Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта чырыстæттæн Доныскъæфæны бæрæгбоны цытæн.

Хицауады сæргълæууæг йæ цардæмбал Куымæридтаты Линдæ æмæ йæ чызг Аннæимæ уыд Хуыцауы литургийы, кæцы уагъд æрцыд Цхинвалы Æртæиууон Чырыстон аргъуаны. Бæрæгбонон мадзал ауагъта фыд Серги

Æрæмбырдуæвджыты раз арфæйы ныхæстимæ ралæугæйæ, Бибылты Анатолийæн йæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад, сабырад æмæ кæрæдзиæмбарынад.

«Ацы боны ис уæлдай тых. Уадз æмæ нын æрхæссæд сабырад æмæ кæрæдзиæмбарынад. Хуыцау зæгъæд махæн не ‘ппæтæн дæр ацы æвзæр рæстæджы пандемийы уавæрты æнæниздзинад. Уадз æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æмæ æппæт чырыстæттæ арфæгонд уой!», – загъта Президент.

 

ДОНЫСКЪÆФÆНЫ БÆРÆГБОН

Знон, 19 январы нæ республикæйы сбӕрӕг кодтой Чырыстон дины сӕйраг бӕрӕгбӕттӕй иу – Доныскъӕфӕн. Ацы бæрæгбон вӕййы зӕронд Ног азӕй цыппар боны фæстæ. Адӕмы уырнынадмӕ гӕсгӕ, уыцы ӕхсӕв суӕрттӕм ӕмӕ цӕугӕдӕттӕм вӕййы диссаджы удӕгасгӕнӕн тыхы миниуджытӕ. Чырыстон дины кусджытӕ доныл фӕкӕнынц арфӕтӕ, бакувынц. Уыцы арфӕгонд донӕй раскъӕфынмӕ алчидӕр тырныдта, хаста йӕ хӕдзармӕ. Ацы бӕрӕгбонӕн йӕ ном дӕр Доныскъӕфӕн уымӕн хуыйны.

Ацы сыгъдӕг бӕрӕгбонмӕ бирӕ адӕм фенхъӕлмӕ кӕсынц. Чырыстон дин куыд амоны, афтӕмӕй тъӕнджы мӕйы 18 – 19 боны ӕхсӕвы ӕмӕ ӕгас бон цыфӕнды уазал доны дӕр дӕхи куы ныннайай, уӕддӕр нӕ фӕрынчын уыдзынӕ. Уыцы адæймæгтæ алы хатт дӕр фӕхатынц удӕнцойдзинад, цавӕрдӕр уӕларвон ӕнкъарӕнтӕ. Ацы уаз бон донаргъуыд чи райсы, уыдон сæ ныхæстæм гæсгæ, райсынц стыр удæхцондзинад дæр.

19 январы нæ горæты уыд Донаргъуыд. Бæрæгбонон бакуывд райдыдта 18-æм январы изæрæй. Донаргъуыды бæрæгбонон литурги уагъд æрцыд куыд нæ горæты Сыгъдæг Æртæиууон Чырыстон аргъуаны, афтæ Сыгъдӕг Мады-Майрӕмы аргъуаны  дæр. Саргъуыдта доныл Цхинвалы Сыгъдæг Æртæиууон Чырыстон аргъуаны сауджын Фыд Серги. Тынг зӕрдиагӕй бакуывта, бафӕдзӕхста æппæт адæмы Хуыцауыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.