Куыд æхцон вæййы зæрдæйæн кæстæры сгуыхтдзинад. Уæлдайдæр та нæ чысыл ирон адæмæй исчи куы басгуыхы, уый та дывæр æхсызгон вæййы адæймагæн. Гайлаг, дам, родæй фæбæрæг вæййы, уыцы æмбисонд тынг раст у. Дыгъуызты Георги сомбон йæ раттæг адæмы аккаг фырт кæй суыдзæн, ууыл бынтондæр нæ дызæрдыг кæнын. Абон мæ дзырды сæр у уæрæсейаг 1-аг каналыл цы ралæвæрд «Лучше всех» æвдыст фæцæуы, уый тыххæй. Ацы ралæвæрды ныр ирон нацийы чысыл минæвæрттæй цалдæрæй райстой хайад, куыд, Плиты Николь, Дарчиты Алекс.

Ивгъуыд хуыцаубоны 12-æм ноябры ацы ралæвæрды хайад райста æмæ та нæ йæ диссаджы курдиатæй дисы баппæрста 5-аздзыд Дыгъуызты Георги. Уый æнæкæсгæйæ бакаст Леонид Филатовы аргъау «Федота стрельца удалого молодца». Залы ма уыд йæ нана, йæ чысыл æфсымæр Давид, йæ мад Елдзарты Нанæ. Ралæвæрды амонæг Максим Галкин ын йæ мадмæ  фарст куы радта, зæгъгæ, ацы æмдзæвгæ цы уæлдай равзæрстат, уæд ын уый афтæ сдзуапп кодта: «Леонид Филатов у мæ уарзондæр фыссæг. Ацы уацмыс Георги цыппараздзыдæй райдыдта ахуыр кæнын æмæ йæ фондзаздзыдæй æнæхъæнæй базыдта æмæ йæ кæсы æцæг актертæ йæ куыд кæсынц, растдæр афтæ. Мæ бон у зæгъын æмæ мæ бæллиц сæххæст».

Зынгæ фыссæг Л. Филатовы уацмысæй Дыгъуызты лæппу скъуыддзаг бакаст тынг аив æмæ цымыдисонæй, раст æй цыма Филатов йæхæдæг каст рольтæм гæсгæ, афтæ. Чысыл Георгийыл кæд 5 азы йеддæмæ нæма цæуы, уæддæр ацы уацмысы скъуыддзаг бакаст æнæрæдыд æмæ æнæрхæцгæйæ. Баххуыс ын кодтой С.Образцовайы номыл Паддзахадон Централон академийы куклæты театры кусджыты къорд.

Дыгъуызты чысыл хур Галкинимæ ныхаскæнгæйæ йæхи хатыд тынг сæрибар æмæ уæндонæй, дзуапп ын кодта йæ алы фарстæн дæр. Уый фæстæ Дыгъуызты Георгийæн цытджын æгъдауæй балæвар кодтой майдан «Лучше всех»-ы номимæ, чысыл рюкзак адджинæгтимæ æмæ фæлмæн хъазæн.

Æрмæг бацæттæ кодта

Чертхъоты Ж.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.