Нæ адæмон бæрæгбонтæй бирæтæ æнгом баст сты чырыстон къæлиндаримæ. Зæгъæм, Цыппурс алы аз дæр ралæууы 7-æм январы, Чырыстийы райгуырдимæ иу бон. Уыцы иугъуызондзинад хуымæтæджы афтæ нæ рауад. Цыппурс рагон ирайнаг æвзаджы нысан кодта нымæц цыппор æмæ нæ фыдæлты царды баст уыди дыууиссæдзбонон мархо дарынимæ. Куыд зонæм, афтæмæй нырыккон динылхæст адæм дæр Чырыстийы райгуырды боны размæ 28 ноябрæй 7 январы онг мархо фæдарынц.

Цыппурсы фæстæ аивгъуыдтой Бынатыхицау, Ногбог æмæ йæ фæстæ ралæууыди Доныскъæфæн.

Уæдæ цы хуызы æрвыстой ацы бæрæгбон нæ фыдæлтæ? Райсом раджы-иу хæдзары кæстæр чындз, кæнæ æвзонг чызг, кæннод æндæр фадат куынæ уыди, уæд та кæстæр лæппу дæр ацыд суадонмæ, кæнæ – цæугæдонмæ. Бинонтæй алчи дæр йемæ хаста, Ногбоны размæ-иу цы дедатæ скодтой, уыдон, стæй – цыхты къæртт, сойы хай, хоры нæмгуытæ. Алчи дæр тырныдта, цæмæй уый раздæр бахæццæ уа суадонмæ, уымæн æмæ сæ уырныдта, зæгъгæ, раздæр чи бахæццæ уа, доны бардуаг йæ хорзæх уымæн ратдзæн. Доны бардуагмæ-иу скуывтой æмæ-иу дзы баппæрстой, семæ цы æрбахастой, уыдонæй алцæмæй дæр чысыл хæйттæ. Уыцы рæстæджы дзурын не ‘мбæлди. Нæ фыдæлты уырныдта, донæн уыцы лæвæрттæ куы радтой, уæд Ног аз уыдзæн æфсæст æмæ хойрагджын. Бинонты минæвæрттæ-иу къæртатæ донæй байдзаг кодтой æмæ-иу æрбаздæхтысты хæдзармæ. Кæстæр чындз кæнæ чызг хъуамæ райхъал кодтаид хæдзаронты ахæм ныхæстæй: «Сыстут, æз уын мыдыхуызæн, сойджын дон æрбахастон». Иууылдæр-иу сыстадысты, сæхи ныхсадтой уыцы донæй, æмæ-иу сын донæрбахæссæг байуæрста лауызтæй, цыхтæй, сойæ цы баззадис, уыдон.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы дон уыди æппæты сыгъдæгдæр, ирон адæм æй нымадтой амонд-хæссæг, царддæттæг, уд æмæ буар сыгъдæггæнæг фæрæзыл. Гæнæн ис, æмæ йæ адæмон ном дæр уымæн афтæ хуыйны – Доныскъæфæн.

Зымæгон рæстæджы бæрæгбонтæй раздæры рæстæджы кæй нысан кодтой, уыдонæй иу у Нафы бон. Нырыккон ирæттæй йæ бирæтæ хъусгæ дæр никуы фæкодтой. Фæлæ уый уыди стыр бæрæгбон æмæ йæ арæзтой Ирыстоны алы комы дæр. Цалдæр номы йын баззадис: Иры Наф, Уыналы Наф, Хæрисджыны Наф, Бураты Наф, Нæхи Наф. Уыйбæрц нæмттæ æвдисæн сты, ацы бæрæгбон æнæхъæн Ирыстоны кæй уыдис зындгонд, уымæн. Нысан та цыдис Ног азы ног мæйы фæстæ фыццаг сабаты.

Зындгонд адæмтæй чидæр афтæ загъта: «Ивгъуыдыл дæ къух куы сисай, уæд дæ фидæны хурхыл бахæцдзынæ». Æмæ уый æцæгæйдæр афтæ у. Нæ фыдæлты царды бæрæгбонтæ уыдысты адæмы иудзинады фæрæзтæ. Абон дæр иумæйаг хъуамæ уой нæ бæрæгбонтæ, цæмæй нæ сомбон суа Доныскъæфæны дæттæй æхсад, цæхæркалгæ, бонджын æмæ фыдæлты фарнæй фидар.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.