КУЫД СЫРÆЗТ ХЪÆУ?

Æрдз йæ рæсугъддзинадæй нæ фæхъыг кодта Знауыры районы Дзагъинайы хъæуы. Хъæ-уæн йæ райдиан райдыдта фæзбынатæй сосæфæндагмæ æввахсæй, стæй сабыргай ацыд уæлæмæ уæлæмæ æмæ зæгъæн ис, хъæуæн йæ иу хай кæй ис фæз бынаты, иннæ хай та – уæлвонг бынаты. Æмæ йæм уæлейæ бынмæ куы ракæсай, уæд дзы адæймаг райсы стыр æхцондзинад.

Æнцонвадат у цæрынæн Дзагъинайы хъæу. Фæлæ йæ ном цы нысан кæны, кæцæй равзæрд, уый абон ничиуал зоны, рæстæг æй йæ тар арфы бамбæхста, фæлæ йæ сырæзты тыххæй хъæуы ацæргæ лæг Гæджиты Окра куыд зæгъы, афтæмæй ацы хъæуы бынаты раздæр уыд тархъæд. Йæ цæрджытæ уырдæм æрлыгъдысты Къуыдаргомæй, æндæр æмæ æндæр хъæутæй. Уымæн æмæ Къуыдаргомы хъæутæ бæрзонд хæххон бынæтты кæй æрбынат кодтой, уымæ гæсгæ сын нæ фаг кодтой хуымзæххытæ. Фыццаг цæрыны охыл уым æрбынат кодтой Гæджитæ, Æлбортæ æмæ Хъæцмæзтæ. Фæстæдæр æй цæрынæн равзæрстой Зæгъойтæй, Багатæй æмæ Къадзатæй иугай хæдзæрттæ. Куыд ма загътам, афтæмæй тархъæд уыдис æмæ йæ цæгъдын-тæ систой, арæзтой дзы хуымзæх-хытæ, хъæдæй та арæзтой сæхицæн хæдзæрттæ. Тыдтой мæнæу, нартхор æмæ сын бирæ фенцондæр ис. Алы мыггаг дæр æрцардис хицæнæй. Куыд фылдæр кодтой йæ цæрджытæ, афтæ хъæу йæхи фæйнæрдæм ивæзта. Фылдæр кодтой Гæджитæ дæр æмæ уæд сæ иу Хъайсын, зæгъгæ, йæ ном, ахицæн йæ бинонтæй. Афтæ хицæн кодтой бинонтæ æмæ сæ хонын райдыдтой фыдыфыртæй. Гæджиты Окра куыд зæгъы, афтæмæй уый Хъайсынæн ныр у йæ фæндзæм фæлтæр.

ХЪÆУЫ ÆНДИДЗÆН АЗТÆ

Сæ цард хуыздæрæй хуыздæр кодта Дзагъинайы хъæуы цæрджытæн. Кæд æндæр æмæ æндæр мыггæгтæ уыдысты, уæддæр кæрæдзийыл зæрдейæ уыдысты, бахъуыды сахат цæттæ уыдысты кæрæдзийæн баххуыс кæнынмæ. Уæд трактортæ кæм уыд, куыстой лæгдыхæй, галтæй æмæ кæрæдзийæн æххуыс кодтой. Дардтой фос, тауын райдыдтой халсæрттæ, афтæмæй сæхи æркæнгæ хойрагæй цардысты. Се ‘хсæн фæ-зынд цæрдхъомдæртæ æмæ уыдонæн бирæ æнцондæр уыд. Хъæуы цæрджыты ‘хсæн кæддæриддæр фысымиуæг кодта æгъдау, фарн.

Уæдмæ æрбалæууыдысты 30-æм азтæ æмæ райдыдта коллективизацийы дуг. Хъæубæстæй йæхи гал кæмæн уыд, уыдон кулæкты номхыгъдмæ хастой æмæ сын сæ фос, сæ галтæ иумиаг хæдзарадмæ бакодтой. Кæд сын хъыг уыд, уæддæр ныхмæ нæ лæууыдысты, уый нæ, фæлæ зæрдиагæй æрæвнæлдтой сæ хæдзарад сæндидзын кæнынмæ æмæ уый сæ къухты æфтгæ дæр кодта. Дзагъинайы хъæуы донхæры дон нæй, фæлæ-иу къæвдатæ куы ахастой, уæд-иу сæ тыллæг тугыл аскъуыд.

Бæргæ разы уыдысты сæ цардæй, фæлæ æрбалæууыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азтæ æмæ Дзагъинайы куыстхъом нæлгоймæгтæ аивылдысты лæгæвзæрстæй хæстмæ. Хъæуы ма цы сылгоймæгтæ, зæрæдтæ æмæ цумахъом чызджытæ æмæ лæппутæ баззадысты, уыдон фæцудын нæ уагътой сæ колхоз, куыстой æнæрынцойæ. Иу зæххы гæппæл дæр æнæ куыстæй нæ уагътой. Сылгоймæгтыл уæлдай уæз цыдис, уыдон æхсæвыгæтты быдтой цъындатæ, æрмкъухтæ, хъарм уæлæдарæс æмæ сæ æрвыстой фронтмæ, сæ хæстонтæн. Ахæм хæдзар нæ уыд уыцы хъæуы æмæ дзы хæстмæ йæ бæлццоны чи нæ афæндараст кодта.

ХЪÆУЫ РÆЗТЫ АЗТÆ

Фесты хæстон азтæ æмæ Дзагъинайæ цы цыппор нæлгоймаджы фæцыд тугкалæн хæстмæ, уыдонæй ма фæстæмæ хæствæлладæй сыздæхтысты 25 хæстонæй æмæ хъæубæсты цæрджыты царды ногæй ныфс бацыд. Æрбалæууыдис сабыр дуг æмæ адæм бындуронæй æрæвнæлдтой сæ цард аразынмæ. Хъæуы фæзынд стурты, хуыты, сæгъты, фысты, кæрчыты фермæтæ. Алчи дæр уыдис куыстыл æфтыгъд. Æгæрыстæмæй-иу мæдтæ сæ дзидзидай сабиты авдæнты бастæй хастой быдыртæм. Фæсивæдæн арæзт æрцыд фæскомцæдисон бригадæтæ æмæ ерыс кодтой кæрæдзиимæ, чи фылдæр æмæ хуыздæр бакусдзæнис, ууыл. Фæскуыст та-иу сæ кафты, сæ зарды хъæр дардмæ хъуыстис. Фæззæджы-иу се ‘ркæнгæ тыллæг байуæрстой хъæубæстæ сæхиуыл æмæ-иу сæ цинæн кæрон нæ уыд.

Ауæй-иу дзы кодтой паддзахадæн дæр. Сæхæдæг дæр дардтой фос, тыдтой сæ хæдзаргæрон зæххы фадгуытæ æмæ ницы цух æййæфтой, сæ зымæгон бонтæ æрвыстой æдыхстæй. Алы хæдзар дæр-иу зымæгмæ схастой хуы æмæ-иу кæрæдзи рахон-бахон кодтой.

Рагуалдзæг та хъæуы цæр-джытæ æмбырд кодтой, Уæллаг Дзагъинайы цы стыр тулдзбæлас уыдис, уый бынмæ æмæ уынаффæ кодтой сæ уалдзыгон куыстытыл.

Диссаг у ацы тулдзбæласы истори. Хъæуы цæрджытæй ничи зоны,  кæд суагъта тау мæрæй, уый. Тулдзбæлас афтæ ставд у, йæ хъомысджын уидæгтæ та зæххыл аргъæутты кæлмытау адæргъытæ сты æмæ стæй зæххы афардæг сты, адæймаг сæм кæсынтыл фæвæййы. Йе ставд цæнгтæ фæйнæрдæмыты фæцыдысты. Хъæуы рагондæр цæрæг Бикойты Нуца 120 азы фæцард æмæ йæ куы фарстой, зæгъгæ йæ чи ныссагъта, уæд сын бамбарын кодта, уый дæр æй афтæмæй кæй æрæййæфта. Иууыл фенддагдæр та у, фынджы бæсты дзы цы стыр дур ис, уый. Йæ фарсмæ та бандæттæн – къаннæг дуртæ. Уырдæм æмбырд кодтой хъæубæсты цæрджытæ алы афоны дæр æмæ уым скъуыддзаг кодтой сæ царды хабæрттæ. Уырдæм æмбырд кодтой кæстæр фæсивæд дæр æмæ зæрдиагæй хъуыстой зæронд ацæргæ лæгты аргъæуттæ æмæ таурæгътæм. Алчи дæр дзы зыдта йæ бынат. Бар нæ уыд кæстæртæн уыцы дуртыл æрбадынæн. Уыдон уыдысты хъæуы дзырддзæугæдæр зæрæдты бынæттæ. Æмæ ахæмтæ та уыдысты Æлборты Садалоз æмæ Тъотъоты Шаликъо. Садалоз-иу уоны куы акаст, уæд зыдта, цы хъуамæ æрцæуа хъæубæстыл, кæнæ хицæн адæймæгтыл. Уый хос кодта цæстытæн, æвæрдта саст стджытæ. Тъотъоты Шаликъо бæрæг кодта, арвмæ кæсгæйæ, боныгъæд. Хъæубæсты уыдис, рынчынæн арфæтæ чи бакодтаид, ахæмтæ дæр.

Рæстæг куыд цыд, афтæ хъæу ивта йæ хуыз. Фæзындысты аив дыууæуæладзыгон хæдзæрттæ цæрджытæн. Дзагъинайы хъæу сыхгай адих ис хицæн колхозтыл. Æмæ сæ цард ноджы хуыздæр кодтаид, фæлæ адæмæн дæттын райдыдтой паспорттæ. Уæд фæсивæд ивылын райдыдтой горæтмæ, чи – ахуырмæ, чи – куыст ссарынмæ. Афтæмæй æрбынат кодтой, чи – Цхинвалы, чи – Гуры, чи ныххæццæ ис Тбилисмæ дæр. Иугæр фæсивæдæй цух кодта, уæд фæцудыдта хъæу æмæ уыимæ та – сæ хæдзарад дæр.

Иумæйаг фæллой та бынтон ныххæлæттаг ис 90-æм азты, хæсты арт нæ зæххыл куы   ссыгъдæг, уæд.

Абон ма Дзагъинайы хъæуы цæры 88 цæрæг хæдзары. Уыдонæн кæд абон нал ис сæхи иумæйаг хæдзарад, уæддæр сæхæдæг дарынц фос, кусынц сæ хæдзаргæрон зæххытæ æмæ сæ царды кой дарддæр кæнынц.

УÆДДÆР ЦÆМÆЙ ЗЫНДГОНД У ХЪÆУ?

Ирыстоны бирæ хæххон хъæуты цы фидæрттæ-мæсгуытæ фенæн ис, ахæмтæ фенæн ис Дзагъинайы хъæуы дæр. Гæджиты Окра куыд зæгъы, афтæмæй уыдон арæзт æрцыдысты аланты дуджы. Цæмæй хæстон архайдтыты рæстæджы сæхи знагæй бахъахъхъæдтаиккой. Окра куыд зæгъы, афтæмæй мæсгуытæм кæрæдзимæ бацæуынæн уыдис зæххы бынты фæндаг. Фæндаг ма зæххы бын уыдис донмæ дæр.

Æцæгæйдæр, диссаг уыдис ацы галуанты-фидæртты арæзт. Уыдон саразынæн хъуыд стыр хъарутæ æмæ арæхстдзинад. Ацы фидæртты къултæ, тыргътæ, асинтæ, дуæрттæ æмæ чысыл рудзгуытæ афтæ арæзт уыдысты æмæ сæм уыди иунæг бахизæн тохы бонты. Уыцы бахизæныл-иу бахастой, цыдæриддæр сæ хæцгæ-хæцын хъуыдис, уыдæттæ. Уыцы бахизæнтæ та афтæ диссаджы арæзт уыдысты, æмæ мæсгуыты бахизæнты цы стыр фæхсдуртæ æвæрд уыд, уыдоны уæлдай ма-иу дзы æрæвæрдтой уæлдай къæйдуртæ æмæ, зæгъгæ, хæцгæ-хæцын знаг мидæмæ баирвæзт, уæддæр-иу бахаудта къæппæджы: йæ рахизæн иу æрæхгæдтаид къæйдурæй æмæ-иу мидæмæ бацæуынæн та фæндаг нæ ардта йæ бахизæнтæ æмæ асинтимæ. Афтæмæй ахæм галуанты-мæсгуыты аразыны дæсныйад цыдис комæй коммæ, æмæ алантæ-ирæттæ цы хæхты цардысты, уымыты ныууагътой сæ зонды æрхъуыды, сæ дæсныйад.

Хæстон мæсгуытæ алы кæмтты æмæ хъæуты арæзт цыдысты уæлдай хъæбæрдæр, фидардæр зæххыл. Ахæм бынаты арæзт æрцыдысты Дзагъинайы хъæуы мæсгуытæ дæр.

Уыдон аразын æнцон нæ уыд. Ахæм уæззау дуртæ истой систы сæртæм, фæлæ сæ уым раст сæвæрынæн, сæ разилынæн, схæцынæн хъуыд стыр тых æмæ арæхстдзинад. Фæлæ сæ самайын та уыд æнæмæнгхъæуæг. Уымæн æмæ уæд уыдис тыхы дуг. Комбæсты цæрджытæм кæд кæцырдыгæй æрбафсæрстаид тыхгæнæг, уый ничи зыдта. Уымæ гæсгæ хæстон уавæрмæ цæттæ уыдысты æхсæвæй-бонæй æмæ арæзтой хъахъхъæнæн мæсгуытæ. Фæдисы заманы мæсгуыты сæртыл сыгътой æртытæ. Иугæр арт судзы, уæд адæм зыдтой, æххуысмæ чердæм цæуын хъæуы, уый æмæ архайдтой æппæт амæлттæй дæр фыдгулы ныхмæ æрлæууын.

Кæй зæгъын æй хъæуы, дызæрдыггаг никæмæн у, уыцы мæсгуытæ-фидæрттæ та арæзт кæй цыдысты мыггæгты астæу социалон-æхсæнадон быцæуæн, стæй тугисыны æгъдæуттæ арæх кæй уыдысты, уый тыххæй. Фæлæ уæддæр сæ сæйраг нысан уыди Ирыстоны хъæуты æддагон знагæй бахизынæн. Иугæр комбæстæм æддагон тыхгæнæг бырста, уæд-иу иуварс фæуагътой химидæг быцæутæ, хылтæ æмæ иу сæ хъару сарæзтой, стырæй, чысылæй иумæйаг знаджы ныхмæ.

Диссагæн дзуринаг уый у, æмæ дзагъинайæгтæ мæсгуытæй сæ иууыл бæрзонддæры сæхицæн кæй сарæзтой кувæндон. Окра куыд радзырдта, афтæмæй Гомарты дзуарæй стæхгæ федтой зæд. Уый æрбадтис уыцы мæсыджы сæр. Дзагъинайæгтæ йæ рахуыдтой Гомарты дзуарæн йæ чызг æмæ йæм уæдæй абонмæ цæуынц хъæубæстæ кувынмæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.