ФÆУÆЛАХИЗ… ФРАНЦЫ ЦÆРÆГ

 

Дзæуджыхъæуы фæцис IV дунеон конкурс-фестиваль «Ирон бæгæны – 2017». Ацы аз йæ хайадисджытæ уыдысты 300 бæрц куыд Цæгат Ирыстон, Хуссар Ирыстон, Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр регионтæй,  афтæ ма Турк æмæ Францæй дæр.

Конкурсы æвзарæн этап райдыдта августы райдианы æмæ ныр та сæрмагонд хъусдард аздæхтæуыд йæ финалмæ, кæцы уагъд æрцыд 3 октябры Тæбæхсауты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры фæзуаты. Фыццаг бынат бацахсыныл тох кодтой 16 хайадисæджы.

Мадзалы фæлгæтты театры холлы организаци æрцыд адæмон  æрмгуыстгæнджыты куыстыты равдыст. Бынæттон дæснытæ адæмы размæ рахастой национ уæлæдарæс, аксессуартæ, сувениртæ, цардуагон мигæнæтæ, кæцыты сарæзтой къухæй.

Фестивалмæ æрбацыд республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Уый раарфæ кодта конкурсанттæн, бæрæгбонмæ æрбацæуæг уазджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ахæм мадзæлттæ егъау бавæрд хæссынц нæ хæдхуыз культурæ бахъахъхъæнынмæ.

«Райдианы, конкурс фыццаг хатт куы цыдис, уæд бирæтæ не ‘ууæндыдысты ахæм популярон суыдзæнис, ууыл, афтæ ма йæ географи дæр ныр куыд у, афтæ рауæрæх уыдзæн, ууыл дæр. Абон мах уынæм бæрæгбон кæй рауад æмæ дзы Уæрæсейы горæттæй, æндæр бæстæтæй фылдæр минæвæрттæ кæй ис. Алы ироны царды дæр национ бæгæныйæн ис ахсджиаг нысаниуæг. Бæгæныйы дзаггарзимæ мах скувæм Хуыцауæн. Мах нæ хъæуы рох кæнын куыд бæгæны фыцыны культурæ, афтæ йæ рецептурæйы дæр, уымæ гæсгæ æз бузныг зæгъын алкæмæн дæр ахæм цымыдисдзинад æм кæй равдыстат, уый тыххæй, уæлдайдæр та нæм фæсарæнтæй чи æрцыдысты, уыдонæн», – загъта Битарты Вячеслав.

Финалы хайад райстой нæлгоймæгтæ дæр. Иууыл æрыгондæр конкурсант уыдис 20 аздзыд Дулайты Таймураз. Ныр цыппæрæм аз уый йæ фых бæгæны рахаста жюрийы размæ, фæлæ йын æрмæстдæр ныр бантыст финалмæ рахизын.

Конкурсы уавæртæм гæсгæ йæ хайадисджытæн æрмæст сæ бæгæныйы гъæд нæ бæрæг кодтой, фæлæ хъуамæ æрæвæрдтаиккой бæрæгбонон фынг дæр национ хæринæгтимæ. Тæрхонгæнджытæ фæдих сты дыууæ къордыл. Иутæ дегустаци кодтой нуазинæгты, иннæтæ та аргъ кодтой кулинарон эксперименттæн æмæ сервировкæйæн.

Цалынмæ жюри йæ тæрхон хаста, уæдмæ театры сценæйыл сæ хуыздæр номыртæ æххæст кодтой республикæйы вокалон æмæ хореографион коллективтæ.

Конкурсы сæйраг хай ссис фæуæлахизуæвджыты æмæ призерты схорзæхджын кæнын. Фестивалы брон-зæйон призертæ систы Хадыхъаты Симæ (Кировы районы), Битарты Фатимæ (Дыгуры район) æмæ Албегаты Кристинæ (Горæтгæрон район). Дыккаг бынат адих кодтой Алагиры æмæ Æрыдоны районты минæвæрттæ Туаты Земфирæ æмæ Тебиаты Дзирæт.

Конкурсы уæлахиздзау та ссис Францы минæвар Кцойты Зариффæ. Уый у джазон зарæггæнæг, Дæллаг Фиагдонæй рацæугæ. Ныр 20 азы дæргъы цæры Парижы, фæлæ арæх æрцæуы Ирыстонмæ йæ хиуæттæм.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм дунеон фестивал «Ирон бæгæны» Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт ауагъд кæй æрцыд 7 азы размæ. Йæ инициатор уыдис компани «Бавария». Йе ‘вварс æхсызгонæй рахæцыд Цæгат Ирыстоны Культурæйы министрад. Уый фæстæ ацы конкурс зынгæ рауæрæх кодта йæ географи. Æрвылаз дæр дзы хайад райсынц сæдæгай сылгоймæгтæ æмæ фæтох кæнынц йæ бæгæны сæ кæмæн хуыздæр у, ууыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.