Стыр спортивон бæрæгбон та уыд Цхинвалы Алина Кабаевы спортивон комплекс «Олимп»-ы. Уым уагъд æрцыд Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджыты цытæн дунеон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Хайад дзы райстой 164 богалы. Хуссар Ирыстоны æвзонг богалтæй дарддæр ма ерысты призтыл тох кодтой РЦИ-Аланийы, Кæсæг-Балхъары æмæ Абхазы минæвæрттæ. Уыдон дих уыдысты дыууæ кары къордыл. Хистæр кары къорды архайдтой 2001-2002 азты гуырд хъæбысæйхæцджытæ æмæ кæстæр кары къорды та — 2003-æм азæй фæстæмæ гуырд богалтæ.

Ерыстæ уагъд æрцыдысты дунеон стандарттæм гæсгæ. Сæйраджыдæр банысан кæнын хъæуы уый, æмæ алы гауызы дæр цы архайд цыд, уыдон Паддзахадон телекомпани «Ир»-ы кусджыты фæрцы ист кæй цыдысты камерæтæй æмæ бахъуыды рæстæджы тохты фæлхаттытæ æвдыст цыдысты стыр экраныл, кæцы æвæрд ис спортивон комплексы стыр залы. Ахæм уавæртæ фенгæйæ, дисы бахаудысты уазджытæ, кæцытæй бирæтæ куыд банысан кодтой, афтæмæй ахæм спортивон зал уыдон стæм хатт фенынц Уæрæсейы стыр горæтты дæр.

Банысан кæнын хъæуы, æмæ ацы ерыстæ ныр уагъд кæй æрцыдысты дыккаг хатт. Радон хатт та сæ организатортæ уыдысты Цхинвалы «Цæрæн массив»-ы цæрæг фæсивæды инициативон къорд. Сæйраджыдæр турниры официалонæй байгом кæныны церемонийы бузныг загъдæуыд Зассеты Аланæн.
Турниры хайадисджытæн æмæ спортуарзджытæн раарфæ кодта Президент Тыбылты Леонид: «Ерысты зынаргъ хайадисджытæ, арфæ уын кæнын уе ’ппæтæн дæр, мæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстытæ. Уæ зæрдыл дарут, сæйраг рамбулын кæй нæу, фæлæ ерысты хайад исын. Мæн уырны, абоны ерысты хайадисджыты ’хсæн кæй ис фидæны стыр спортсментæ, кæцытæ Ирыстоны кад хъахъхъæндзысты дунеон алыгъуызон ерысты». Президент ма радзырдта Уæрæсемæ йæ балцы тыххæй, цыран бæрзонд æмвæзадыл фембæлд Владимир Путинимæ, «Газпром»-ы Правленийы сæрдар Алексей Миллеримæ æмæ инвестортимæ. Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы ма раныхас кодта РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдар Зассеты Сергей.

Турнирмæ цы кадджын уазджытæ æрбацыдысты, уыдоны ’хсæн ма уыдысты РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, йæ хæдивæг Пухаты Эрик, уæгъдибар хъæбысхæстæй РЦИ-Аланийы æвзæнгты æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер, УФ-йы сгуыхт тренер Рубайты Игорь, дунейы Кубокы уæлахиздзау Гаглойты Сослан æмæ фæсивæды ’хсæн дунейы чемпион Лалыты Вадим, Уацамонгæйы ордены кавалер Плиты Гамлет.

Ерысты организатортæ стыр бузныг загътой Президент Тыбылты Леонидæн, турнир ауадзынæн сын стыр æххуыс кæй бакодта, уый тыххæй. Бузныг ма загъдæуыд Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли æмæ Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсарæн.

Афтæ ма сын спонсорон æххуыс бакодтой компани «Мегафон-Южная Осетия»-йы генералон директор Олег Савчук, Бæгъиаты суаруадзæн заводы директор Тедеты Роланд, арæзтады æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард, Паддзахадон унитарон куыстуæттæ «Дорэкспострой», «Водоканал» æмæ «Энергоресурс»-ы директортæ Лалыты Мурат, Зассеты Сергей æмæ Гæбæраты Алан, хæрзаудæн фонд «Фæранк», дзулфыцæн комбинаты директор Цхуырбаты Вадим, Цоциты Инал, Багаты Хъазбег, Хетæгкаты Нугзар, Джуссойты Константин, Коцты Олег, Айгуф Биджев, Хуыбиаты Альберт, Бахъаты Гоча æмæ Козаты Димитр. Сæрмагондæй бузныджы ныхæстæ загъ-дæуыд телерадиокомпани «Ир»-ы директор Зæгъойты Радмилæйæн.

Ерыстæм æрбацæуæг адæм иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардтой Хуссар Ирыстоны хъайтар, боксæй Советон Гуырдзыстоны 13 хатты чемпион Кокойты Дзамболаты рухс ном, кæцы фæмард трагикон æгъдауæй.
Айхъуыстысты РХИ-йы æмæ УФ-йы паддзахадон гимнтæ æмæ турнир нымад æрцыд гомыл.

Ерысты официалонæй байгом кæныны церемони адарддæр чысыл концертæй. Зарæг «Мæ Ирыстон» сæххæст кодта Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист, ирон эстрадæйы легендæ Харебаты Тимур. Æрæмбырдуæвджыты зæрдæтæ сæ арæхстдзинадæй барухс кодтой ансамбль «Маленький джигит»-ы кафджытæ. Ансамблы аивадон къухдариуæггæнæг у Абайты Таймураз. Йæ бæрзонд æмвæзад та равдыста кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд», кæцы сæххæст кодта дыууæ кафты: «Плавный» æмæ «Горский».

Уый фæстæ адарддæр сты ерыстæ. Сæ уæлахиздзаутæ систы: Зæнджиаты Иссæ (РЦИ-Алани), Контомир Шигулогов (Кæсæг-Балхъар), Мурат Кодзоков (Кæсæг-Балхъар), Багаты Руслан (РЦИ-Алани), Леон Аргун (Абхаз), Ислам Кильчугов (Кæсæг-Балхъар), Георгий Пицхелаури (РЦИ-Алани), Къелеты Александр (РХИ), Къæболты Таймураз (РЦИ-Алани), Гобозты Хетæг (РЦИ-Алани), Гæджиты Гæмæт (РЦИ-Алани), Хъарданты Магомед (РЦИ-Алани), Денис Кваранция (Абхаз), Зассеты Азæмæт (РХИ), Бестауты Андрей (РХИ) æмæ Плиты Давид (РЦИ-Алани).

Турниры уæлахиздзаутæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ, майдантæ, Кады грамотæтæ æмæ æхцайы премитæй.

Лæвæрд ма æрцыдысты сæрмагонд призтæ дæр. Хуыздæр техникæйы приз лæвæрд æрцыд Зæнджиаты Иссæйæн, уæлахизмæ тырнындзинады приз райста Бестауты Андрей æмæ спортуарзджыты уарзондæр хъæбысæйхæцæгыл та нымад æрцыд Келиты Азæмæт. Приз ма райста турниры хуыздæр тæрхонгæнæг, г. Алагиры минæвар Плиты Алан.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.