Музейон хъуыддаджы спецификæ ахæм у æмæ дзы æнæнхъæлæджы адæм стæм хатт фендзынæ. Афтæ нæ музейы дæр. Коллективмæ бацæугæ ног кадртæ уайтагъд фæхатынц уыцы хиад æмæ уайтагъд аскъуыддзаг кæнынц: кусгæйæ баззайой æви нæ.

Æвзонг курдиатджын нывгæнæг Дыгъуызты Мария музеймæ æрбацыд дыууæ азы размæ, Краснодары культурæ æмæ аивады университет каст фæуыны фæстæ, æмæ йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй уайтагъд фæхатыд, ацы куыст ын æцæгæлон кæй нæу.

Мария цыфæнды хъуыддагыл лæуд ма уа – алцæмæ дæр дары сфæлдыстадон ахаст. Æрдзы фæдыл хайад арæзт куы цыд, уæд кусджытæ мæт кодтой, куыд саразой афтæ,  цæмæй сырдты быдыртæн, кæцытыл æрдæг æнусæй фылдæр цæуы, хорз бакаст уа. Ацы хъуыддагмæ æппæт коллективæй æрæвнæлдтой, сæ хъуын сын сындæггай ныссыгъдæг кодтой, фигурæтæ сраст кодтой, Мария та, зæгъæн ис, цард сæ бауагъта, баххæст сæ кодта йæ нывты фæрцы.

Мария куыд зæгъы, афтæмæй уый цæры рæсугъддзинады уылæнты, ары йæ йæ алыварс, кæнæ та йæ аразы йæхæдæг. Афтæмæй йын музейы техникон бæстыхайы фæлурс къултæ бирæ рæстæджы дæргъы æнцой нæ лæвæрдтой. Йæ коллегæ Къæбулты Еленæйы хъуыды, къулыл пейзаж сныв кæныны тыххæй, нывгæнæгæн йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йæм ныфсджынæй æрæвнæлдта.

Æртæ къуыри æнæрынцой куысты фæстæ æрцыд æцæг диссаг. Хæрæндоны къулыл фæзынд панорамон пейзаж, кæцы конд у фæлмæн акрилон ахорæнтæй æмæ цæстæнгас йæхимæ здахы. Дидинæфтаугæ быдырты æхсæн цы къахвæндаг цæуы, уый цыма кæдæмдæр дард бæстæм хоны, уыйау.

Музейы директор Зассеты Мераб серьезонæй зæгъы, зæгъгæ, музейы фæзынд ноджыдæр иу зынаргъ экспонат.

Мария йæхæдæг цæттæ у дарддæр дæр рæсугъддзинад фæлдисынмæ.

«Нывкæнынад у мæ уды иу хай. Ахорæнты фæрцы æз равдисын тыхстдзинæдтæ, эмоцитæ, бæллицтæ. Стыр æмгъуыдмæ плæнттæ нæ аразын, фæлæ мæ фæнды,  цы хъуыддаг уарзын,  ууыл дарддæр кусын. Мæ зæрды ис дыккаг персоналон равдыст саразын, кусын сурæттыл. Мæ девиз у – хъуамæ дын уа бæллицтæ æмæ цæуай дæ нысанмæ», – загъта Дыгъуызты Мария.

Тменаты Аннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.