НЫРМА ЙЫЛ НЫФФЫСДЗЫСТЫ БИРÆ…

ХХ ӕнусы 1920 азы цаутыл дзургӕйӕ, фыццаджыдӕр нӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы не скъолайон рӕстӕг, бӕлвырддӕр та нӕ мадӕлон литературӕ. Уӕд ирон фысджыты историон ӕцӕгдзинады бындурыл фыст уацмысты зонгӕ кодтам (ӕниу алчи кӕм ахуыр кодта мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ литературӕ, уӕд модӕйы гуырдзиаг ӕвзаг уыд!), «гуырдзиаг меньшевикты ах-хосӕй ирон адӕм цы фыдӕвзарӕнты ӕмӕ масты бахаудысты, уыцы трагикон цаутимӕ. Ныр ӕй хорз ӕмбарӕм, нӕ фысджытӕ афтӕ цӕмӕн фыстой  уӕд ӕфсымӕрон республикӕты дунейы цардыстӕм, уӕд не ‘ппӕт дӕр амондджын ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфсӕй сӕрӕгас уыдыстӕм. Ӕндӕр гӕнӕн дзы нӕ уыд. Афтӕ нын ӕй ӕмбарын кодтой, зӕгъгӕ, уыдон гуырдзиаг меньшевиктӕ уыдысты. Фидар акцент цыд дзырд «меньшевиктыл». Ӕмӕ-иу, уыцы фыдбоны хабӕрттыл дзургӕйӕ, кӕд нӕ ахуыргӕнӕджы цӕстытӕ доны азылдысты, уӕддӕр ӕй мах кӕронмӕ не ‘мбӕрстам, кӕддӕры цаутыл афтӕ тынг цӕмӕн хъыг кӕны нӕ амонӕг.

Афтӕ ивтой рӕстӕджытӕ ӕмӕ уыцы рӕстӕджы цыдимӕ 1920 азы трагикон цаутӕ бо-нӕй-бон рох кодтой ирон адӕмӕй. Уый уыд дуджы домӕн, уӕлдай хатт ссыбыртт кӕнын никӕй уагътой. Рӕзгӕ фӕлтӕртӕ дӕр хъомыл кодтой нациты ӕфсымӕрдзинады принциптӕм гӕсгӕ, уырнын сын кодтой, ӕмбар ӕмӕ ӕмсӕр кӕй стæм не ‘ппӕт дӕр. Уый та уыд стыр рӕдыд, уымӕн ӕмӕ,  раджы уа ӕви ӕрӕджы, уӕддӕр рӕстӕг ӕппӕт дӕр йӕ бынаты равӕры ӕмӕ чи цы у, уый бӕлвырдӕй разыны. Уыцы равӕрды фӕрцы базыдтам не знаджы мах дӕр. Базыдтам ӕй, кӕй аххосӕй фӕци Хуссар Ирыстон хъизӕмайраг ӕмӕ еусайраг.

Гуырдзиаг меньшевикты «стыр ӕнтыстытӕ» махӕй бирӕтӕ канд литературон уацмысты фӕрцы нӕ зонынц, фӕлӕ ма нын зындгонд сты, уыцы трагикон цаутӕн реалон ӕвдисӕнтӕ чи уыдысты, уыдоны фӕрцы дӕр. Стыр хъыгагӕн, 20-ӕм азты трагикон цауты æмæ лигъдӕтты хъысмæты тыххӕй æз бæстон базыдтон, 1991-ӕм азы та нӕм гуырдзы ногӕй куы бырстой, уӕд.

Стыр зындзинӕдтӕ бав-зӕрстой 20-æм азы лигъдӕттӕ хӕхты сӕрты хизгӕйӕ. Бирӕ диссӕгтӕ ӕрцыд фыст, фӕлӕ уыдон нӕ историон ӕцӕгдзинадӕн се ‘мбис дӕр не сты. Ӕп-пӕты тынгдӕр мӕм дзы бахъардта иу ӕвирхъау цау. Радзырдта мын æй мæ мад. Цӕвиттон, лигъдӕтты иу къордимӕ уыд ӕвзонг сылгоймаг йӕ дыууӕ ӕнахъом сабиимӕ, сӕ иу – дзидзидай. Сылгоймаг бастад фӕндагыл ӕххормагӕй, йӕ бон цӕуын нал уыд. Сывӕллон йӕ хъӕбысы, афтӕмӕй йӕхи уӕззаугай ӕруагъта зӕххыл ӕмӕ йӕ уд систа. Адӕм катайы бахаудысты: цы бачындӕуа дарддӕр? Сылгоймаджы баныгӕныны фадат сын нӕ уыд  фӕсте гуырдзы. Йӕхи ӕргъомимӕ ма искӕйы сабийы чи фӕхастаид, науӕд дӕр сӕм разӕй цы ӕнхъӕлмӕ каст, уый ничи зыдта ӕмӕ ӕнахъом сабийы бӕрны ничи бацыд  ныууагътой йӕ йӕ мады риуыл, иннӕуыл (фæстæдæр йæхи чызг уыд мæ мады  æмбал) цыд фондз азы. Иу уысм ма йыл ахъуыды кӕнӕм, цы зӕрдӕйы уагимӕ фӕцард уыцы гыццыл чызг? Цы зӕрдӕйы ахаст хъуамӕ дардтаид гуырдзиӕгтӕм стӕй, фӕстӕмӕ Цхинвалмӕ куы ӕрыздӕхт ӕмӕ зӕры бонтӕм дӕр ам куы фӕцард, уӕд? Ӕмӕ ахӕмтӕ цал ӕмӕ цал уыдысты?! Сӕ мастӕвдылд цӕссыгимӕ хордтой сӕ мӕгуыры къӕбӕр ӕмӕ кодтой сӕ дарддӕры цард, кæд сæ уыцы æнамонддзинæдтæ фынæйæ дæр рох нæ уыдысты, уæддæр  афтӕ домдта уӕды ‘нӕхайыр рӕстӕг! Мӕнгӕй нӕ дзырдта Беджызаты Чермен: «Дыууынӕм аз махӕй кӕмӕй фӕуа рохы, – ӕнустӕм ӕлгъыстаг фӕуӕд!»

Хуссар Ирыстоны абоны цӕрджытӕ ӕппӕт амӕлттӕй дӕр архайдзысты, цӕмӕй нӕ макуы ферох уой дыууынӕм азы  цаутӕ, фӕлӕ, стыр хъыгагӕн, не ‘хсӕн разыны кӕддӕ-риддӕр ахӕмтӕ (истори йе ‘вдисӕн), йӕ райгуырӕн бӕстӕйыл, радтӕг адӕмыл гадзрахатӕй чи рацӕуы. Фæлæ уыдон сты иугæйттæ æмæ æнæнымад. Мӕсыг хи дурӕй кӕй сӕтты, уый абон нӕ базыдтам. Уыцы цаутӕй та алкӕцы дӕр у нысаниуӕгджын ӕмӕ йыл  хъуамӕ дзурӕм арӕх.

Нысаниуӕгджын мысӕн бонтӕм хауы 8 июнь дӕр. Ӕмӕ  кӕд нӕ горӕты централон уынгтӕй иу хӕссы 8 июны ном, уӕддӕр  ӕй абон бирӕтӕ зонгӕ дӕр нал кӕнынц.  Цӕ-мӕдӕр гӕсгӕ аззад рохуаты, афтӕмӕй та Хуссар Ирыстоны историйы 1920 азы 8 июнь нымад у хъысмӕтскъуыддзагӕ-нӕн боныл. Уыцы бонмӕ нӕ фыдӕлтӕ цалдӕр ӕнусы ӕн-хъӕлмӕ кастысты.

Уӕдӕй нырмӕ ӕнусы бӕрц рацыд (97 азы), бирӕ дон аивылд. Ивы дуг-рӕстӕг, фӕл-тӕртӕ ивынц фӕлтӕрты, фӕлӕ нӕ историйӕн ивӕн куыд нӕй, афтӕ 1920 азы 8 июнь дӕр рох ма хъуамӕ уа махӕй – уый царды фидар фӕткӕвӕрд у.

20-æм азты стыр тохтӕ цыд Хуссар Ирыстоны гуырдзыйы меньшевикты ныхмӕ  сӕрибары сӕрыл. Сусӕг-ӕргом парахат цыд революцион литературӕ. Революционертӕ кодтой агитацион куыст горӕты. Ӕмӕ кӕд хъӕуты цӕрджытӕ бӕстон не ‘мбӕрстой уыцы диссаджы хабӕрттӕ, уӕддӕр цӕттӕ уыдысты цыфӕнды тохмӕ дӕр. Гуырдзыстонӕй ӕрвыст сӕрмагонд дӕрӕнгӕнӕн къордтӕ туджы зӕйтӕ уагътой Иры зӕххыл, арт ӕндзӕрстой, мардтой, куынӕг кодтой.

Уӕд, Хуссар Ирыстоны сӕвзӕргӕ тӕссаг уавӕрыл бындуриуӕггӕнгӕйӕ, тохгӕн-джытӕн ӕвӕстиатӕй сæ фарсмæ балæууыны охыл 1920 азы 28 майы Дзӕуджыхъӕуы хуссарирыстойнаг зылды комитет йӕ рабадты рахаста уынаффӕ: баххуыс кӕнын революционертӕн куыдфӕндыйӕ дӕр! Банысангонд уынаффӕ сӕххӕст кӕны-ны нысанӕн 31 майы Цӕгат Ирыстонӕй Ручъы ‘рдӕм рараст ис Хуссарирыстойнаг бригад. Бынæттон тохгæнджытимæ иумæ æнцонтæй ссæрибар кодтой Уанел, Дзау, Чъех æмæ æн-дæр хъæутæ. Знаджы фæсырдтой суанг Цхинвалмæ.

7 июны  меньшевикты æфсæддон командæгæнæг булкъон Чхеидзе бахатыд хицауад-мæ, цæмæй сын баххуыс кæна. Фæлæ уæдмæ Цхинвалыл æртæрдыгæй æрхъула кодтой бынæттон тохгæнджытæ æмæ изæрмæ бацахстой горæт. Æвæстиатæй ист æрцыдысты революцион фæткæвæрд æрбиноныг кæныны фæдыл фыццаг мадзæлттæ. Снысан кодтой горæтæн комендант. Уый уыд Габуты Исмел. Горæт æппынæдзух уыд сæрибарыл тохгæнджыты хъусдарды бын. Ергнет, Никоз æмæ Тирдзнисы хъæутæм бахизæнты та сæвæрдтой постытæ.  Афтæ сырæзт Хуссар Ирыстоны Революцион комитет, сæрдариуæг та йын кодта Абайты Владимир.

8 июны 1920 азы Цхинвалы уагъдцæуæг митинджы Ревком расидт советон хицауад. Уым фæндвидарæй загъдæуыд, тохгæнджытæ Гуырдзыйы меньшевикты кæй фæсырдтой æмæ Онæй Душетмæ ныр советон хицауад кæй фысымиуæг кæндзæн. Митинджы ма æргомæй дзырдтой, уыцы зæххытæ нырæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны Ревкомы дæлбар кæй уыдзысты. Революцион комитет та уæвынад кодта Цхинвалы. Адæм фырцинæй кæрæдзийæн арфæтæ кодтой, амондджын фидæны ныфс бацыд се уæнгты. Уый уыд стыр циндзинады бон. Уыцы нысаниуæгджын  бонмæ нæ дзыллæ цалдæр æнусты дæргъы бæллыд.

Бæргæ фæцин кодтой сæ уæлахизыл хуссарирыстойнæгтæ, фæлæ Ревкомæн нывæзт-гонд нæ уыд сæ дарддæры архайд. Фыццаг рады хъусдард аздахын хъуыд хъахъхъæнынады ахсджиаг фарстмæ, фæлæ ма уый æнхъæл чи уыд, æмæ фыдбоны гуырдзиаг меньшевиктæ афтæ æгъатыр разындзысты. Уæлахизы æнкъарæнты уацары уæвгæйæ, Ревком уæхскуæзæй райдыта кусын хицауадон структурæйы фарстытыл…

Уый фæстæ гуырдзиаг регулярон æфсады «хъæппæрисæй» Хуссар Ирыстоны цæр-джытæм цы фыдбылызтæ каст, уый хицæн фарст у, фæлæ уæддæр 1920 азы 8 июнь бацыд нæ бæстæйы историмæ æмæ йæ рох кæнын нæ хъæуы. Уыцы боны цаутыл ахуыргæндтæ нырма бирæ азты дзурдзысты æмæ фысдзысты сæ монографиты, фидæны фæлтæртæ та сæ             хъуамæ зоной  чизоны ацы хатт истори кæддæры цаутæм мауал æрæздæха.

Хуыцау зæгъæд!

Цгъойты А. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.