Куыд зонæм, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны æвдæм сæвзæрст Парламентмæ æвзæрстытæ ацы аз уагъд цæудзысты мажоритарон-пропорционалон систе-мæмæ гæсгæ. Парламентмæ депутатты иу хай æвзæрст цæудзæн партион номхыгъдтæм æмæ иннæ хай та  – иумандатон зылдтæм гæсгæ.

25 апрелы изæры æхсæз сахатыл Централон æвзарæн къамис йæ куыст æрурæдта, Парламентмæ чи цæуы, уыцы политикон партитæ, иумандатон округтæй кандидаттæ æмæ хæдраразмæгонд æмбæстæгтæй документтæ исæн рæстæг кæй фæцис, уый тыххæй.

Централон æвзарæн къамисы нымæрдар Аулохты Кристинæ нын куыд радзырд-та, уымæ гæсгæ æвдæм сæвзæрст Парламентмæ депутаттæм æвзæрстыты хайад райсыны тыххæй сæ документтæ бавдыстой аст политикон партийы – «Иугонд Ирыстон», «Дзыллæйы иудзинад», «Ныхас», «Адæмон парти», «Фыдыбæстæ», «Иудзинад», «Райгуырæн бæстæ» æмæ Коммунистон парти, 81 та – хæдраразмæгонд адæймаджы.

«Централон æвзарæн къамисмæ хæдраразмæгонд адæймаг йæ документтæ куы бавдиса, уый фæстæ  йын бар лæвæрд цæуы йе ‘взарæн фонд аразыны нысанæн сæрмагонд æвзарæн хыгъд бакæнын. Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламентмæ депутаттæ æвзарыны фæдыл закъоны ирдæй фыст ис, цахæм фæрæзты руаджы арæзт цæуы æвзарæн фонд. Сæрмагонд хыгъд бакæныны фæстæ хæдраразмæгонд кандидаттæн бар ис  сæ фарс балæууыны нысанæн къухфыстытæ æмбырд кæнын», – банысан кодта Аулохты Кристинæ.

Республикон номхыгъдтæм гæсгæ, иумандатон æвза-рæн округтæй кандидатты регистаци кæныны нысанæн документтæ исын, афтæ ма хæдраразмæгонд адæймæгты регистраци кæныны фæдыл æнæмæнгхъæуæг документты пакет райсыны бар нал ис, æвзæрстыты бонæй 35 боны раздæр. Централон æвзарæн къамисы нымæрдар ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ хæдраразмæгонд адæймаджы фарс балæууыны нысанæн къухфыстытæ æмбырд хъуамæ æрцæуа, цы æвзарæн округæй раразмæгонд цæуы, уый æвзарджытæн сæ 10 проценты бæрцæй. Уыцы домæн хауы политикон партитæм дæр, кæцытæ раразмæ кодтой иумандатон æвзарæн округæй кандидаттæ.

«Централон æвзарæн къамисмæ æвзарджыты къухфыстытæ бавдисынæй 14 боны дæргъы ист цæуы уынаффæ, бæрæг кандидат кæнæ политикон парти регистраци æрцæудзæн  æви нæ. Æвзарæн къамис цы бындуртæм гæсгæ регистраци кæны бæрæг парти кæнæ иумандатоны, уыдон фыст сты РХИ-йы Парламентмæ депутаттæ æвзарыны фæдыл Конституцион закъоны», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Æвзæрстыты агъоммæ йæ тæмæны вæййы агитацийы рæстæг. Уый закъонмæ гæсгæ куыд æмæ цы уавæрты уагъд цæудзæн, уый фæдыл Æвзарæн къамисы нымæрдар афтæ радзырдта, зæгъгæ, кандидаттæн сæ бон у агитацион архайд райдайын, регистраци цы бон æрцæуой, уæдæй. Æмæ Конституцион закъонмæ гæсгæ та телеуынынады, радио æмæ мыхуыры фæрæзты руаджы агитацион архайд кæныны бар ис хъæлæс кæныны бонæй 20 боны раздæр, ома, 20 майæ фæстæмæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.