Цхинвалы  фыццаг хатт уагъд æрцыд РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады призтæ рамбулыны сæраппонд барадхъахъхъæнæг органты кусджыты ‘хсæн дунеон турнир æмбуар хæстæй. Ерыстæ уагъд цыдысты спортивон комплекс «Олимп»-ы. Сæ тыхтæ дзы фæлвæрдтой 60 спортсменæй фылдæр. Турниры призтыл тох кодтой Узбекистан, Азербайджан, Донецкы Адæмон Республикæ, Приднестроваг-Молдаваг Республикæ, Луганскы Адæмон Республикæ, Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ.

«Куы нæ фæхуыдтой, уæд фидарæй загътам кæй хъуамæ æрцæуæм ерыстæм, уый. Нæ командæ уый тыххæй рацыд 3-къуырион цæттæгæнæн сбортæ. Райстой нæ тынг дзæбæх. Йæхимæ нæ райста Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар æмæ нæ схорзæхджын кодта майдантæй», – загъта Донецкы Адæмон Республикæйы спортивон делегацийы сæргълæууæг Юрий Сиконенко.

Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы банысанчындæуыд, зæгъгæ, та Президенты фондæй радон хатт стыр æххуыс кæй æрцыд ерыстæ ауадзынæн. Парад ракодта æмæ уæлдæр командæгæнæгæн сдоклад кодта Уацамонгæйы ордены кавалер Бежанты Алан.

Спортивон бæрæгбоны цытæн æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта Президент Тыбылты Леонид.

«Ныфс мæ ис æмæ уын турнир уæ зæрдæты кæй ныууаддзæн хорз тæлмæнтæ æмæ та иннæ аз дæр кæй æрцæудзыстут. Фæстаг рæстæджы республикæйы уагъд цæуынц æндæр æмæ æндæр дунеон ерыстæ æмæ алыгъуызон фестивалтæ. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ УФ-йы æххуысæй Хуссар Ирыстон кæй рахызт бæрзонд æмвæзадмæ», – банысан кодта Президент Тыбылты Леонид.  Паддзахады сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ турнир хъуамæ суа традицион.

Ерысты хайадисджытæн ма бузныг загъта РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр, инæлар-майор Лæууойты Æхсар.

«Ахæм æмвæзадыл турнир нæм уагъд кæй цæуы, уый у ууыл дзурæг æмæ нæ республикæйы спорт кæй æндидзы æмæ размæ кæй цæуы. Фæнды мæ, цæмæй турнир ноджы тынгдæр схæлар кæна нæ паддзахадты», – загъта Лæууойты Æхсар.

Уый фæстæ айхъуыстысты Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон гимны зæлтæ. Паддзахадон тырыса хæрдмæ сисыны бар лæвæрд æрцыд æмбуар хæстæй дунейы чемпионаты æвзист призер Бесаты Русланæн. Уый фæстæ турнир официалонæй нымад æрцыд гомыл.

Музыкалон хайы та сæ архайдæй æрæмбырдуæвджыты зæрдæтæ барухс кодтой паддзахадон ансамбль «Симд» æмæ ансамбль «Амонд»-ы кафджытæ.

Уый фæстæ райдыдтой тохтæ. Ерыстæ уагъд цыдысты дыууæ боны дæргъы. Уыдон стыр цымыдисдзинад сывзæрын кодтой æрæмбырдуæвджытæм. Зал дыууæ боны дæргъы  дæр йемыдзаг уыд спортуарзджытæй. Æмæ сæ спортсментæ дæр фыдæнхъæл нæ фæкодтой. Равдыстой хорз цæттæдзинад æмæ уæлахизмæ тырнындзинад.

Ерысты сæйраг тæрхонгæнæг Игорь Воротынцевы ныхæстæм гæсгæ, турнир ацыд бæрзонд æмвæзадыл.

«Æз арæх вæййын дунейы æндæр æмæ æндæр бæстæты уагъдцæуæг ерысты æмæ мын фадат ис абоны ерысты æндæртимæ абарон. Куыд федтон, афтæмæй йæ хайадисджытæ дæр сæ арæхстдзинад равдыстой бæрзонд æмвæзадыл. Стæй тæрхонгæнджыты ‘хсæн фондз дунеон категорийы тæрхонгæнæджы кæй уыд, уый дæр бирæйыл дзурæг у. Тохты фæстиуджытæ дызæрдыгдзинад никæмæ сывзæрын кодтой æмæ тæрхонгæджытимæ ничи быцæу кодта. Стæй спортуарзджытæ алкæцы спортсменмæ дæр равдыстой хъарм ахаст», – банысан кодта Игорь Воротынцев.

Спортсментæ архайдтой 9 уæзы категорийы. Уæлахиздзаутæ систы: Кокойты Ирбег (55 кг, РХИ), Олег Борисов (60 кг, УФ), Роман Камидуллаев (65 кг, УФ), Муртазали Абдуралимов (70 кг, УФ), Багатыр Казанатов (75 кг, УФ), Нурмухамед Бесланеев (80 кг, УФ), Хуыгаты Марат (РХИ), Гасан Умалатов (90 кг, УФ) æмæ Владислав Самонов (+90 кг, УФ).

«Ерыстæ куыд фенын кодтой, афтæмæй Хуссар Ирыстоны ис ахæм спортсментæ, кæцытæн сæ бон у æмбуар хæстæй дунейы чемпионатты майдантыл тох кæнын», – банысан кодта Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы тренер Валерий Сейнов.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ се ‘ппæт дæр хорзæхджын æрцыдысты майдантæй, Кады грамотæтæй, кубоктæй, зæрдылдарæн лæвæрттæй, уыцы нымæцы ирон нымæт худтæ æмæ æхцайы премитæй. Афтæ ма алы уæлахиздзауы номыл дæр айхъуыстысты сæ паддзахадты гимнтæ.

Турнир цыд куыд хисæрмагонд хыгъды, афтæ командон хыгъды дæр. Ам иууыл фылдæр балтæ æрæмбырд кодта Уæрæсейы Федерацийы командæ, дыккаг ссис Хуссар Ирыстоны командæ æмæ æртыккаг бынат та бацахста Донецкы Адæмон Республикæйы командæ. Уыдоны сæрмагонд призтæй схорзæхджын кодта Мидхъуыддæгты министр, инæлар-майор Лæууойты Æхсар.

Уый ма уæлахизмæ тырнындзинады призæй схорзæхджын кодта Хаситы Зелимы, Хуыздæр техникæйы тыххæй приз та лæвæрд æрцыд Нурмухамед Бесланеевæн.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.