Историктæ куыд раиртæстой, афтæмæй зæххы къорийыл Дунеон хæсты-тæ уыдысты дыууæйæ фылдæр, фæлæ иннæ хæстытæ æрцыдысты рагзаманты æмæ уыцы цаутæй документалон æвдисæнтæ нæ баззад. Уыцы хæс-тыты дæр хайад райстой миллуангай адæймæгтæ æмæ дзы, æвæццæгæн мæлгæ дæр бирæ акодтаид. Абоны бон уал археологты иртасæн куыстыты фæстиуæгæн сбæрæг сты, æппынкъаддæр, дыууæ рагон хæсты Китайы территорийыл, кæцыты схонæн ис «Дунеон» хæстытæ. Фæлæ уæддæр иууыл æгъатырдæр, тугкалæндæр хæстон цаутæй æвдисæнтæ баззадис Дыккаг дунеон хæстæй. Ацы хæст, астæуккаг нымадæй, бандæвта 2 миллиард адæй-маджы цардыл, хæстон архæйдтытæ цыдысты 40 паддзахады территоритыл æмæ дзы хайад та райстой 61 бæстæйы бæрц.

Дыккаг Дунеон хæст райдыдта 1939 азы 1-æм сентябры. Уыцы бон Германы æфсад бабырстой Польшæмæ æмæ йæ 18 бонмæ бацахстой. Фæлæ ууыл не ‘рлæууыдысты немыцаг фашисттæ – 1940 азы апрелы мæйæ июны мæймæ сæ дæлбар бакодтой Данийы, Норвегийы, Бельгийы, Нидерланды, Францы, Грецийы, Югославийы æмæ ма æндæр европæйаг бæстæты. Чехословаки уæдмæ куыд паддзахад, афтæ уæвынад дæр нал кодта, – Гитлер æй Англис, Франц æмæ Италийы æххуысæй 1938 азы ныддихтæ кодта æмæ йæ йæ къухдариуæджы бын бакодта.

Хæстон архæйдтытæ цыбыр рæстæгмæ Европæйæ ахызтысты æндæр континенттæм. Немыцаг æмæ италиаг æфсæдтæ оккупаци кæнын райдыдтой Цæгат Африкæйы бæстæты. Сæ фæнд уыд, цæмæй бацахсой Астæуккаг Хурскæсæны бæстæты, ахизой Индимæ æмæ уым фембæлой япойнаг æмцæдисон æфсæдтыл. Фæлæ сын сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадын кодтой Советон Цæдисы сырхæфсæддонтæ.

Немыцаг фашисттæ 1941 азы райсом 3 сахат æмæ 15 минутыл райдыдтой æхсын Советон Цæдисы территори алыгъуызон сармадзантæй, сæ хæдтæхджытæ æнæрлæугæйæ тахтысты æмæ калдтой бомбæтæ, сæ танктæ та æрбатыдтой арæнтæ æмæ дæрæн кæнын райдыдтой советон фæллойгæнæг адæмы бындуртæ, куынæг кодтой æрмæст æфсæддонты нæ, фæлæ ма хуымæтæг цæрджыты дæр. Гитлеры фæнд уыд, цæмæй Советон Цæдисы территоритæ асыгъдæг кодтаид славяйнаг адæмыхаттæй æмæ ма æндæр, афтæ хуыйнæг – «знæмтæй».

Знаджы æрбабырсты тыххæй бæстæйы къухдариуæгадмæ фыццаг фехъусын кодтой арæнхъахъхъæнджытæ. Советон Цæдисы цæрджытæ та немыцаг фашистты æрбабырсты фæдыл информаци фехъуыстой радиойæ, цыран раныхас кодта ССР Цæдисы Фæсарæйнаг хъуыддæгты къамисар В. М. Молотов. 22 июны газетты номырты хæсты райдианы тыххæй ницы информаци уыдис, уымæн æмæ уæдмæ верстка æрцыдысты æмæ фадат нал уыд йæ ныммыхуыр кæнынæн.

Хæсты фыццаг бонæй фæстæмæ Советон Цæдисы хæстхъом æмбæстæгты фылдæр хай сæхи барвæндонæй акæнын кодтой хæстмæ. Уæды рæстæджы патриотикон хъуыдытæ цæрджытæн уыдысты тынг фидар æмæ алкæй дæр фæндыд, цæмæй знаг дæрæн æрцæуа æмæ сырд баййафа сæ райгуырæн бæстæйæ æмæ дзы уыдон дæр хайад райсой. Разындис дзы ахæмтæ, кæцытæ домдтой, цæмæй сæ æвæстиатæй арвитой фронтмæ, кæннод, зæгъгæ, уæд-мæ хæст фæуыдзæнис æмæ немыцаг фа-шисттæй нæ маст нал райсдзыстæм. Чи йæ зыдта, æмæ хæст цæудзæн æнæхъæн фондз азы дæргъы.

Советон Цæдисмæ æрбабырст Гитлер йæ адæмæн бамбарын кодта ахæм хуызы, ома, мах куы нæ фæразæй уыдаиккам, уæд нæ сæхæдæг æввахс рæстæджыты скуы-нæг кодтаиккой. Немыцæгты Уæрæсемæ æрбабырстмæ разæнгард кодтой Англис æмæ АИШ-ы къухдариуæгад дæр, алы амæлттæй сæм æппæрстой дезинформаци, уырнын сын кодтой, ома, Советон Цæ-дис уе знæгтæ сты. Ахæм политикон уавæрты Сталин тынг хорз æмбæрста, абон уа æви сом – хæстæн æнæрцæугæ нæй. Уымæ гæсгæ ССР Цæдисы тагъд темптæй бæрзонд кодтой æфсæддонты арæхстдзинад, ифтонгад, хæцынхъомдзинад. 1939 азы та дыууæ паддзахады бафыстой пакт, кæцымæ гæсгæ кæрæдзимæ ма хъуамæ бабырстаиккой. Гитлер ацы пакты руаджы сæрибарæй бацахста европæйаг бæстæты æмæ дарддæр фидар кодта йæ гарзджын тыхты ифтонгад. Сталинæн дæр стыр пайда фæцис пакты бафыст, – рæстæг ын радта, цæмæй Сырх Æфсады реформæтæ ауадза æмæ бæстæйы уæззау сæудæджерад йæ къахыл слæууын кæна.

Бирæтæ афтæ æнхъæлынц, æмæ Советон Цæдисы къухдариуæгадæн бынтон æнæнхъæлæджы хабар уыд Германы æрбабырст, фæлæ уый бынтон афтæ нæ уыд. Разведкæ хаста алыгъуызон бæрæггæнæнтæ æмæ ма зыдтой æрбабырсты бон æмæ сахат дæр.  ССР Цæдис дæр зыдта ног хæсты æнæмæнгдзинад æмæ цалдæр азы дæргъы архайдта йе ‘фсад сфидар кæныныл, фæлæ сын алцы нæ бантыст. Сæ реформæтæ кæронмæ бакæнынæн сæ  хъуыд ноджы фылдæр рæстæг æмæ уыцы хабар хынцгæйæ, Гитлер дæр тагъд кодта, ома, сæ æдзæттæйæ куы баййафæм, уæд нын æнцондæр уыдзæн сæ ныппырх кæнын.

Германы æфсад Уæрæсемæ куы æрбабырстой, уæд Англис сæрибарæй сулæфыдысты, ома, мах аирвæзтыстæм. Æмæ, æцæгæйдæр, Гитлеры фæндыд фыццаг Англисы бацахсын æмæ  уый фæстæ та  Советон Цæдисы. Фæлæ Англис æмæ АИШ-ы къухдариуæгад сæ фæлитой митæй немыцæгты фæсайдтой, бауырнын сын кодтой, зæгъгæ, махмæ куы æрбабырсат, уæд уæ Советон Цæдисы æфсад фæсчъылдыммæ ныццæвдзысты. Ацы хъуыдытæ сын бафидар кодтой разведкæйы мæнг бæрæггæнæнтæй.

Скъолайы рæстæгæй махæн нæ хъуыдыйы фидарæй баззадис, зæгъгæ, Сырх Æфсад сты æнæбасæтгæ æмæ сын тыхгæнæг нæй. Фæлæ немыцаг æфсады æрбабырст хурмæ ракалдта Советон Цæдисы гарзджын тыхты хъæндзинæдтæ. Фыццаг уал уый, æмæ Сырх Æфсад æййæфта    хъуагдзинад профессионалон кадртæй. Уымæн та йæ сæйраг аххосæгтæ уыдысты 1935 – 36 азты репресситæ, кæцыйы фæстиуæгæй  æнæаххосæй куынæг æрцыдысты æфсæддон кадртæ. Зæгъæм, дыууæ хатты Советон Цæдисы Хъайтар Константин Рокоссовскийæн дæр хæсты хæдразмæ уыд фехсыны тæрхон, фæлæ стæй æфсæддон трибунал йæ фæнд аивта æмæ йæ арвыстой фронтмæ. Æмæ уый размæ цал æмæ цал курдиатджын æфсæддон кадры бабын кодтой?

Зæгъæн ис æмæ хæст сырхæфсæддонты æрæййæфта æдзæттæйæ. Иуæрдыгæй сын нæ фаг кодта æмбæлон кадртæ, иннæрдыгæй та сæм хæцæнгарз дæр фаг нæ уыд. Стæй ма бæстæйы къухдариуæгад дæр æнæрæстæджы фæтыхстысты æмæ æфсæддонтæм командæтæ хæццæ кодтой æрæгмæ. Уымæ гæсгæ немыцаг æфсадæн иу мæй æмгъуыдмæ бантыст 300-600 километры бæрц Советон Цæдисы территори бацахсын. Сырх Æфсад алы фронты дæр цыд фæстæмæ, уымæн æмæ йæ бон нæ уыд хæрздзæттæ æфсадæн ныхкъуырд радтын. Иу мæймæ фашистты ахæсты баисты 23 милуан адæймаджы, æгасæй фалгæрон æрцыдысты 28 советон дивизийы, 4 мин хæдтæхæджы, 12 минмæ ‘ввахс та – танктæ.

Ахæм æнтыстытæ къухты бафтгæйæ, Германы къухдариуæгад фенхъæлдта, ома, хæст ныридæгæн рамбылдта. Уыдоны уырнгæ дæр нал кодта, Сырх Æфсад ма ахæм зиæнттæ баййафыны фæстæ йæ къахыл слæудзæн, уый. 4-æм июлы Гитлер цингæнгæ дзырдта, зæгъгæ, Советон Цæдис хæст фембылды. «Мæхи сæ бынаты куы авæрон, уæд æй æмбарын, практикон æгъдауæй хæст кæй фембылды сты. Сæ танкты æмæ сын сæ уæлдæфон тыхты цыбыр æмгъуыдмæ кæй ныппырх кодтам, уый нын стыр ахъаз фæцис. Ныр сæ бон сæ къахыл слæууын нал бауыдзæн».

Фæлæ бынтон афтæ нæ уыд æмæ немыцæгтæ ницы зиæнттæ баййæфтой. Æрмæст хæсты фыццаг æртæ боны немыцаг солдаттæй фæмард уыйбæрц, æмæ æнæхъæн Европæ бацахсыны рæстæджы дæр уыййас нæ уыдысты сæ зиæнттæ. Гитлеры æфсад фыццаг хатт сæмбæлд ахæм ныхкъуырдыл æмæ сын уыцы хъуыддаг психологон æгъдауæй тынг зын уыд. Ныр афтæ рогæй нал бырстой размæ, сæхи хъахъхъæнын райдыдтой æмæ ма сын фæстæдæр фæзын уыдзæн зымæгон уазæлтты дæр, кæцытæм «хъармыл ахуыр» салдаттæ цæттæ нæ уыдысты.

Ацы хæсты Советон Цæдис ахаста иууыл фылдæр зиæнттæ – астæуккагнымадæй дзы 27 миллуан адæймаджы фæмардис, 1 мин горæтæй фылдæр ныппырх сты, 70 минмæ ввахс та хъæутæ æрцыдысты сыгъд. Сырхæфсæддонты æгæрон хъæбатырдзинад та баззадис историйы. 11 мин æфсæддонæй фылдæр  хорзæхджын æрцыдысты Советон Цæдисы Хъайтарты нæмттæй. Уыдонæй 104 хæстоны ацы ном райстой фæйнæ дыууæ хатты, Жуков, Кожедуб æмæ Покрышкин та – фæйнæ æртæ хатты.

Уæды хæстон рæстæджы алцы нывыл кæм цыдаид, уыдис ахæм цаутæ дæр, æмæ-иу хъайтар йæ хорзæх нæ райста. Ахæмты нымæц та хæццæ кодта æрдæг милуанмæ, кæцытæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ хорзæхджын не ‘рцыдысты. Хæсты фæстæ дæр ма ацы хъайтартæн лæвæрдтой сæ хорзæхтæ, фæлæ сæ абоны бон дæр 400 мин хæстоны нæ райстой. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Советон Цæдисы Хъайтары нæмттæ кæй райстой 5 æнæххæст кары сывæллоны, фæлæ сын сæ, хъыгагæн, радтой сæ амæлæты фæстæ.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.