Республикӕ Хуссар Ирыстонмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон прокуратурӕйӕ ӕрцыд делегаци, УФ-йы уголовон тӕрхондонон кондады. кассацион ӕмӕ цӕстдарыны стадиты прокурарты хайадист сифтонг кӕныны фӕдыл управленийы хистӕр Андрей Беллевичы къухдариуӕгадӕй ӕмӕ фембӕлдысты сӕ хуссарирыстойнаг коллегӕтимӕ. Дыууӕ бӕстӕйы генералон прокуратурӕты минӕвӕрттӕ Цхинвалы ауагътой тымбыл фынг, цыран хайад райстой Хуссар Ирыстоны Арбитражон тӕрхондоны кусджытӕ, Мидхъуыддӕгты министрады фӕдагурӕн управленийы минӕвӕрттӕ, тӕрхондоны приставты управленийы кусджытӕ, горӕты ӕмӕ районты прокурортӕ, Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты минӕвӕрттӕ.

Мадзалы райдиан Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг бузныг загъта уӕрӕсейаг уазджытӕн, рӕстӕг кӕй ссардтой ӕмӕ Хуссар Ирыстонмӕ кӕй ӕрцыдысты, уый тыххӕй, афтӕ ма сӕ коллегӕтӕн сӕ службӕйон архайды практикой ӕмӕ теоретикон ӕххуыс кӕй кӕнынц, уый тыххӕй.

Генералон прокурор ӕрӕмбырдуӕвджыты зӕрдыл ӕрлӕууынӕн радзырдта, Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон прокурор Юри Чайкаимӕ йын цы фембӕлдт уыд, уый тыххӕй.

«Бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй 2017 азы 29 марты ӕз фембӕлдтӕн Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон прокурор Юри Чайкаимӕ. Мах ӕнтыстджынӕй ӕмгуыст кӕнӕм, дыууӕ бӕстӕйы барадхъахъхъӕнӕг органты хуыздӕр традицитӕм гӕсгӕ рӕзын кӕнӕм нӕ ахастытӕ нӕ бадзырдты, 2008 азы къухтӕ фыст цы Бадзырдыл ӕрцыдысты, уый фӕлгӕтты ӕмӕ Ӕмкуысткӕнынад ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуысы тыххӕй 2014 азы арӕзтӕрцӕуӕг бадзырды фӕлгӕтты, кӕцы ратификаци ӕрцыд 2016 азы. Не ‘мкуысткӕнынад дарддӕр кӕны тымбыл фынгтæ уадзынӕй, цыран æруынаффæ кæнæм сæвзæргæ фарстатыл, проблемæтыл æмæ уымæй нæ куыст гъæдджындæр кæнæм» – банысан кодта Дзæгъиаты Уырызмæг.

Уæрæсейы Федерацийы делегацийы сæргълæууæг, УФ уголовон тӕрхондонон кондады кассацион ӕмӕ цӕстдарыны стадиты прокурорты хайадист сифтонг кӕныны фӕдыл управленийы хистӕр Андрей Беллевич йӕ рады бузныг загъта йӕ хуссарирыстойнаг коллегӕтӕн, рӕдауӕй сӕ кӕй райстой, уый тыххӕй ӕмӕ ныфс бавӕрдта хуссарирыстойнаг коллегӕтимӕ ӕнтыстджынӕй кӕй кусдзысты, уый тыххӕй.

«Фыццаг рады уал мӕ бузныг зӕгъын фӕнды хуссарирыстойнаг коллегӕтӕн, сӕрмагондӕй Дзӕгъиаты Уырызмӕгӕн, кӕй нӕ фӕхуыдта ӕмӕ нын уӕ рӕсугъд, уазӕгуарзон зӕххыл уывыны фадат кӕй фӕцис, уый тыххӕй. Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон прокуроры номӕй уын мах  зӕгъӕм, сымахмӕ, Хуссар Ирыстоны ӕппӕт адӕммӕ нын кӕй ис цыты ахает. Мӕн ныфс ис, ӕмӕ не ‘мгуыстад дарддӕр кӕндзӕн, рӕздзӕн, ӕрмӕст профессионалон сферӕйы нӕ, фӕлӕ ӕндӕр сферӕты дӕр», – банысан кодта уый.

Мадзалы уынаффӕ цыд ахӕм темӕтыл, куыд «Уголовой хъуыддаг прокурормӕ раздахын», «Паддзахадон аххосджынгӕнӕджы баххӕстгонд развӕлгъау фӕдысгӕреты згъуыдтӕ», «Цӕстдарды фӕткмӕ гӕсгӕ (УФ УПК-йы 405 статья) тӕрхондонон уынаффӕмӕ ногӕй ӕркӕсыны рӕстӕджы ӕвзӕрырдӕм фӕивын ма бауадзын. Фундаментален бартӕ», «Тӕрхондонон уынаффӕйы райсты сӕрмагонд фӕтк, аххосджын разы куы уа, цы хъуыддаджы йӕ аххсджын кӕнынц, ууыл, уӕд».

Нӕ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.