Ивгъуыд къуыри XV Мæскуыйаг Куадзæны фестивалы орбитæмæ бафтыд Дзæуджыхъæуы горæт дæр. Цæгат Ирыстон-Аланийы Оперæ æмæ балеты националон паддзахадон театры сценæйыл Гергиты Валерийы къухдариуæгадæй Паддзахадон академион Мариинаг театры симфонион оркестрæн уыдис дыууæ концерты.

Фыццаг концерт уыд æнæ аргъæй, уагъд æрцыд фæсивæд æмæ студентты тыххæй, дыккаг концерт та уыдис хæрзаудæн. Уыцы концерт дæр ауагъдæуыд уыцы изæр.

Дыууæ концерты дæр ацыдысты аншлагимæ æмæ сценæмæкæсджытæн ныууагътой тынг бирæ æхцондзинады эмоцитæ.

Маестро Гергиты Валерийы æрхуындмæ гæсгæ Дзæуджыхъæумæ ацыд Хуссар Ирыстоны делегаци РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Тъехты Аланы сæргълæудæй.

Уыимæ концерты уыдысты РХИ-йы Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Зассеты Жаннæ, Культурæйы министр Остъаты Мадинæ, афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр, кæцы балцуат кодта маестроимæ иумæ фестивалон балцыты фæлгæтты, уыцы нымæцы йæ райгуырæн бæстæмæ дæр.

Фæстæмæ æрыздæхгæйæ, Тъехты Алан комментари сарæзта уыцы нысаниуæгджын музыкалон цауы тыххæй.

«Хъуамæ банысан кæнон уый, æмæ Дзæуджыхъæумæ Гергиты Валерийы æрцыд кæддæриддæр вæййы æнæординарон. 2002 азы уый бындур цы Мæкуыйаг Куадзæны фестивалæн æрæвæрдта, уый ссис, иумиагуæрæсейон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы культурон символтæй сæ иу.

Мариинаг театры симфонион оркестры концерт сценæмæкæсджытæм сæвзæрын кодта диссаджы тæлмæнтæ. Æцæг у афтæ кæй дзурынц, зæгъгæ, музыкæйæн йæ бон у диссæгтæ аразын. Концерты уæвджытæй алчи дæр йемæ ахаста, маестро Гергиты Валерийы разамындæй музыкæ цы диссаджы тых æвзæрын кодта сценæйыл, уымæй чысыл хай.

Æмæ куыднæ хъуамæ æрымысæм нæ цытджын æмзæххоны, кæд æмæ уый 2008 азы августы, хæстон архæйдтыты хæдфæстæ йæ оркестримæ иумæ æрцыд знаджы ныппырхгонд Цхинвалмæ, уымæй информацион блокадæ атыдта æмæ дунейæн 08.08.08. цауты тыххæй радзырдта рæстдзинад…», — банысан кодта уый.

Тъехты Алан ма радзырдта, Гергиты Валеримæ кæй фæхæццæ кодта РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды арфæйы ныхæстæ æмæ йын Хуссар Ирыстоны адæмы номæй дæр бузныджы ныхæстæ кæй загъта, республикæйы хъысмæты хайадисты тыххæй.

Гергиты Валерийæн балæвар чындæуыд Хуссар Ирыстоны уаз бынæтты нывтимæ æвзист монетатæ, кæцыты рауагъта Хуссар Ирыстоны Националон банг.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.