Нателæйæн Гуыбаты хæдзармæ æрцыд амонд не ‘рхаста. Æниу кæддæр амондджын дæр уыд, уымæн æмæ базыдта хъæбулы ад, уымæйдæр дыууæ лæппу æмæ иу чызджы ад. Мад ахицæн сывæллæтты фыдæй æмæ сын æгасæйдæр йæ цард снывонд кодта. Схъомыл сæ кодта. Чызджы арвыста чындзы… Лæппуты дæр бафтыдта царды фæндагыл… Фæлæ… йæ сагсур фырттæй ныййарæг мад афтид абадт. Нæ горæты Комаровы уынджы сæ ныллæг хæдзарыл нал бахиздзысты, уым æй ныууагътой иунæгæй йæ хъарджытæ нывæндгæ. Йæ кæуынмæ скъуыдысты адæймаджы зæрдæйы тæгтæ…

Æгъатыр хæст, цымæ дын цавæр тæрккъæвда ныхсдзæн дæ тугæрхæмттæ, кæд басур уыдзысты ирон мады судзгæ цæссыгтæ!..

Уæд знæгтæ æрхъавыдысты Хуссар Ирыстоны скуынæг кæнынмæ, цæмæй ныннымæг уыдаид нæ хæдзæртты ирон дзырд, ирон мад дзы авдæны йæ хъæбулы мауал ауызтаид. Уый тæригъæд нæ зыдта, бонæй бон сонтдæр кодта. Æнæвгъау калдтой туг, ирон лæджы туг…

Йæ адæмы уæззау уавæр Красноярскмæ хъусгæйæ, йæ зæрдæмæ ныхъхъуыста Гуыбаты Зураб. Фесæфт йе ‘нцойад. Йæ зæрдæ рахсайдта йæ ныййарæг мадмæ, мад –  Ирыстонмæ.

Зураб каст фæцис нæ горæты 11-æм астæуккаг скъола. Йæ уагахастæй æмæ йæ ахуырæй дæр йе ‘мбæлттæн уыдис цæвиттойнаг. Тынг æй фæндыдис йæ мадау уый дæр юрист суæвын æмæ скъола каст фæуыны фæстæ ацыд Краснодармæ æмæ фæлварæнтæ радта уæлдæр ахуыргæнæндоны юридикон факультетмæ, фæлæ нæ бахауд æмæ фæстæмæ куы æрыздæхт, уæд уайтагъд кусын райдыдта нæ горæты автобустæцалцæггæнæн заводы слесарæй. Бирæ дзы нæ фæкуыста, æрсидтысты йæм æфсады рæнхъытæм æмæ йе ‘мбæстагон хæст æххæст кодта Прибалтикæйы. Уым дæр уыдис цæвиттойнаг салдат. Архайдта спортæй дæр, уыдис боксер æмæ йын уыдис æнтыстытæ алыгъуызон ерысты. 1983 азы æфсадæй куы ссæрибар, уæд ацыдис йе ‘фсымæр Давидмæ Красноярскмæ. Уый ам куыста троллейбусы шофырæй. Зураб дæр сахуыр кодта уыцы дæсныйад æмæ уый дæр кусын райдыдта шофырæй. Фæлæ йæ зæрдæ æхсайдта ахуырмæ æмæ Красноярскы фæлварæн-тæ радта уæлдæр ахуыргæнæндоны юридикон факультетмæ. Нæ йæ бафæндыдис йæ куыст ныууадзын дæр æмæ куыстуарзаг, уарзæгой æфсымæртæ бадзырдтой æмæ-иу фæивтой сæ куысты сменæтæ. Афтæмæй Зураб райсомæй ахуыр кодта, изæрæй та – кусгæ. Æвзонг лæппу тырныдта размæ, царды хорздзинæдтæм, самал кодта хæдзар дæр. Æркодта йæхицæн бинойнаг рæсугъд уырыссаг дохтыр чызджы æмæ цардис амондджынæй. Фæзындис сын хъæбул – чызг дæр.

Мæнæ гъе, æрхæццæ кæны йæ институт фæуыны рæстæг дæр. Радта паддзахадон фæлварæнтæ. Баззадис ма йын диплом райсын æмæ сæххæст уыдзæнис йæ рагбæллиц, суыдзæнис юрист. Фæлæ нал банхъæлмæ каст йæ диплом райсыны бонмæ дæр, æд бинонтæ æрхæццæ йæ хæстарыд горæтмæ æмæ уайтагъд слæууыд нæ горæт хъахъхъæнджыты æмрæнхъ. Уыцы рæстæджы арæзтой ОМОН æмæ бацыдис уырдæм службæ кæнын-мæ. Ссис взводы командир. Йе ‘мкъай Ленæ та кусын райдыдта нæ горæты поликлиникæйы дохтырæй.

Зураб йе ‘взводы лæппутимæ æдзух уыдис хæсты цæхæры. Мæлæт, тас цы уыдис, уый нæ зыдта, цыдис разæй, йæ фæтæн риу знаджы нæмыгмæ даргæйæ.

Нæ адæмæн стыр саударæн бонæй баззадис 1992 азы 7 июнь. Гуырдзы систой ТЭК-ы æмæ бацахстой Присы бæрзæндтæ.

Уыцы бон, ТЭК-ы нæ ОМОН-æн цы пост уыдис, уым се службæ хастой Зурабы взводы хæстонтæ. Уыцы æнæмсæр тохы фæмард сты взводы лæппутæ Дзабиты Геннади æмæ Санахъоты Гришик. Командирæн уый уыдис уæззау цæф. Фæуд кодтой сæ нæмгуытæ дæр, знаг та сыл ихуарæгау згъæлста мæлæтхæссæг нæмгуытæ.

Бамбæрста Зураб, сæ хабар хорз кæй нал у æмæ йæ иууыл æв-вахсдæр хæлæрттæ Сиукъаты Темо æмæ Харебаты Воваимæ сæхицæн ныууагътой фæстаг нæмгуытæ, кæд, зæгъгæ, бахауæм сæ къухтæм, уæд нæхи нæхæдæг фехсдзыстæм. Фæлæ Зурабы уыцы нæмыджы сæр дæр нал бахъуыд. Нæмыг сæмбæлдис йæ сæрыл æмæ магъз ныппырх… Йæ мард бахауд знаджы къухтæм…

Нæ фæрæзтой знæгтæ Зурабы марды æмæ йын йæ цæнгтæ бабастой бæндæнæй, афтæмæй йæ хæрхæргæнгæ аластой. Стыдтой йын йæ базгуытæ, ныффыдуынд ын кодтой йæ рæсугъд уæнгтæ, йæ хурау худгæ цæсгом, афтæмæй йæ баныгæдтой гуырдзиаг хъæу Никозы. Фæстæдæр милицийы майор Битарты Гамлеты фæрцы йæ мард тыхамæлттæй сæмбæлд йæ ныййарæг мадыл…

Йе ‘фсымæры сау хабар фехъусгæйæ, ныууагъта йе ‘ртæ æнахъом хъæбулы, йæ хъарм хæдзар дард Сыбыры зæххыл, афтæмæй æрхæццæ ис Давид дæр æмæ æрлæууыд йе ‘фсымæры бынаты. Йæ удыл нæ ауæрста Давид, архайдта знагæй йæ мадызæнæджы туг райсыныл. Бирæ хæцын æй нал бахъуыд – сабырад æрцыд нæ зæхмæ. Фæлæ та ногæй райхъуыст тохы хъæр. Нæ тохвæллад лæппутæ афтæ куыд загътой, зæгъгæ, кæд ныр суадзиккам нæ фæллад, афтæ та спиллон калдта хæст, ныр та Ирыстонæн йæ цæгатварс. Фæдисы фæцыдис уырдæм Давид дæр. Уырдыгæй дæр та уæлахизæй æрыздæхтысты. Фæлæ та йæ арв æркалд дыккаг хатт зæрдæрыст мадыл. Давиды йæ хъысмæт бахъахъхъæдта гуырдзиаг æмæ мæхъæлон мæлæтхæссæг нæмгуытæй, фæлæ ам йæхи зæххыл уыцы стыр цины бон трагиконæй йæ мæлæт ссардта…

Аскъуыдис Нателæйæн, йæ зæрдæ ма цы ныфсы тагыл хæцыд, уый дæр. Цы дыууæ фырты фæхъомыл кодта, уыдонæй аззадис афтидæй.

Сидзæрæй схъомыл Карачаевскы сидзæрдоны Нателæ. Нæ базыдта йæ царды мад-фыды рæвдыд. Уæддæр йæхи рахаста – иттæг хорз нысæнттыл каст фæцис астæуккаг скъола. Тбилисы райста уæлдæр юридикон ахуырад. Фæкуыста нæ горæты психо-неврологион диспансеры юристæй, æмæ кæд царды амондджын нæ фæцис, уæддæр йæ кæстæртæм кæсгæйæ, йæ зæрдæ рад… Æмæ йын уыцы циндзинад дæр хъысмæт байста, йе стыр ныфс ма систы дард, Сыбыры зæххыл йе ‘дзард хъæбултæн цы хъæбултæ баззадысты, уыдон.

Нæ адæм сæ хъайтарты хъуыды кæнынц æмæ сæ æнустæм сæ зæрдыл дардзысты. Сæнусон кодтой Гуыбаты æфсымæрты нæмттæ дæр. Сæ ном лæвæрд æрцыд, цы уынджы райгуырдысты æмæ кæм хъомыл кодтой, уыцы уынгæн. Сæ хъæбатырдзинадыл ма дзурæг сты, ирон поэттæ сыл цы æмдзæвгæтæ ныффыстой, уыдон дæр.

Бестауты Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.