РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид хуссарирыстойнаг адæмы размæ рахаста дыууæ ахсджиаг фарсты, кæцытæй сæ иу у иннæйæ ахсджиагдæр. Фарстытæй сæ иу у, цæмæй Хуссар Ирыстон райса нæ рагфыдæлты ном, ома, хуыйна Алани.

Уый у тынг хорз фарст. Мах нæ цæгаттаг æфсымæртимæ иу адæм стæм æмæ куыд ис уый гæнæн æмæ иу адæмæн иумиаг ном ма уа. Æцæг, Хуссар Ирыстоны советон хицауад бакодта Гуырдзыстоны скондмæ, ууыл нæ ахъуыды кæнгæйæ æмæ ирон адæм советон хицауады сæрыл кæй тох кодтой, уый тыххæй сæ Гуырдзыстоны меньшевиктæ 1920 азы кæй сфæнд кодтой быныскъуыд скæнынмæ. Иу хорз уыд æмæ сæ сау фæнд сæххæст кæнын сæ къухты нæ бафтыд, фæлæ ирон адæмы ацы геноцид арф фæд ныууагъта нæ адæмы зæрдæты.

Цæгат Ирыстон сæхи схуыдтой «Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани». Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, хорз хъуыддаг у. Фæлæ мах иу адæм кæй стæм, уымæ гæсгæ нын иумæйаг ном хъуамæ уа. Хуссарирыстойнаг цæрджытæн Гуырдзыстоны ‘рдыгæй кæд бирæ азты дæргъы дæлдзиныг цыдысты сæ бартæ, уæд ныр Уæрæсейы руаджы цæрæнбонтæм ссæрибар стæм æмæ ныр алцыдæр у нæхи бар. Раст бакодта нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид ацы ахсджиаг хъуыддагыл афойнадыл кæй сдзырдта æмæ йыл уынаффæ кæй цæудзæн бæрзонд æмвæзадыл. Нæ рагфылдæтæ-алантæ сæхи базонын кодтой æнæхъæн дунейæн æмæ мах цæмæннæ хъуамæ спайда кæнæм сæ кадджын номæй?

Дыккаг фарст мæм кæсы ноджы ахсджиагдæр – 2017 азы референдумы адæм хъуамæ сæ хъуыды зæгъой Уæрæсейы скондмæ бацæуыны фæдыл. 1774 азы кæд иууон Ирыстон бацыд Уæрæсейы скондмæ, уæддæр нæ советон хицауады азты фестæм дыууæ дихы æмæ нæ хъизæмæрттæн кæрон нал æрцыд дæргъвæтин азты дæргъы. Фæлæ, табу Хуыцауæн, абон хæдбар паддзахад стæм æмæ нæ хъысмæт кæимæ хъуамæ баст уа, уый нæхицæй аразгæ у. Стæй дæр рагон æмбисондмæ гæсгæ, дон йæ раздæры фæд æрцагуры æмæ мах дæр æппæт тыхтæй бацархайын хъæуы, цæмæй та нæ ацы фæнд дæр сæххæст уа.

ХАРЕБАТЫ Степан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.