Ахуыргæнæг, хъомылгæнæг… Ацы дзырдты аккаг суæвын алкæмæн йæ бон нæу, стæй алкæмæ уыцы курдиат нæ разыны, уымæн æмæ адæймагыл стыр бæрндзинад æвæрынц. Фæлæ нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Уалыты Розæйæн ахуыргæнæджы дæсныйад, зæгъæн ис, йæ туджы уыд, мады гуыбынæй йæ рахаста. Йæ ныййарджытæ, стæй йæ мады æфсымæртæ дæр уыдысты ахуыргæнджытæ. Диссаг уый уыд, æмæ йæ чындздзон кармæ куы бацыд, уæд æй йæ амонд дæр æркодта ахуыргæнджыты бинонты ‘хсæнмæ – йæ цардæмбал Санахъоты Къостайы ныййарджытæ дæр уыдысты ахуыргæнджытæ.

Уæдæ æмбæрстгонд у, цæмæн равзæрста Розæ ахуыргæнæджы бæрнон æмæ ахсджиаг дæсныйад, уый.

1973 азы Хуссар Ирыстоны педагогон институты историон-филологон факультет æнтысгæйæ куы бакаст, уæд æй кусынмæ арвыстой Дзауы астæуккаг скъоламæ. Райдыдта кусын уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Ныр йæ разы байгом сты рæзгæ фæлтæры ахуыр æмæ хъомыл кæныны æгæрон фадæттæ æмæ алцы дæр баст уыд йæхиуыл – куыд сæ пайда кæна, цахæм хъæппæрис æмæ арæхстдзинад равдиса, уымæй кæнгæ уыдзæн алцы дæр.

Нæ царды ахуыргæнæджы дæсныйады ахсджиагдзинад хорз æмбаргæйæ, Розæ Сергейы чызг йæ куысты фыццаг бонтæй фæстæмæ йæхиуыл банкъардта стыр бæрндзинад, фыццаджыдæр, рæзгæ фæлтæры раз. Уыдонæн сæ фидæн цахæм уыдзæн, уый бирæбæрцæй ахуыргæнæгыл баст у. Æмæ Розæ дæр архайдта, цæмæй канд æмбæлон зонындзинæдтæ ма исой, фæлæ райсой аккаг хъомылад дæр, суой  сæ бæстæ æмæ адæмæн аккаг æмбæстæгтæ, активон  цардаразджытæ. Йæ куыстмæ кæддæриддæр дардта сфæлдыстадон ахаст, уыдис сфæлдыстадон агурæнты æмæ-иу ногæй хорзæй цы фæзынд йæ куысты фæдыл, уый ныббиноныг кæныныл архайдта. Уыимæ ма йæхæдæг дæр æрцыдис ахæм хатдзæгмæ, æмæ хистæр кълæсты литературæйæ хицæн темæты амонын кæй хъæуы лекциты хуызы æмæ уыцы хъуыды та æркодта ахуыры лекцион формæ практикæйы ныббиноныг кæнынмæ.

Дзауы астæуккаг скъолайы Розæ бакуыста 1979 азмæ æмæ уæдæй абоны бонмæ та йæ педагогон архайд кæны нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы.

Уалыты Розæ æнтысгæйæ пайда кæны ахуыры методикæйы ногдзинæдтæй, ныфсджынæй скъуыддзаг кæны ахуыры процессы ахуырадон æмæ хъомыладон хæстæ. Ис ын йæхи бæлвырд фæтк ахуыргæнинæгты ахуыр, хъомыл кæнын æмæ рæзты фæдыл. Алы ахуыргæнинаджы дæр уый уыны гоймаг йе ‘взыгъддзинæдтæ æмæ цухдзинæдтимæ æмæ архайы семæ индивидуалонæй кусыныл. Йæ уроктæм хъусгæйæ, адæймаг æнæ ахъуыдыгæнгæ нæ фæуыдзæн, ахуыргæнинæгтæн сæ бон куыд бирæ у, сæ ахуыр-гæнæджы куы уарзой æмæ сæ уый та хиуыл кусыныл куы ахуыр кæна, уæд. Уымæн вæййынц йæ гом уроктæ Розæйæн фенддаг æмæ дзы æндæр ахуыргæнджытæ хорзæй бирæ цыдæртæ уымæн райсынц.

Уалыты чызджы адæймагон хорз миниуджытæй ма иу у, райдайæг ахуыргæнджытæн дæр рæдауæй кæй амоны йæ фæлтæрддзинад. Уый æдзух кусы йæхиуыл, цæмæй йæм абон цы зонындзинæдтæ ис, уыдон ын сом уой фылдæр. Йæ зонындзинæдтæ фылдæр кæныны тыххæй арæх вæййы курсыты республикæйæн æдтейæ дæр.

Уалыты Розæ 1979 азæй 2010 азмæ уыдис уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыр-гæнджыты методикон баиугæндты сæрдар. Бирæ азты дæргъы йæ зонындзинæдтæ амыдта æвзонг специалисттæн, кодта сын методикон æххуыс.

Розæйы  ахуыргæнинæгтæ кæддæриддæр активон хайад райсынц республикон олим-пиадæты,  свæййынц дипломты æмæ призон бынæтты аккаг.

Скъола æмæ бинонтæн сæ куыст хъомыладон фарстыты иумиаг кæй хъуамæ уой, уый хорз æмбары Розæ æмæ йын бастдзинад ис сывæллæтты ныййарджытимæ. Уый кæд уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг у, уæддæр урокæн æддейæ йæ ахуыргæнинæгтæн амоны ирон æгъдæуттæ, цайдагъ сæ кæны нæ фыдæлты фарн æмæ æгъдæуттыл, амоны сын ирон бæрæгбонты нысаниуæг.

Розæ стыр куыст кæны ахуыргæнинæгты идейон-хæрзæгъдауон æмæ æфсæддон-патриотикон хъомылады фæдыл. Йæ ахуыргæнинæгтæй бирæтæ иттæг хорз нысæнттыл каст фесты астæуккаг скъола æмæ сæ абон дæр сæрыстыр у скъолайы педколлектив. Куыстуарзаг кæй у, æнтыстытæ йын кæй ис, уый тыххæй йын хорз кад ис ахуыргæнинæгты, педколлективы æмæ ныййарджыты ‘хсæн.

40 азæй фылдæры дæргъы йæ æвæллайгæ куысты тыххæй Розæйæн лæвæрд æрцыдис «РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæджы», «Адæмон ахуырады иттæг хорз кусæджы», «Азы хуыздæр ахуыргæнæг-2006», «РХИ-йы адæмон ахуыргæнæджы»-ы кадджын нæмттæ. Хорзæхджын у «Кады орден»-æй æмæ бирæ майдантæ, афтæ ма алыгъуызон грамотæтæй.

Уалыты Розæ æнæрынцой зæрдæйы хицау у. Ахуыргæнæджы зын куысты æмрæнхъ кæны æхсæнадон-политикон куыст дæр. Уыд нæ республикæйы фыццаг æрсидты Пар-ламенты депутат, республикæйæн бындур чи æвæрдта, уыдонæй сæ иу. Ацы æрсидты депутаттæ райстой сæхимæ Республикæ расидыны æмæ нæ паддзахаддзинадæн бындур æрæвæрыны бæрндзинад. Дарддæр цы æхсæнадон-политикон æмæ уыдонимæ цы трагикон цаутæ цыдысты, уыдонæй дæр иуварс нæ лæууыд Розæ. Иста сæ активон хайад æмæ уый махæй алчи дæр уыдта. Йæ адæмы хъизæмæрттæ æввахс йæ зæрдæмæ айсгæйæ, уый организаци кодта протесты акцитæ, раныхас-иу кодта митингты, сидтис конфликт сабырадон æгъдауæй аскъуыддзаг кæнынмæ.

Гуырдзыйы агрессийы уæззау азты нæ цард æрцыдис гæвзыкк уавæрмæ, фæлæ уæддæр Розæ йæ ныфс нæ саста æмæ ныфс уагъта æндæрты дæр.  Уырнын сын кодта, нæ фидæн рæсугъд æмæ амондджын кæй уыдзæн, уый.

Парламенты бæрзонд трибунæйæ æмæ алыгъуызон митингты, æмбырдты ныхас кæнгæйæ, Розæ сидтис знаджы ныхмæ адæмы æнгомдзинадмæ, фидар фæлæууынмæ, паддзахаддзинад сфидар кæнынмæ, Уæрæсеимæ ахастытæ рæзын, арфдæр кæнынмæ. Уый никуы дызæрдыг кодта æмæ кæны адæмы равзæрст фæндаджы рæст-дзинадыл æмæ уыцы рæстдзинад бæлвырд кодта, чи йыл дызæрдыг кодта, уыдонæн.

«Мах æрвылбон дæр куынæ тох кодтаиккам, уæд нæ паддзахаддзинады банымайын ын къухты нæ бафтыдаид. Æмæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, Райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн чи тох æмæ фæллой кодтой, уыдон сты æцæг хъайтартæ», – зæгъы Уалыты чызг.

Уый хъайтартыл нымайы, уыцы уæззау азты ам цæргæйæ чи баззадысты, хæстон уавæрты æппæт хъизæмæрттæ чи æвзæрстой, æппæт уыдоны дæр.

Ныр сабыр дуг у. Республикæйы æндидзынады, рæзын кæныны фæндагыл лæуд стæм. Ныр æндæр хæстæ лæууы нæ разы. Кусын, аразын хъæуы афтæ, цæмæй ахæм дуг фæлхатт мауал æрцæуа, архайын хъæуы, цæмæй нæ адæмæн æмбæлон царды уавæртæ арæзт цæуа, цы проблемæтæ лæууы сæ разы, уыдон скъуыддзаг цæуой. Æмæ куыд Парламенты ныры депутат, афтæ Уалыты Розæ йæ бавæрд хæссы хъæуæг закъæттæ исыны хъуыддагмæ. Уымæй дарддæр ма арæх фембæлы æвзарджытимæ, байхъусы, цы фарстатæ сæ тынгдæр æндавынц, уыдонмæ æмæ бацархайы, цæмæй сæ аскъуыддзаг кæныны фæдыл ист æрцæуой мадзæлттæ.

Арфæйаг у йæ цардвæндаг Уалыты чызгæн. Æмæ йын арфæ кæнæм 8-æм марты – Сылгоймæгты дунеон боны цытæн дæр. Уадз, дæ рухс фæндтæ, бæллицтæ рæзгæ фæлтæры, Ирыстоны хæрзиуæгæн кæддæриддæр æххæст кæнæнт. Дæхи хъæбулты æмæ уыдоны хъæбулты цинæй та æфсæст у кæддæриддæр.

   Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.