Цхинвалы районы Сиатайы хъæу ахæм бæрзонд ран уæвыд æмæ дæм, хæрдвæндагыл  цæугæйæ, афтæ фæкæсдзæн, цыма, Хуыцаумæ бирæ нал ис, куыддæр рагъмæ схæццæ уай, слæууай йыл, афтæ йæм сæххæсдзынæ къухæй. Фæлæ, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ нæу. Рагъæй дарддæр куы акæсай, афтæ дæ цæстытæ æхцондзинад райсдзысты, рæсугъд æрдзы хъæбысы йæхи фæйнæрдæм чи айвæзта, ахæм фæзбынат фенгæйæ. Иуцъусдуг дæм афтæ фæкæсдзæнис, цыма дзæнæты бæстæмæ бафтыдтæ. Дæ алфæмблай акæсгæйæ, уайтагъд дæ фæллад æрбайсæфдзæн. Фæллайгæ та æнæмæнг бакæндзынæ, уымæн æмæ хæрдвæндаг адæймагæй домы тых, хъæуы йæм дыууæ сахат æмæ æрдæджы бæрц цæуын – уый нæлгоймаджы, фæлæ сылгоймæгтæ фылдæр рæстæг сæфтой, уыцы фæндагыл цæугæйæ.

Зæгъын хъæуы уый æмæ ацы хъæуæн йæ фидауц кæй уыдысты йæ алыварс бæрзонд хæхтæ, йæ айнæг къæдзæхтæ, йæ хъæдтæ, йæ цъæхвæлыст къуылдымтæ. Фенддаг у ныртæккæ дæр стыр айнæг къæдзæхæй цы æвзистгъуыз æхсæрдзæн кæлы, уый. Зынгæ ахуыргонд Дзанайты Славик хистæр фæлтæрæй куыд хъуыста, афтæмæй уыцы доны сконды ис æвзист. Ахæм донæн та вæййы хосгæнæн миниуджытæ, ис ын магион тых æмæ уымæ гæсгæ иннæ дæттæй хъауджыдæр вæййы сыгъдæгдæр. Кæддæр ацы алæмæттаджы бынаты хъæу уыдис. Цардысты дзы Уазæгты мыггаг. Æмæ уым сæ царды кой кæй кодтой, кæрæдзийы фæрцы царды зынтæ æмæ цинтæ сæтгæйæ, уымæн ма абон æвдисæн у, цы стыр мæсыг дзы уыд сæ мыггагæн, уый. Хъæуæн кæд абон йæ кой дæр нал ис, уæддæр ацы мæсыг рæстæгæн сæттын нæ комы, лæууы фидар æмæ сæрбæрзондæй фæлгæсы, йæ алфæмблай хъæддаг æрдзы цы цæуы, уыдæттæм. Дзанайты Славик куыд зæгъы, афтæмæй ахæм æнгæс мæсгуытæ Ирыстоны фенæн ис æрмæстдæр æртæ: Тырсыгомы, Дыгургомы æмæ ам – Сиатайы. Иудзырдæй, ацы мæсыг ссис иунæг æвдисæндар, ам кæддæр хъæу – Сиата кæй уæвыд, уымæн. Æмæ цæргæ та æвзæр нæ кодтой хъæуы цæрджытæ. Кодтой зæххы куыст æмæ цардысты сæхи æркæнгæ хойрагæй. Дардтой фос. Хъæздыг уыдис хъæуы алыварс æрдз: алыгъуызон дыргътæ, хæрынæнбæзгæ кæрдæджытæй, гагадыргътæй. Афтæ кæрæдзийæн æххуысгæнгæйæ ам гуырдис цард, рæзтис дзы бирæ сывæллæттæ, цалынмæ 1920 аз не ‘рбалæууыд, уæдмæ.

Цалынмæ æргом хæст нæ райдыдта, уæдмæ уал хъæумæ ссыдысты æхсæз барæджы. Хъæубæсты цæрджыты æрбамбырд кодтой æмæ сын фехъусын кодтой, цæмæй сæ фос æнæхъæлæбайæ æрбамбырд кæной æмæ сын сæ радтыныл сабырæй сразы уой. Хъæуы хистæр лæгтæй сæ иу – Уазæгты Шаликъо дзырддзæугæ лæг уыд. Афæлвæрдта ирон æгъдаумæ гæсгæ уазджытæн æгас цу зæгъыныл. Фæлæ уыдон æгæр-æгæр куы кодтой, уæд Шаликъо йæ хъама йæ кæрддзæмæй сласгæйæ æмæ уæндонæй сæ ныхмæ æрлæугæйæ, фидарæй загъта, цæмæй уыдон фæс-тæмæ æнæфыдбылызæй аздæхой. Уыдонæй сæ иу айтæ-уыйтæ нал фæкодта, афтæмæй Шаликъойы сæр куыд æрцæйсæрфта йæ цыргъ хъамайæ, афтæ  Ша-ликъо йæ сæр иуырдæм фæзылдта, фæлæ хъама йæ цæсгомыл æруад æмæ цæсгом тугæй айдзаг. Йе ‘фсымæр Дианоз уыцы ныв куы ауыдта, уæд уый дæр йæ сауфистонджын хъама йæ бынатæй фæцъортт кодта æмæ хæцынтæ систой. Сæ фарс рахæцыдысты хъæуы фæсивæд дæр æмæ æхсæз æнæхонгæ уазæджы дæр амардтой. Иннæ гуырдзиæгтæ дæр дард нæ уыдысты. Æрлæууыдысты хъæуы кæрон æмæ йæ уырдыгæй  судзын райдыдтой. Кæсынц æмæ хæдзæртты хорзæй цы ссарынц, уый рахæссынц, стæй йыл арт бафтауынц. Хъæуы нæлгоймæгтæ бардзырд радтой, цæмæй сывæллæттæ, сылгоймæгтæ æмæ зæронд лæгтæ сæхи бафæсфæд кæной, ацæуой хъæд-хъæд æмæ баиу уой лигъдæттимæ. Сæхæдæг дыу-уадæс нæлгоймагæй бацыдысты карз тохы гуырдзиаг меньшевиктимæ.

Дыууæ боны сæ фæурæдтой, цæмæй цæрджытæн алидзын бантыса. Цырд кодта Шаликъо дæр йæ цардæмбал Гатыгкоты Ермоняйы, цæмæй иннæ лигъ-дæтты аййафой. Уый йæ дыууæ æнахъом чызджы æмæ йæ дзидзидай фырты йæ риумæ нылхъивгæйæ скъæф-та, афтæмæй тындзыдтой размæ. Иунæгæй йын ауа-дзæн нæ уыд æмæ семæ ацыдис Шаликъо дæр. Бахæццæ сты Рукъмæ. Уырдыгæй хъуамæ æфцæджы сæрты ахызтаиккой Цæгат Ирыстонмæ. Лигъдæттæ цы зындзинæдтæ æвзæрстой, уыдæттыл дзурын зæрдæ-йæн тынг зын у, уымæн æмæ-иу бирæ хатт бахъуыдис, йæ бон цæуын кæмæн нал уыд æмæ дæм мæгуыр-гъуызæй йæ къухтæ æххуысагур чи дардта, ахæм адæй-мæгты фæрсты ахизын. Фæлæ уыцы фадат нал уыд, раздæр кæрæдзийы æнцойæ чи цардысты, уыцы адæмæн. Сæ сæр сæ кой ссис, афтæмæй архайдтой алчи йæхи бахъахъхъæныныл. Бирæ хатт-иу фæндæг-тыл чи амардысты, уыдон сæ сыджыты хайыл сæм-бæлын кæныны фадат дæр нæ ардтой æмæ хызтысты сæ иувæрсты. Бахъуыдис-иу сæ стыр цæугæдæтты сæрты ахизыны сæр дæр. Тæссаг уыд дон сæ аласынæй дæр. Фæлæ цы гæнæн уыд. Ермония йæ чысыл хъæбулы фæйнæджы лыггагыл бабаста. Йæ риумæ йæ нылхъивгæйæ арæхстгай архайдта доны иннæ фарсмæ бахизыныл. Шаликъо дыууæ чысыл чызджы бахизын кодта æмæ кæсы йæ цардæмбал доны æрбахизыныл куыд архайы, уымæ. Фæлæ уæдмæ æрцыд   лæг цæмæй тарст, уый… Фæбырыдысты йæ къæхтæ дойнаг дурыл. Сылгоймаг фæцудыдта æмæ йын йæ сывæллон знæт доны уылæнтæ аскъæфтой. Шаликъо айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ дон-дон лыгъдис йæ фæстæ. Цыдæр амондæн æй дон кæронмæ раппæрста æмæ йæм Шаликъо йæхи баппæрста. Ермонияйы хъарæгмæ зæрдæ скъуыдтæ кодта. Йæ хъæбулы сæрæгасæй фенгæйæ, ныр та фырцинæй куыдта.

Афтæ, фыдæбæттæ кæнгæйæ, хъизæмæрттæ æвзаргæйæ, ныхæццæ сты Алагирмæ. Æрбынат кодтой уым, фæлæ сæ фæстæдæр æрвитын райдыдтой æндæр æмæ æндæр рæттæм цæрынмæ. Иуты дзы арвыстой Дыгургоммæ дæр. Уæд мыггаггай цардысты. Уазæгтæй дзы чи уыд, уыдон та Даркъохмæ арвыстой. Цавæрдæр уазал, уымæл мæнгагъуысты æрцардысты. Уым хъизæмаргæнгæйæ арвыстой фондз азы. Уазал æмæ стонгæн дыууæ чызджы нæ бафæрæзтой æмæ амардысты. Бирæ фæмаст кодтой Ермония æмæ зæронд лæг, фæлæ дзы цы рахастаиккой. Æмæ уæд Шаликъо аскъуыддзаг кодта фæстæмæ аздæхын сæ сыгъд уæзгуытæм, ам мах цæрæн бынат нæу, зæгъгæ. Æрыздæхтысты Уазæгты мыггаг сæ уæзæгмæ – Сиатамæ. Сæ сыгъд хæдзæрттæ кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ бадзæбæхтæ кодтой æмæ та сæ царды кой кодтой. Скодтой та фос, куыстой сæ зæххытæ. Сæ цард размæ феггуырст. Слæууыдысты сæ къахыл æмæ та фарны зарæг айхъуыст ацы хъæуæй. Фæлæ та æрбалæууыдис 1941-æм аз. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ Сиатайы фæсивæд дæр фæстæ нæ фæлæууыдысты. Хæстмæ, фæцу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл фæцыд кæддæр Ермонияйæн знæт доны хъæбысæй кæй раскъæфтой, уыцы хъæбул – Илья дæр. Фесæфт æбæрæгæй, кæд æм Ермония бирæ фенхъæл-мæкаст, уæддæр дзы ницыуал бæрæг базыдтой. Фенкъард сты бинонтæ, фæлæ сæ царды кой кодтой дарддæр.

 Ермония Цæгат Ирыстонæй куы сыздæхт, уæд та ногæй бацис æртæ чызг æмæ иу фырты хицау. Бирæ рæсугъд фæндтæ уыд ацы хъæуы цæрджытæм. Архайдтой сæ цардуавæртæ хуыздæр кæныныл, сæ бæркæдтæм æфтыд бæркад. Фæлæ та æрбалæууыдис 1956 аз æмæ хæххон адæмы быдырмæ лидзын кодтой цæрынмæ, зæххы фадгуытæ радтынæй сын ныфс бавæргæйæ. Ам æруагъдæуыд гуымир рæдыд. Бирæтæ дзы сæ фыдæлты уæзгуытæ ныууагътой æвæндонæй. Адæмы быдырмæ тыххæй кæй лидзын кодтой, уымæн абон дæр ис æвзæр фæстиуæг. Раафтид сты сæ бирæ цæрджытæй. Уыимæ ма æрбалæууыдысты 90-æм азтæ æмæ гуырдзиаг æнæформалтæ лидзинаг фæкодтой сæ цæрæн бынæттæй хæххон хъæуты цæрджыты дæр. Афтæмæй раафтид сты, бæркад кæцæй цыдис, уыцы хъæутæ.

Æвæндонæй рарвыстой Уазæгты Шаликъойы бинонты дæр Ксуисы хъæумæ. Æрцардысты дзы. Куыстуарзаг бинонтæ цард арынц, зæгъы ирон æмбисонд. Ксуисы сарæзтой стыр хæдзар, сæ фæллæйттæн ныккæнæн дæр нæ уыд. Ермоняйæн ма цы фырт райгуырд – Аршак, уый дæр бацис дыууæ лæппу æмæ дыууæ чызджы хицау. Лæппутæй сæ иуыл сæвæрдтой йæ зæронд дадайы ном – Шалва. Фæлæ та уый дæр баййæфта уыдоны хъысмæт. Ксуисы хъæуы ирон цæрджыты хæдзæрттæ куы сыгътой, уæд басыгътой уыдоны хæдзар дæр. Схъелаууаг та сты бинонтæ. Хуыцау хорз æмæ ма сын Сатихъары хъæуы зæххы фадыг уыдис æмæ дзы хъæуы фæсивæды æххуысæй Шалва сарæзта хæдзар. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый ахæм дардыл нал уыд, фæлæ уал бинонтæн фæзынд кæм æрцардаиккой, уый.

Афтæ ацы бинонтæ дыууæ хатты баисты геноциды амæттаг.

«Цард диссаг  у, вæййы дзы æмхуызон хъысмæттæ. Мæ дадайы ном мыл сæвæрдтой æмæ мын хъысмæт сныв кодта йæ цардвæндаг дæр. Зæгъынц, зæгъгæ, хуызæй дæр æмæ уæнгты кондæй дæр, æнгæстæ стæм», – загъта мæстылгъæдæй Шалва.

Ббестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.