæ баххæсткæнинæгтæ хатт нæ фæхъæуы хынцын, фæлæ бæстæйы уæвæг оптималон хъуыддагыл хъуамæ не ’ппæт дæр разы кæнæм.

«Бæстæйы сæргълæууæджы инициативæ, Хуссар Ирыстоны референдум ауадзыны тыххæй у серьезон æмæ гæнæн ис æмæ æхсæнад ныддихтæ кæна. Референдум ауадзыны фарст ныридæгæн нысан у Президенты Администрацийы ‘рдыгæй, ууыл разы нæ дæн, уымæн æмæ ацы фарст уынаффæмæ хаст хъуамæ æрцыдаид.

Референдум ауадзын бæлвырдгонд фарстимæ — уыцы хъуыды раст нæу. Кæд æмæ 2006 азы референдумыл бындуриуæг кæнæм, уæд уый æххæст кæны 1992 азы референдумы. Уымæ гæсгæ ныр та хъуамæ ауадзæм референдум, куыд хæдбар паддзахад, афтæ, æмæ иунæг фарстимæ — Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуæм æви нæ? Конституцимæ гæсгæ бæстæйы суверенитет хæсджытæ сты йæ адæм, уымæ гæсгæ ацы фарст, фыццаджыдæр, хаст хъуамæ æрцыдаид Æдасдзинады советмæ уынаффæмæ. Фæлæ уый арæзт не ’рцыд. Уымæ гæсгæ адæмы сæ хъуыды зæгъынæй иппæрд кæнæм — афтæ ма хъуамæ аразæм», — дзырдта РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли.

Куыд ма загъта, уымæ гæсгæ ацы ахсджиаг æмæ вазыгджын фарстыл бакусыны хъуамæ хайад райсой Хицауад æмæ Парламент: «Уымæн æмæ дзы дзырд цæуы Парламентыл, уый хъуамæ разыйы ныхас зæгъа».

Уæдæ Парламенты Сæрдары арф хъуыды у афтæ, æмæ нæ фæнд кæд афтæ у æмæ адæм сæ хъысмæт аскъуыддзаг кæныны хайад исой, уæд сын фадат хъуамæ уа сæ хъуыды зæгъынæн — Уæрæсейы скондмæ сæ фæнды æви нæ.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта, зæгъгæ, нæ парти æндæрхуызон фæндаг нæ уыны æмæ домы, цæмæй уал ацы фарст лæвæрд æрцæуа адæммæ.

Хуссар Ирыстоны Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Дауыт банысан кодта, РХИ-йы Президенты хъуыды референдум ауадзыны фæдыл кæй у райсинаг. Уыцы хуызы фарст нæ бахъыгдардзæн нæдæр Хуссар Ирыстоны, нæдæр — йæ стратегион партнер Уæрæсейы, кæцыйæн мах хъуамæ аргъ кæнæм нæ менталитетмæ гæсгæ дæр æмæ Бадзырдмæ гæсгæ дæр. Нæ архайдтытæ, зæгъгæ, æмразы хъуамæ уой, уæлдайдæр, æддагон политикæмæ чи хауынц, уыдон.

Ныхасгæнæджы хъуыдымæ гæсгæ референдум ауадзыны фарсты хуыздæр уаид, æмæ президентон æвзæрстытæ ауа-дзыны фæстæмæ хаст куы æрцыдаид, уый.

Президенты иннæ уынаффæгæнæг Коцты Къостайы ныхæстæм гæсгæ 1992 азы референдумы фæстиуджытæ ничи аивта, рæстæг куы æрцæуа, уæд уыдон суыдзысты — нæ бæстæйы хъысмæтскъуыддзаггæнæн къах-дзæф аразыны фадат нын куы фæуа, уæд уый бындур. Æрсидт иудзинадмæ, æхсæнады иу хъуыддаджы фæдыл æмзонддзинадмæ, зæгъгæ, ахæм уавæрты махæн нæ къухы бафтыд æнтыстытæ æмæ размæцыд.

«Мах æй æмбарæм, æрмæстдæр иумæ нæ тых у серьезон æмæ иумæ нæ къухты бафт-дзæн хорз хъуыддæгтæ аразын нæ бæстæ-йæн.

Уæрæсеимæ махæн иу туг ис, иу уырнынад уæрæсейæгты фылдæр хаимæ, иу æргъадтæ æмæ уый æнгом кæны нæ адæмты», — дзырдта Къоста.

Зæрдыл æрлæууын кодта 1992 азы референдумы фæстиуджытæ æмæ банысан кодта сæ нысаниуæг. Банысан кодта, цы референдум уагъд æрцæудзæн, уый кæй у баны-хæстæм хонæн, уый фæстиуæгæн иумиаг уынаффæ ссарын.

Постконфликтон фарстатæ бæстон кæныны фæдыл Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбарджын Джиоты Мурат куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ бæстæйы сæргълæууæг бавдыста механизм РХИ-йы архайæг Конституцимæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй. Уый руаджы юридикон закъонон бындурыл Хуссар Ирыстонæн йæ бон у бахата Уæрæсейы Федерацимæ йе скондмæ йæ айсыны фæдыл.

«Президенты инициативæ уый мидæг ис, цæмæй Конституцимæ бахæссæм ивындзинæдтæ, кæцытæ нын фадат ратдзысты æндæр бæстæмæ бахатынæн, цæмæй нæ се скондмæ райсой. Æмæ æрæджы цы сидт сарæзта бæстæйы сæргълæууæг, уым дзырд цæуы Конституцимæ бахæссын кæй хъæуы ивындзинæдтæ, уыцы фарсты фæдыл. Уый руаджы нын фадат уыдзæн æмæ нæ хæсджын кæндзæн хъæуæг рæстæг Уæрæсейы Федерацимæ бахатын.

«Адæмон парти»-йы минæвар Диакъонты Амираны хъуыдымæ гæсгæ хъæуы ауадзын референдум Президент куыд дзуры ахæм редакцийæ. Æрсидт фынджы хайадисджытæм, цæмæй иу позициийыл хæст уой.

Референдум ауадзыны хъуыдыйы фарс у зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт. Йæ хъуыдымæ гæсгæ ахæм вазыгджын фарст скъуыддзаг кæныны рæстæджы къухдариуæгады къабæзты æмразыдзинад æнæмæнг хъуыддаг у. Ныхæстæй, зæгъгæ, рахизын хъæуы хъуыддагмæ æмæ референдум ауадзыны хъуыддаг æргъæвын нæ хъæуы.

«Адæмимæ æмбæлгæйæ сæм сæвзæры ахæм фарст, зæгъгæ, референдум ауадзыны фæстæ нæ царды цы фæивдзæн. Бирæтæ сты УФ-йы сконды фарс, бирæтæ та хæдбар республикæйы цæрыны фарс», — дзырдта ныхасгæнæг.

Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ информацион фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юрийы хъуыдымæ гæсгæ референдумы хъуамæ уа иу фарст «фæнды дæ, æви нæ, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон Уæрæсейы сконды уа?».

«Махæн æндæр фадат нæй, уымæн æмæ нæ сывæллæттæн хорз фидæныл хъуамæ бакусæм. Хæдбар паддзахад аразыныл дзырд куы цæуа, уæд хынцын хъæуы уый, æмæ æддейæ цы финансон фæрæзтæ исæм, уыдонæй хæдбардзинад нæ сараздзыстæм», — банысан кодта Гæбæраты Юри.

Парламенты депутат Бесаты Зитæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Президенты инициативæ референдумы фарсты фæдыл у раст æмæ рæстæгыл. Уый фæстиуæгæн Президентæн йæ бон у демократон уавæрты бахата УФ-мæ йе скондмæ бацæуыны фæдыл.

«Ам дзырд нырма цæуы Уæрæсейы скондмæ бацæуыны механизмыл, фарст ры-вæрын дæр у нырма механизм. Уæрæсейы Федераци дæр абоны бон цæттæ нæу нæ бæстæ йе скондмæ райсыныл, ахæм хъуыды нырма ничи фехъусын кодта, фæлæ уыцы рæстæг дæр уыдзæн», — дзырдта уый.

Референдумы фарст банымадта Президенты демократон, конституцион æмæ приоритетон къахдзæфыл.

Адæмы хъуыды ноджыдæр бафæрсын кæй хъæуы, уыцы хъуыды раразмæ кодта Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл парламентон комитеты сæрдар Тасойты Димитр. Махæн ис, зæгъгæ, адæм, йæ минæвæрттæ стæм мах æмæ сæ хъуыды ахсджиаг у махæн.

Референдум ауадзыны фæдыл æхсæ-надимæ æмбарынгæнæн куыст бакæнын кæй хъæуы, ахæм хъуыдыйыл хæст уыд парти «Дзыллæтты иудзинады»-ы лидер Чилæхсаты Владимир.

Æрæвæрдта ма фарст, зæгъгæ, президентон æвзæрстыты хæдразмæ рæстæг фаг у референдум ауадзынæн æви нæ? Уæрæсейы сконды уæвын алкæйдæр фæнды, уымæ гæсгæ хъуамæ иу хъуыдыйыл хæст уæм æмæ нæ адæмы хæрзиуæгæн фарстатæ иумæ скъуыддзаг кæнæм.

Медиа-центр «Ир»-ы директор Гаглойты Иринæ дæр иу зонд, иу хъуыдымæ æрсидт бæстæйы хæрзæбон æмæ размæцыды сæраппонд. Æхсæнады хъуыды æнæ-мæнгдæр кæй хъæуы хынцын, уый фæдыл банысан кодта, информацион фæрæзты фылдæр кусын кæй хъæуы, уыцы хъуыддаг.

Тымбыл фынджы куысты ма сæ хъуыдытæ дзырдтой Президенты администрацийы ми-дæггагон политикæйы управленийы фæдыл къухдариуæггæнæг Уанеты Мурат, эксперттæ Джусойты Алан, Уазæгты Юри, Парламенты депутат Джиоты Аллæ.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.