Темпераментон ирон сылгоймаг фæивта адæмы хъуыды дирижер æрмæст нæлгоймæгты професси кæй у, уый фæдыл æмæ æнæхъæн дунейы дисы баппæрста йæ диссаджы курдиат æмæ дæсныдзинадæй. Йæ аивад у æнæхъæн эпохæ уæрæсейаг музыкалон культурæйы историйы.

Легендарон сылгоймаг-дирижер Дудараты Вероникæ райгуырд Бакуйы 1916 азы 5-æм декабры рагон аристократон Дудараты мыггагæй рацæугæ ирон бинонты ‘хсæн. Йæ фыд Дудараты Барис куыста азербайджайнаг нефты амалиуæгады инженерæй æмæ уый фæстæ та – Советон адæмон хæдзарады. Æртæ чызджы хъомыл кæныныл фылдæр архайдта сæ мад æмæ Вероникæйыл 5 азы куы сæххæст, уæд æй бакодта Бакуйы консерваторийы цур музыкалон скъоламæ. Амондджын цаумæ гæсгæ, уыцы азты Бакуйы ахуыргæнæгæй куыста австриаг дирижер Стефан Штрассер, кæцы йæ къласы æмбырд кодта курдиатджын сывæллæтты æмæ семæ куыста музыкæйы теорийæ. Уый ирон чызджы бирæ сусæгдзинæдтыл сахуыр кодта æмæ иууыл сæйрагдæр та у, дирижеры аивад ын кæй бауарзын кодта, уый. «Мæ бинонты ‘хсæн нæ уыд музыканттæ. Радтой мын хорз ахуырад, уыцы нымæцы мæ сахуыр кодтой фортепианойыл цæгъдын. Бакумæ оперон театр куы æрцыд, уæд-иу спектакль дæр нæ рауагътон. Æз уыдтæн сывæллон, фæлæ нæ цымыдис кодтон, сценæйыл цы  рæсугъд архайдтытæ цыдысты, уыдонмæ. Мæ цæстытæ-иу сæхгæдтон æмæ-иу афтæмæй хъуыстон музыкæмæ. Фæстæдæр федтон оркестр, уый дæр – Бакуйы. Федтон алыгъуызон инструменттæ, кæцытæ аразынц музыкæ. Уæд æз бамбæрстон,  музыкæ кæй у оркестр æмæ мæн фæнды ацы музыкæйы сæйраг уæвын», – йæ зæрдыл-иу арæх æрлæууыд  Дудараты Вероникæ-йæн.

1930 азты райдиан Дудараты бинонтæн уыд фæсæттæн рæстæг. Вероникæйы фыд репрессигонд æрцыд, æмæ цасдæр рæстæджы фæстæ та цардæй ахицæн сты йæ хистæр дыууæ хойы. 1933 азы 17-аздзыд Вероникæ йæ мадимæ Бакуйæ рацыд Ленинградмæ. Ам уый Культурæйы хæдзары сывæллæттæн амыдта фортепиано æмæ уыцы иурæстæджы ахуыр кæнынмæ бацыд Ленинграды консерваторийы цур музыкалон ахуыргæнæндоны фортепианойы хайадмæ. Фæлæ чызг фортепиано уæддæр нæ бауарзта. «Тыгъдад мын дзы нæ фаг кодта», – дзырдта уый. Æмæ уæд аскъуыддзаг кодта йæ сабибонты бæллиц сæххæст кæнын – дирижер суæвын. Нæ фæтарст уымæй дæр, æмæ уæды онг дунеон практикæйы ацы професси иунæг сылгоймаг дæр кæй нæ равзæрста. Уымæ гæсгæ Мæскуыйы консерваторийы исæн къамис дисы бахаудтой, сæ разы абитуриенткæчызджы куы федтой, уæд.

«Цæмæн дæ бафæндыд дирижерон факультетмæ бацæуын?», – бафарстой чызджы. «Уымæн æмæ æз нæ цæуын фортепианойы, æз музыкæ хъусын æрмæстдæр симфонион оркестрæй», – уæндонæй сдзуапп кодта Вероникæ. Æмæ йын исæн къамисы уæнгтæ куы загътой, Моцарты симфони чи æххæст кодта, уыцы дыууæ пианистæн дирижер скæнын, уæд сын амбициозон чызг фехъусын кодта, зæгъгæ, музыканттæн сæ бон не суыдзæн ацы уацмысы мидис равдисын æмæ уый фæстæ азарыд, йæ хъуыды-мæ гæсгæ куыд хъуамæ уыдаид, афтæ. Фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ фæхатыдысты чызджы стыр курдиат æмæ йæ райстой симфонион дирижеры факультетмæ.

Курдиатджын чызг дисы æппæрста йæ алыварс  уæвæг адæмы æмæ  ахуыры рæстæджы ссис Мæскуыйы консерваторийы цур Оперон студийы дирижер-ассистент. 1947 азы уый райста дирижеры диплом æмæ уæдæй фæстæмæ райдыдта ацы диссаджы сылгоймаджы карьерæйы цæхгæр рæзт. Уый фæстæ 13 азы уыд Мæскуыйы паддзахадон симфонион оркестры дирижер, æмæ йæ 1960 азы та снысан кодтой ацы оркестры сæйраг дирижер æмæ аивадон къухдариуæггæнæгæй. Суанг 1989 азы онг оркестримæ гастролты цыд æнæхъæн дунейы æмæ дисы æппæрста публикæйы. 1991 азы уый сорганизаци кодта æмæ бирæ азты дæргъы йæ сæргъ лæууыд Уæрæсейы Федерацийы симфонион оркестрæн. Ацы бынаты бакуыста 30 азы дæргъы. Вероникæйы фæрцы оркестр ссис фыццаг коллектив, кæцы æххæст кодта Хачатуряны, Шостаковичы, Хренниковы, Щедрины, Шнитке æмæ æндæр композиторты уацмыстæ.

Æрмæстдæр 2003 азы Дудараты Вероникæ дирижеры лæдзæг радта Павел Сорокинмæ, оркестры аивадон къухдариуæггæнæджы ном бахъахъхъæнгæйæ.

Фыццаг бакастæй афтæ зынд, цыма йæ карьерæйы рæзт йæ къухты æнцонтæй æфтыд, фæлæ уый бынтон афтæ нæ уыд. Вероникæйы бахъуыд профессионалон дискриминацийы сæрты ахизын, бирæты нæ фæндыд, дирижерæй йæ банымадтаиккой, уый. Фæлæ ирон сылгоймаг нымадта афтæ, зæгъгæ, цы дæ хъæуы æмæ дæ бон цы у, уый куы зонай, уæд æппæт ныхдуртæ дæр ницы сты. Уый не ‘фсæрмы кодта æндæр дирижерты репетицитæм цæуынæй. «Æз алы хатт дæр нымадтон, стыр дирижертыл хъæуы ахуыр кæнын. Мравинский мын дзырдта, зæгъгæ, сылгоймаг куынæ уаис, уæд дæ райстаин мæ оркестрмæ», – радзырдта-иу уый.

Дудараты Вероникæйы хицæн кодтой интеллигентондзинад, эрудици, курдиат. Уый уыд курдиатджын музыкант. Йæ корректировкæтимæ йын разы кодтой зынгæ композитортæ, уымæн æмæ æмбæрстой, алцы дæр баст кæй у, йæ профессионалондзинадимæ уацмыс куыд айхъуысдзæн, уый фæдыл. Гæнæн ис æмæ йыл уый тыххæй баууæндыдысты Советон Цæдисы хуыздæр оркестртæн дирижерæй æрлæууын æмæ нæ фæрæдыдысты. Дудараты Вероникæйы къухдариуæгадæй егъау симфонион оркестрмæ цымыдисон æрмæст хъусын нæ уыд, фæлæ ма кæсын дæр, куыд ыл къухдариуæгад кæны, уымæ. Афтæ-иу каст, цыма йæ къухты цы дирижеры лæдзæг уыд, уый кæлæны лæдзæг у.

Хуыдтой йæ «бисты» ус-паддзах. 1986 азы Испанмæ йæ гастролты рæстæджы Мадриды Къаролы театры оркестрæн уыд ахæм æнтыст, æмæ Равелы «Болеро»-йы рæстæджы публикæ æнæхъæнæй «бис» хъæр кодта. Горæт Мурсияйы та хъусджыты куырдиатмæ гæсгæ Свиридовы вальс сфæлхатт кодтой цалдæр хатты æмæ концерты кæрон публикæ сыстад æмæ цæуын райдыдтой вальсы ритмы. 1933 азы Андоррайы ралæуды рæстæджы Дудараты чызг афтæ тынг аныгъуылд музыкæйы уæлтæмæнты, æмæ ахаудта дирижеры пультæй. Астæрдыл хуысгæйæ, йæ рахис къухыл æнцой кæнгæйæ, æмæ мидбылхудтимæ дарддæр дæр галиу къухæй дирижер кодта æмæ оркестр не ‘рлæууыд пьесæйы кæронмæ. Сценæмæкæсджытæ фырдисæй сыстадысты æмæ тыхджын æмдзæгъд кодтой!

Фæлæ кæд дирижеры професси нæлгоймæгты архайд хонынц, уæддæр уый баззад уæз-дан сылгоймагæй. Дудараты чызг дирижеры пульты раз лæууыд 70 азæй фылдæр. Музыкæ ныффыста 50 фильмæн, куыд, зæгъæм, «Сорок первый», «Идиот», «6 июля», «Нахалеонок», «Журавушка», «Ход конем», «Огненные версты» æмæ æндæртæн. Хорзæхджын æрцыд бирæнымæц хорзæхтæй. Уыд Советон Цæдисы, Уæрæсейы Федераци, Цæгат Ирыстон æмæ Удмуртийы адæмон артисткæ, УФ-йы аивæдты сгуыхт архайæг, Уæрæсейы Паддзахадон премийы лауреат, хорзæхджын уыд Октябры революцийы, «Кады нысан»-ы, «Фыдыбæстæйы раз лæггæдты тых-хæй 3 æмæ 2-аг къæпхæнты ор-дентæй, «Во славу Осетии»-йы майданæй æмæ бирæ æндæр хорзæхтæй. Йæ къухты бафтыд дунеон кады бæрзæндтæм схизын æмæ 20-æм æнусы дæс хуыздæр дирижеры номхыгъдмæ бацæуын. Дудараты Вероникæйы ном хаст æрцыд Гиннессы Рекордты чиныгмæ, куыд дунейы иунæг сылгоймаг-дирижер, афтæ, кæцы сценæтыл лæууыд æрдæг æнусæй фылдæр. Ноджы ма йæ номыл «Ника Дударова» схуыдтой Хуры системæйы чысыл планетæтæй сæ иуы. Дудараты чызг уыд Буэнос-Айрес æмæ Дзæуджыхъæуы кадджын æмбæстаг.

Дудараты Вероникæ йæ 100 азы юбилеймæ нæ фæцард авд азы. Уый цардæй ахицæн 2009 азы 15 январы æмæ  ныгæд æр-цыд Мæскуыйы Троекуровы уæл-мæрды. 2012 азы йæ уæлмæрды æвæрд æрцыд цырт (скульптор Цхуырбаты О.).

Ныр та Дзæуджыхъæуы уынгтæй  иуæн лæвæрд æрцæудзæн легендарон сылгоймаджы ном. Ныридæгæн РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло уый тыххæй бахæс кодта бынæттон хæдразамынды администрацийæн. «105 азы размæ райгуырд ирон адæмы зынгæ чызг, Уæрæсейы фыццаг сылгоймаг-дирижер Дудараты Вероникæ. Йæ ном лæвæрд æрцыд Хуры системæйы чысыл планетæтæй иуæн. Йæ ном хаст æрцыд Гиннессы Рекордты чиныгмæ. Уый уыд егъаудæр оркестрты дирижер, йæ темперамент æмæ куыстхъомдзинады тыххæй цæуынц легендæтæ», – ныфыста Сергей Меняйло. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Цæгат Ирыстоны столицæйы уынгтæй йæ номыл уынг схоныны фæндон уый размæ рахастæуыд. «Æхсызгонæй хæцын ацы хорз идеяйы æвварс. Уый  нæ бон у саразын, цæмæй  сæнусон кæнæм нæ зынгæ æмфыдыбæстæйоны тыххæй мысынад», – банысан кодта Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг.

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.