Додот – Хуссар Ирыстоны рæсугъддæр хъæутæй сæ иу. Ам райгуырд 1917 азы Плиты Сослан, фæсномыгæй йæ Чаго хуыдтой. Лæппуйы райгуырд стыр циндзинад æрхаста бинонтæн, фæлæ уыцы циндзинад æнæнхъæлæджы æрбайсæфт. Æрбарынчын Сосланы ныййарæг фыд Писыр æмæ йæ æгъатыр мæлæт атыдта йæ бинонтæй, йæ рæзгæ хъæбултæй. Баззадысты сабитæ сæ мад Маригъойы æвджид. Фæлæ лæджымсæр сылгоймаг нæ фæтыхст, Додоты хъæуы цæргæйæ, нывæзта йæ дарддæры царды фæндтæ. Сабитæ куыд рæзтысты, афтæ сæ ныййарæджы æнцой лæууыдысты. Сæхи фæллойæ, сæхи хъаруйæ арæзтой сæ цард. Рæз хаста чысыл Сослан дæр, сæххæст ыл æртæ азы. Маригъо радис йæ кæстæрты цинæй. Фæлæ æрбалæууыдис 1920 аз æмæ гуырдзиаг меньшевиктæ æрбафсæрстой Хуссар Ирыстонмæ. Æгасæй дæр ын æртхутæг фестын кодтой йæ хъæуты. Бахæццæ сты Додоты хъæумæ дæр. Адæм сæхи аппæрстой хъæдтæм, адгуытæм. Фæлæ нæ бамбæхстысты меньшевиктæй Маригъо æмæ йæ иннæ æнахъом сабитæ дæр. Æрцахстой сæ æмæ сæ иннæ цæрджытимæ ракодтой Згъудеры уæлмæрды фалейæ тыгъд быдырмæ. Маригъо уым федта Додоты æмæ æндæр хъæуты цæрджыты дæр æхстæй. Дыууæ бон æмæ сæ дыууæ æхсæвы фæдардтой, стæй сын хæрзгæнæг фæцис æмæ сæ ссæрибар кодтой. Ссыдысты сæ хъæумæ, фæлæ йæ сыгъдæй сæййæфтой. Бадзæбæхтæ йæ кодтой æмæ сæ æрдæгсыгъд хæдзары бинонтæ дарддæр сæ царды кой кодтой. Цард та сабыргай йæ гаччы æрбадт. Рæзтис Сослан дæр. Скъоламæ цæуынхъом куы фæцис, уæд æй ахуыр кæнынмæ барвыстой Зары астæуккаг скъоламæ. Сæууон æртахау рæсугъд хъуыдытæ гуырд йæ зæрдæйы æмæ нæ горæты цы педагогон ахуыргæнæндон уыдис, уырдæм ахуыр кæнын-мæ бацыд  каст æй фæцис æмæ ахуыргæнæгæй кусын райдыдта Зары скъолайы.

Буц уыд Сослан йæ куыстæй. Фæлæ бирæ нæ ахаста уыцы рæсугъд цард Сосланæн. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Хъуыд лæджыхъæд равдисын. Мингæйттæй цыдысты сæ райгуырæн бæстæйы сæрыл тохмæ. Сослан дæр ныттыхст йæ ныййарæг мадыл, йæ мадызæнæгыл, йæ хæлæрттыл æмæ араст хæстмæ. Комкоммæ йæ арвыстой Калугæйы артиллерион ахуыргæнæн-донмæ. Уыцы рæстæджы фашисттæ бацахстой Миллерево, Попов Хутор, Митяевский æмæ Калинковойы хъæутæ. Артиллерион ахуыргæ-нæндонæй Сослан бахауд банысангонд хъæуты сæрыл тохтæм. Немыц ахæм æнæнхъæлæджы ныббырсты æнхъæл нæ уыдысты æмæ фæтыхстысты. Фыццаг тох, фыццаг уæлахиз. Сæрибар кодтой ацы хъæуты иууылдæр. Сослан цалдæр хæстонимæ ракодтой цалдæр немыцаг фрицы уацары. (Сосланы æфсымæры чызг Аврорæ абон дæр цæстыгагуыйау хъахъхъæны хæстæй æрыз-дæхгæйæ йемæ цы немыцаг картæтæ æрхаста, уыдон). Уыцы тох сын хорзæн фæцис. Сосланы къорды æфсæддонтæм æрбафтыдысты немыцæгты хæцæнгæрзтæ æмæ сæ винтовкæты баивтой автоматтæй.

Цалдæр боны фæстæ та немыцæгтæ сæ тыхтæ æрбаппæрстой цæугæдон Доны был горæт  Калакмæ. Алы бон дæр дзы цыд тугкалæн тохтæ. Не ‘фсад сæхи æрфидар кодтой, цæмæй немыцæгты исты хуызы æрурæдтаиккой æмæ цы мингай цæфтæ уыд, уыдоны Доны сæрты хидыл госпиталмæ арвыстаиккой. Баххуыс кæнын сын хъуыд техникæйæ. Фæлæ уæлдæфы зылдысты немыцаг хæдтæхджытæ. Срæмыгътой хид æмæ сæдæгай хæстонты аныхъуырдта цæугæдон. Уæдмæ бардзырд райстой командæкæнынадæй Доны былгæрон ныууадзын æмæ Калачы цæгатварс станицæ Мариновкæмæ  сæ тыхтæ æрæмбырд кæныны тыххæй. Кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ Доны сæрты иннæ фарсмæ хызт: чи фæйнæджы гæбазыл, чи бæлæгътыл, чи та йæхи хъарутæй ленк кодта, фæлæ сæ уырдæм дæр немыцаг хæдтæхджытæ уæлдæфæй æхстой. Фæцæфтæ ис Сослан дæр, ахаудтой йæ къахы æнгуылдзтæ.

Доны галиуфарс та ногæй  сытынг  тугкалæн тохтæ. Уæлдæф бацахстой знæгты хæдтæх-джытæ æмæ калдтой бомбæтæ. Фæлæ уыцы хæсты фашисттæй фылдæр фæмард. Плиты Сослан йæ къухæйхæсгæ нæмызгъалæй дæрæн кодта фашистты.

Дарддæр Сослан цы æфсæддон хайы службæ кодта, уый хайад иста Беларусийы горæт Витебск ссæрибар кæныны сæрыл тохты. Хъæбатыр хæстонæн йæ тохы фæндаг цыдис Германмæ, хæст кæцæй райдыдта, уырдæм.  Карз тохтæ цыдис Кенингсбергы горæт ссæрибар кæныныл дæр æмæ ам дæр æхсарджынæй равдыста йæхи. Иу ахæмы Сослан æмæ йе ‘мхæстонтæ æнæнхъæлæджы немыцæгты стыр къордыл бамбæлдысты æмæ сæ уацары ракодтой. Æппæт уыдæттæ æрымысгæйæ-иу Сослан йæ цæстытæ доны разылдта. Афтæ тохгæнгæ ирон хæстон Берлинмæ ныххæццæ æмæ æвдисæн ссис Рейхстагыл Уæлахизы Тырыса куыд æрсагътой, уыцы историон цауæн.

Сослан хæсты фæстæ дæр иуцасдæр рæстæг Германы адарддæр кодта йе ‘фсæддон службæ, стæй йæ 1956 азы арвыстой Ахалцихмæ æмæ суанг отставкæйы ацæуынмæ службæ кодта уым. Уыцы азты дæргъы йæ намысджын службæйы тыххæй уый ссис бирæ хорзæхты аккаг. Стæй æрбаздæхт йæ райгуырæн хъæумæ. Фæлæ дзы бирæ нæ баззад. Йæ зæрдæ æхсайдта Калугæмæ. Уым æм æнхъæлмæ кастысты йæ бинойнаг æмæ йæ дыууæ фырты. Уым цæргæйæ, кæд йæ уарзон хъæубæстæй дард уыд, уæддæр сыл  йæ зæрдæ никуы сивта. Йæ алы фыстæджы дæр цымыдис кодта йæ хъæубæстæ сæ цард куыд кодтой, уымæ.

Сослан 1990-æм азты цаутæ арф иста йæ зæрдæмæ. Йæ зæххыл хæсты арт куы ссыгъд, уæд йæ зæрдæ пиллон арт уагъта, фæлæ сын йæ бон чысыл истæмæй уæддæр баххуыс кæнын нал уыд, азтæ йыл сæ уæз æруагътой. Йæ адæмы хъысмæтыл сагъæс ын йæ зæрдæ æхсыдта. Йæ зæрдæ æхсайдта йе ‘ввахс хиуæттæм, йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ 1998 азы йæ цардæй ахицæн  додоттаг сахъгуырд хæстонтæй сæ иу – Плиты Сослан. Кæд йæ фæстаг бæллиц уыд, цæмæй йын йæ мард йæ райгуырæн хъæуы бавæрой, уæддæр уыцы фæдзæхст сæххæст кæнын нал бафтыд йе ‘ввахс хиуæтты къухты. Уымæн æмæ æдас нæ уыдысты гуырдзиаг фашисттæй, арæх-иу ахгæдтой фæндæгтæ æмæ-иу бахаудыстæм блокадæйы. Афтæмæй ныгæд æрцыд Калугæйы уæлмæрды Додотæй – Берлинмæ чи бахæццæ æмæ йæ райгуырæн зæххыл æнусон æнцойад ссарын кæй фæндыд, уыцы хъæбатыр хæстон.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.