(Æгомыг монолог)

Мæ миднымæры хъуамæ дзурон демæ, æндæр хуыздæр амал дзы нал ис.

Фæстаг мæйтæ ды Дзæуджыхъæуы арвыстай, хос кæнынмæ ацыдтæ. «Радзæбæхи, тагъд рацæудзæн», – куы мын загътой, уымæй иу къуырийы фæстæ та ‘рыхъуыст: – «Дысон Нафи амарди…»

Ирыстоны, мæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм ничи разындзæн, дæ мæлæт хъыг кæмæн нæ уыдаид. Фæлæ сæхицæн ныфсы хуызы загътаиккой: «Дзæнæты бадæд, йæ фаг фæцарди».

Цардæй фаг та кæм фендæуыд. Зæрондæй тынгдæр æмæ хуыздæр æмбары адæймаг цардæн йæ аргъ æмæ йæ нæ фæнды уыцы бæстæм.

Ды дæхи зæронд хонын, 80 азы дыл куы сæххæст, уæдæй фæстæмæ райдыдтай. Уæдмæ мын-иу цы чингуытæ балæвар кодтай, уыдоныл хъарм зæрдиаг фæндиæгты бын афтæ бафыстай: «Дæ хистæр æфсымæр Нафи». Æстай азы дыл куы ацыд, уæдæй фæстæмæ уагъд чингуытыл та: «Нæ аив дзырды курдиатджын фæлдисæг æмæ мæ дзæбæх хо Цхуырбиан Мерийæн Къуыдары зæронд Нафийæ зæрдиагæй», кæнæ: «Мерийæн зæрдæбынæй, мæ хорз хо æмæ зынаргъ æмгар, æмсис адæймагæн Нафийæ, Къуыдары зæрондæй», æмæ афтæ алы чиныгыл – «Къуыдары зæронд».

Ды, мæ зондджын æфсымæр, тынг хорз зыдтай, зæронд ахæм низ кæй у, æмæ хосгæнæн кæмæн нæй, æмæ дæ удæн зæрондæй уæддæр радтаис æнцой, уый бæсты дын æхсæв æмæ бон нал уыд, куыстай, куыстай дæхиуыл æнæауæрдгæ, ноджы ма исты бафтыдтаис ирон дзырдаивад æмæ зонадыл. Æмæ дæ кусинæгты уæлхъус бадгæйæ ахъуызыд дæ уд…

Уыцы бон дæ нæ рауагътой Цхинвалмæ дæ Цæгаттаг табугæнджытæ. Куыд æмбæлд, афтæ дын скад кодтой – дардыл æмæ æгъдауыл. Дыккаг бон дæ æрластой æмæ растад дæ уарзон горæт – стырæй-чысылæй цыдысты цæссыгкалгæ æмæ дыл хъынцъым кодтой. Æз бадтæн дæ табæты фарсмæ æмæ дæм кастæн кæугæ, дæ цæсгом мæм æнахуыр рæсугъд каст, цъус цыма рæсыдгонд. Ахæм хуыз дын уыд, цыма фынæй кодтай, уæззау куысты фæстæ куыд фæулæфы лæг, афтæ. Æмæ мæ хъуыдыйы ферттывта де ‘мдзæвгæ:

«Дысон федтон æнахуыр фын,

Цыма æрлæууыд мæ рад,

Цыма табæты сау хуылфы

Æз хуыссыдтæн æнцад…»

Ды мæ ныфсы æфсымæр уыдтæ æмæ мæм æцæг æфсымæры зæрдæ дардтай. Чысыл исты дæ зæрдæмæ фæцыдаид мæ куыстæй, æмæ афтæ цин кодтай, цыма дыл цыдæр хорзæх æрцыд. Дзырдуатыл иумæ кусгæйæ, мæнæй тынгдæр цин кодтай, дзырдæн-иу йæ адекватон нысаниуæг куы æрцахстон… куыд æгæрон бирæ мæ атыдта æгъатыр мæлæт, дæу мын кæй байста уымæй! Куыд мæ хъуамæ ферох уа, афтæ мын куы загътай: «Истæуыл куы тыхсай, уæд дæ зæгъын ницы хъæуы, æрмæст мæм афтæ æрбакæс мæ цæстытæм», – æмæ мæм бахудтæ. Ныр тыхсын, æфсымæр, мæ уд тыхсы, фæлæ дæ цæстытæ цъынд сты…

Ды æрмæст мæнæн нæ уыдтæ ныфс, бирæтæн, тынг бирæтæн уыдтæ. Ды æнæхъæн Ирыстоны ныфсы æмæ зонды лæг уыдтæ. Ныр ма дæ мæлæтæй æгæрон стыр маст æрхастай дæ адæм, дæ райгуырæн бæстæйæн. Уæгъды афтæ хъуыды кодта:

«Æз ацы зæхмæ зарынмæ æрцыдтæн,

Мæ хъуыры хастон иллæлæй фæрнæй,

Дзыллæты хъыг сыгъди мæ цæсты хаутыл,

Ныр дзы абон мæ мардыл чи скæуа, уый нæй».

Ех, мæхи Нафи, дæхицæй хуыз-дæр æй чи зоны, Ирыстоны мардæн куыд кад кæнæм, уый æрдæг ын йæ удæгасæй куы кад кæниккам, уæд махæй амондджындæр а зæххыл адæм нæ уаид. Ды афтæ цæмæн зæгъыс «Ныр абон мæ мардыл чи скæуа, уый нæй», уый æз тынг хорз зонын, æмба-рын æмæ мæ зæрдæ дæр фыддæр уымæн риссы. Ацы чиныг «Хæрзбон, ссæдзæм æнус» дæ уды рыстыты дзæкъул у. Ардæм бахастай, 2000 азмæ цы æмдзæвгæтæ фæфыстай, уыдон дæ удрæбын цы рыстытыл дзырдтай æмæ кæй нæ æвдыстай. Æмæ куыд удвидар уыдтæ, куыд нымд, æддæмæ никуы æвдыстай дæ мæстытæ, афтæмæй алкæй рыстæн хос агурæг уыдтæ. Цардцæрæнбонты цы гуыргъахъ фæндæгтыл фæцыдтæ, дæу цы ныхдурты сæрты ахизын бахъуыд, дæуæн цы хъыцъы-дæттæ фæдардтой де ‘мсисонтæ, æмгæрттæ кæйты хуыдтай, уыдон дæр, уыцы зындзинæдтæн дæуæй æндæр исчи нæ бафæрæзтаид. Цæ-мæн афтæ æнæрæстæджы аив-гъуыдтой Нартыхты Михал, Тедеты Рюрик, Бестауты Гиуæрги, Булкъаты Михал? Уыдонæн дæр афтæтæ кодтой. Кæй дзы химарынмæ æркодтой, кæй зæрдæнизы бæрны бакодтой æмæ не сфæрæзтой.

Ды тыхджын уыдтæ, удвидар, дардмæ уынаг, быхсыны тыхы хицау. Æвзæр æвзæрæй бафидын дæ хъуыдыйы дæр никуы æрцыдаид, ацы ми дæм æнæсæрмæхæссинаг касти. Дæ зæрдæ дын алы хуызы къахтой, фæлæ дæ царды нысан уыди дæ адæмæн лæггад æмæ йæ лæгау æххæст кодтай. Дæ удрæбын цы хъыгтæ, хъæдгæмттæ хастай, уыдон-иу иуæрдæм ассыдтай æмæ дæ куыст нæ уагътай. Уый дæ ирвæзын кодта дæ алыбонон риссаг цаутæй. Уыцы рыстытæ æрмæст фæстæдæр равдыстай дæ мысинæгты: «… Дæс азы мæнæн уыдысты тыхсты æмæ фыдæвзарæнты азтæ: дæс азы дæргъы мæн нæ чингуыты рауагъдад дардта йæ фæсдуар, иу чиныг дæр мын никуы рауагътой. 1980 азы хъуамæ рацыдаид рауагъдады нывæзтмæ гæсгæ мæ уацау «Залты мит». Букуылты Алыкси уæд уыди рауагъдады сæйраг редактор æмæ йæ ахаста 1981 азы нывæзтмæ. Уæдмæ рауагъдады директор сси Гæбулты Мелитон æмæ уацау æппындæр нал уагътой – антисоветон фыст, дам, у! Фысджыты цæдисы хицау Дзуццаты Хадзы-Мурат куы сси, уæд уымæ бацыдтæн: бакæс ацы уацау, кæд антисоветон у, уæд æй хъуамæ зонай, фысджыты сæрдар дæ, кæд нæу, уæд та дæ хъуыды æрмæст мæнæн зæгъ, мæ сæрыл дзурын дæ нæ домын, мæхæдæг исты кæндзынæн, фæлæ дæ  хъуыды куы зонон, уæд мын æнцондæр уыдзæн рауагъдады тыхмийыл хъæцын. Хадзы бирæ фæ-хъуыды кодта, стæй цæхгæр ачъепп кодта: «Нæ йæ бакæсдзынæн!.. Уый æнхъæл дзы нæ уыдтæн æмæ йæм ницыуал сдзырдтон. Бамбæрстон – æмдзырд сты мæ ныхмæ рауагъдады æмæ Фысджыты цæдисы сæргълæуджытæ, Мелитон æмæ Хадзы-Мурат. Нæ зыдтон æрмæст иу хабар: цæуыл мæм мæсты сты?.. Хорзæй дарддæр сæ никæмæн ницы сарæз-тон. Кæд исты сæ зæрдæмæ хæссынц, уæд мын æй цæуылнæ хъæр кæнынц?  Фарстытæ – бирæ, дзуаппытæ – нæй. Ныууагътон сæ сæхиадыл æмæ мæ куыст кодтон. Загътон, сæ хъуыры аирвæзæд сæ рауагъдад, цы рауагътон мыхуыры, уыдон фаг сты фыссæджы номæн, кæд истæмæн бæззынц, уæд. Кæд нæ, уæд та мæ «Залты мит» дæр нæ фервæзын кæндзæн мæрдты рохæй… Афтæмæй уыцы æнамонд уацау 79 азæй 88 азмæ фæлæзæрд рауагъдады, стæй йæ уæддæр рауагътой… Абоны онг дæр нæ зонын, иу дамгъæ дæр дзы ивд куынæ æрцыд, уæд советон царды ныхмæ уацмыс куыд фестад, уæды царды фарсхæцæг?! Гъе, фæлæ ацы фарстæн ис бæлвырд дзуапп: мæ хæлæртты уацмыс не ‘ндæвта, йæ авторæй истой цыдæр маст».

Афтæ, æфсымæр, дæхицæй хуыздæр æй чи зоны æмæ ницæйаг, æгуыдзæг лæгæн цæй знаг хъуамæ уа? Чи йæм цæмæ бахæлæг кæндзæн? Ды та сæ æгасæй зондджындæр, курдиатджындæр кæй уыдтæ, хæлæг дæр дæм уымæн кодтой æмæ куыд сæ бон уыд, афтæ дын дæ разы ныхдуртæ æвæрдтой. Фæлæ ды куырыхон хъуыды дæ зæрдыл даргæйæ – «Чи дæ нæ уарзы, уый ма хъуамæ бафæзмай» –  æвзæр никуы никæмæн фæдæ. Дæ зæрдæ дын чи риссын кодта, уыдонæн сæ фылдæр нал сты, аивгъуыдтой се ‘нусон бынатмæ, ды уæддæр нæдæр сæ удæгасæй, нæдæр сæ мардæй æвзæр никуы загътай, кæд сын æнахъола миты кой дæ мысинæгты скæныс, æндæр се ‘фхæрыны фæдыл ницы дзурыс. Дæуæн Хуыцау дæргъвæтин цард схай кодта,  уыимæ иумæ тыхтæ, удвидардзинад, зонды рухс, уымæн дын бантыст афтæ æгæрон бирæ бынтæ ныууадзын. Ды цы фæллæйттæ бахастай ирон аив дзырды æмæ зонады хæзнадонмæ, уыдон сæхæдæг дзурынц се сфæлдисæджы арф курдиатыл. Бузныг Хуыцауæн, дæ удæгасæй дын бамбæрстой дæ аргъ æмæ нал баззад ахæм регали, дæуæн цы нæ саккаг кодтой, адæмон поэты номæй райдайгæ алы премитæ æмæ хорзæхтæй фæивгæйæ. Загъта рæстдзинад йæ ныхас! Дæ райгуырæн бæстæ æмæ дæ адæмы раз дæ хæс æцæг ирон лæгау уæлдайджынтæй бафыстай æмæ дын хæлар æппæтдæр!

Фæлæ дæ мæлæт, уæддæр æгæрон зæрдæрысты хос у  дæ иузæрдион адæмæн. Уыцы рисæн æмбæхсæн нæй æмæ дæ фæстаг бон Ирыстоны арвы бын уыди се гасæй даргъдæр æмæ рæсугъддæр – адæмы уарзтæй тæмæнкалгæ. Ды дæ хæдзарæй дæ æнусон бынатмæ – горæтгæрон Тулдзы къохы дын кæцы равзæрстой – фæцыдтæ хурæмдзу. Иры æвзонг фæсивæд дæ машинæ-йыл ласын нæ бауагътой – сæ уæхс-чытыл дæ фæхастой. Адæм æмы-рæй цыдысты дæ фæстæ. Хицауады хæдзармæ дæ бахастой æмæ байгом фыдохы митинг. Нал баззад Кавказы республикæтæй æви раздæры Цæдисы республикæтæй æрцæугæ делегацитæй ахæм, сæ адæмы хъынцъым чи нæ равдыста дæ разы. Дыууæ сахаты бæрц дын сæ зæрдиаг ныхæстæй æвдыстой куыд стыр аргъ æмæ дын кад кодтой, уый.

Стæй дæ рахастой…

Уыди æгъуыстаджы хъарм, хурбон. Хастой дæ сæ уæхсчытыл Ирыстоны сагсур лæппутæ кæрæдзи ивгæ. Цыдысты къахдзæфтæ нымайгæ, цъусгай, цæмæй ма фылдæр фæуыдаис дæ фæстаг бон хуры бын, ирон арвы бын. Мæ  мидзæрдæйы дзырдтон дæ ныхæстæ: «Хуры рухс, бузныг!» Разæй цыдысты скъоладзаутæ дидинтимæ. Æмæ адæмæй, азмæлæнтæ нал уыд уынгты – ацы бон иунæг адæймаг дæр йæ хæдзары нæ баззад, иууылдæр, æддæмæ раивылдысты æмæ дæ æрхæндæгæй фæндараст кодтой…

Дæхи афтæ фæндыди, дæ ныййарджыты цур дæ бавæрдтаиккой. Нæ рауад. Ахæм бынат дын саккаг кодтой, цыранæй дæм дæ горæт армы тъæпæныл æвæрдау зындаид, уыдтаис ын йæ алы къуым, уынг, хæдзар, адæмы змæлд… Æмæ сæ хъахъхъæдтаис, дæ цæст сыл хастаис уырдыгæй дæр.

Дзурын демæ мæ миднымæр мæ зæрдæ цыдæр æнахуыр рыстæй риссы. Поэтæн бинонтæ дæр вæййы, ныййарджытæ, æмгæрттæ, хиуæттæ, фæлæ уæддæр удиунæг у, удсидзæр, æрмæст сæрмагонд поэзийы кувæндоны хаты йæхи сæрибарæй, уырдæм ничи ницы бар дары. Ныр ды уым æцæг иунæг дæ…

Дæу кæм бавæрдтой, уыцы бынат Кады аллейæ рахуыдтой, пантеон. Ам ды фыццаг дæ, ды – фысым. Пантеоны бавæрыны аккаг зонды лæгтæ разындзæн Хуссар Иры, нырмауал бирæ цæрæнт.

Мæ зæрдæ та афтæ дзуры æмæ дæ дзæвгар рæстæг æнхъæлмæ кæсын бахъæудзæн…

Дæ хуызæн гениалон гоймæгтæ нын Хуыцауы цæст æнусы мидæг иу кæнæ дыууæ кæд бауарза. Генитæ нæ мæлынц – сæ адæмимæ цæрынц æнустæм. Уæдæ ам дæ, Нафи, æнустæм дæ адæмы зæрдæйы!

Цхуырбаты Мэри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.