Ногбонæй æхсæз боны фæстæ ирон адæм банысан кæнынц Доныскъæфæн. Ацы бæрæгбон комкоммæ баст у Чырыстийы номимæ. Махы онг цы зонæнтæ æрхæццæ ис, уымæ гæсгæ, дам, Чырысти бон уидысн рæзти, æхсæв уылынг æмæ иу къуыримæ йæ фындзы бын кæмæн фæмилтæ ис, ахæм  лæппу ссис æмæ йыл усгур лæппуйы номæй донгуырæны аргъуыдтой райсомы хуры хъармыл зæдтæ æмæ дауджытæ. Уыцы аргъуыды дон уæдæй фæстæмæ йæ кувæг адæмæн ссис æвдадзыхос, æмæ йæ сыгъдæг донгæрзты фæйнæрдæм скъæфтой. Уæдæй фæстæмæ, зæгъгæ, баззад уыцы бон доныскъæфæнæй.

Уыцы бон Доныскъæфæны бæрæгбоны номыл нæ горæты Сыгъдæг Æртæиууон Чырыстон  аргъуаны ауагъд æрцыд бакуывд.

Бæрæгбонон аргъуыдмæ æрбацыдысты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæ цардæмбал Куымæридтаты Линда æмæ сæ чызгимæ, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр æмæ æндæртæ.

Бæрæгбонон аргъуыд уагъта фыд Серги (Кокойты).

Бæрæгбонон аргъуыды фæстæ фыд Серги æрцыдис Чысыл Леуахийы доныл арфæтæ бакæнынмæ.

Арфæты дон рахæссынмæ æмæ дзы ныннайынмæ сæ удтæ ссыгъдæг кæныны тыххæй Леуахимæ ацыдис бирæ адæм.

Се ‘хсæн уыдысты Президент Бибылты Анатоли йæ цардæмбал æмæ йæ чызгимæ.

Уый донбылмæ æрбацæуæг адæмæн Доныскъæфæны бæрæгбоны номыл зæрдæбын арфæтæ ракодта æмæ загъта, зæгъгæ, ацы бон у, уды йæ тæригъæдтæй ссыгъдæггæнæн бон. «Бирæ адæм æрбацыдис ардæм – Леуахимæ, бирæ адæм райстой хайад бæрæгбонон аргъуыды дæр, цæмæй сæхи æмæ се ‘ввахс адæмы бафæдзæхсой, сæ удтæ ссыгъдæг кæной æмæ Хуыцауæй арфæгонд уой. Ацы бон дæттæн стыр магион тых кæй ис, уымæ гæсгæ дзы дæхи ныннайыны фæстæ адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма фенцондæр вæййы йæ зæрдæйæн, фæирддæр вæййынц йæ хъуыдытæ», – загъта Президент. Æмæ адæмæн йæ цæст бауарзта æнæниздзинад, амондджын цард, фидыдад, рæсугъд бæрæгбонтæ куыд нысан кæной.

Уый фæстæ аргъуыд доны кæд иннæ æхсæвтæй уыцы æхсæв уæлдай уазалдæр уыд, уæддæр дзы сæхи ныннайын бирæты бафæндыд. Доны йæхи ныннадта Президент Бибылты Анатоли дæр æмæ ноджыдæр цæстуарзон арфæтæ ракодта адæмæн.

Тынг уазал æхсæв кæй уыд, уый развæлгъау бахынцыдта фыд Серги æмæ уырдæм æрбацæуджытæн йæ хъæппæрисæй фадат уыд хъарм цай баназын æмæ хъарм хъæрмхуыпп бахæрынæн. Уыцы æхсæвы хæринаг, дам, уæлдай хæрзаддæр æмæ тайæндæр кæй вæййы, уымæ гæсгæ дзы адæм саходыдтой зæрдиагæй.

 

ДОНАРГЪУЫД РАЙСТОЙ САБИТÆ ДÆР

Доныскъæфæн бонæн стыр нысаниуæг кæй лæвæрдтой нæ фыдæлтæ, уымæ гæсгæ-иу архайдтой уыцы бонты сæ сывæллæттыл дзуарæфтыд бакæныныл, ногчындз кæй хæдзары уыд, уыдон дæр архайдтой, уыцы бон æй донмæ акæнын.

Уыцы рæсугъд традици æрхæццæ ис махы онг дæр. Æмæ Доныскъæфæны бæрæгбоны дыккаг бон сæ сывæллæттыл æмæ йæхиуыл дзуарæфтыд кæй фæндыд, уыдон æрбацыдысты Мæскуыйаг микрорайоны Иоанн Дзуарæфтауæджы аргъуанмæ æмæ сыл уым фыд Серги дзуарæфтыд бакодта.

Цалынмæ аргъуыд нæ райдыдта, уæдмæ фыд Серги сывæллæтты ныййарджытæн радзырдта, уыцы бон цæмæн дзуарæфтыд кæнæм, уый тыххæй.

«Адæймаг цасфæнды хъæзныг ма уа, цасфæнды æхца йæм ма уа, уæддæр амондджын никуы уыдзæн, Хуыцауæй арфæгонд куынæ уа, уæд. Уымæ гæсгæ архайут уæ сывæллæтты æгъдауыл, фарны хъуыддæгтыл хъомыл кæныныл, Хуыцауы арфæйаг хъуыддæгтæм æввахс уæвыныл», – загъта йæ раныхасы фыд Серги æмæ уый фæстæ дзуарæфтыд бакодта сабитыл æмæ стыртæй кæй фæндыд, уыдоныл дæр.

Бестауты Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.