Æппæт бæстæты, чырыстон диныл хæцджытæн 19 январы вæййы стыр бæрæгбон «День крещения Господня». Ирон адæммæ та – Доныскъæфæны бæрæгбон.

Ацы бæрæгбон комкоммæ баст у Чырыстийы номимæ. Уыцы бонмæ, дам, Чырысти бон уыдисны рæзтис, æхсæв та уылынг æмæ къуыримæ усгур лæппу ссис. Афтæмæй йыл райсомы хуры хъармыл донгуырæны аргъуыдтой æппæт зæдтæ, дауджытæ. Уыцы аргъуыды дон уæдæй фæстæмæ ссис йæ кувæг адæмæн æвдадзы хос æмæ йæ сыгъдæг донгæрзты фæйнæрдæм скъæфтой. Уæдæй фæстæмæ, зæгъы, уыцы бон баззад доныскъæфæнæй. Адæмы уырнынадмæ гæсгæ, уæд суадæттæ æмæ цæугæдæттæн вæййы алæмæттаг удæгасгæнæг тых, уды йæ тæригъæдтæй сыгъдæггæнæн миниуджытæ.

Доныскъæфæны кусарт ничи кодта бæрæгбоны номыл. Йæ кувинаг уыдысты уæливыхтæ æмæ къуымæл. Йæ размæ изæр бинонтæ бæстон æфснайдтой хæдзар, афоныл-иу бахордтой æхсæвæр æмæ иу рагацау схуыссыдысты. Райсомæй стадысты сæумæцъæхæй æмæ кæстæртæ  чындздзон чызджытæ, усгур лæппутæ æмæ уыдонæй кæстæртæ дæр, ног чындзытимæ цыдысты донгуырæнтæм æмæ хастой сæумæйы сыгъдæг донæй. Дон кæцæй истой, уым куывтой доны бардуаг  доны чызджытæн, куырдтой сæ хорз амæндтæ амондагур æвзонг адæймæгтæ. Хæдзармæ-иу цы дон æрбахастой, уый,  арфæтæ кæнгæйæ, пырх кодтой хæдзæртты, æхсадтой дзы сæхи, фыхтой дзы хæринаг.

Доныскъæфæнмæ-иу нывæрдтой æртхуроны дедайы æмæ фыры. Фыццаджы уæрстой чызджытæ æмæ чындзытыл, дыккаджы та  лæппутæн. Зæгъгæ,  ацы бæрæгбонмæ хæдзары ног чындз æрæййæфта, уæд æй чындздзон дарæсы кодтой æмдзуарджынтæ донмæ хъæубæсты фæсивæдимæ. Цагътой фæндырæй, зарыдысты, арфæты рæстæджы лæууыдысты донисæны раз, стæй чындз йемæ хаста дон йæ ног хæдзармæ. Йæ хаст дон ын бинонтæ, сыхбæстæ нымадтой уæлдай хæлардæрыл.

 

***

Ацы бæрæгбоны райдыдта пахуымпар Иоанны удсыгъдæггæнæн динамындæй Хуыцауы амындмæ гæсгæ. Уый куыд фехъусын кодта, афтæмæй тагъд фæзындзæнис Бæстæ Ирвæзынгæнæг, уый тыххæй, дам, хъуамæ адæм сæхи ныссыгъдæг кæной, æрфæсмон кæной сæ бакæнгæ тæригъæддзинæдтыл. Хорздзинад тауæг Иоанимæ цыдысты Иудейы цæрджытæ æмæ сæхи сыгъдæг кодтой Иорданы доны.

Чырыстийыл 30 азы куы рацыд, уæд уый дæр пехуымпар Иоанмæ æрбацыд  Иорданы донмæ. Фæлæ Иоанн базыдта ирвæзынгæнæджы, йæ сæр ныллæг æруагъта æмæ йын загъта: «Мах дæуæй сыгъдæг кæнæм нæхи».

Уæд ын Чырысти загъта, зæгъгæ, æнæмæнг алчидæр хъуамæ сæххæст кæна Хуыцауы фæндон. Æмæ Чырысти дæр Иорданы доны йæхи ныссыгъдæг кодта, сыгъдæг уд райста. Донæй куы рахызт, уæд федта Арвы дуæрттæ кæй байгом сты. Уырдыгæй бæлон тæхгæ федта æмæ бамбæрста, уый йæ Фыд кæй у. Æмæ йæм уæлæрвтæй фехъуыст йæ ныхас: «Ды мæ уарзон Фырт, ныр дæуæн ис Сыгъдæг уд».

Чырыстон дин куыд амоны, афтæмæй 18-19 январмæ æхсæвы æмæ æгас бон зæххыл цыдæриддæр дæттæ ис, уыдон иууылдæр сты сыгъдæг. Уымæ гæсгæ ацы бон æрмæст найын нæ хъæуы, фæлæ ма хъуамæ исты мигæнæны сисай дон æмæ йæ афæдзы дæргъы дарай дæ хæдзары. Иууыл цымыдисон та у уый, æмæ ацы бон цыфæнды уазал доны дæр дæхи куы ныннайай, уæддæр нæ фæрынчын уыдзынæ, хатдзынæ удæнцойдзинад. Адæм æууæндынц ацы боны дон кæй æххуыс кæны алыхуызон низтæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.