№1-æм æвзарæн зылд

Каст фӕцис Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университет, райста менеджменты дӕсныйад. Уый фӕстӕ каст фӕцис УФ-йы Президенты цур Адӕмон хӕдзарады ӕмӕ паддзахадон службӕйы уӕрӕсейаг академи, экономикӕйӕн паддзахадон ӕгъдауӕй уаг ӕвӕрыны дӕсныйад.

2006 азӕй 2007 азмӕ нысан ӕрцыд РХИ-йы Ӕдасдзинад хъахъхъӕныны службӕйы рӕнхъытӕм ӕфсӕддон службӕмӕ. 2007-2009 азты службӕ кодта РХИ-йы Хъахъхъӕнынады ӕмӕ Уӕлвӕткон уавӕрты минстрады. 2009 азы февралӕй 2009 азы декабры онг ист ӕрцыд Æргътӕ ӕмӕ тарифтӕн уаг дӕттыны фӕдыл комитеты сӕрдары хӕдивӕгы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй. 2009 азы декабрӕй фæстæмæ кусы РХИ-йы Экономикон рæзты министрады Æргътӕ снысан кӕныны ӕмӕ фӕлхасадон базарадӕн уаг ӕрӕвӕрыны Управленийы хистæрæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.