Ацы аз 25 азы сæххæст ис, Дзауы районы цы стыр зæххæнкъуыст æрцыд, ууыл.

Рæстæг дугъон бæхæй хъауджыдæр нæу, афтæ згъоры, æмæ йæ адæймаг хатгæ дæр нæ фæкæны. Ис ахæм цаутæ, кæцытæ адæмы зæрдæты баззайынц æнæферохгæнгæйæ. Бынтон сæ йæ зæрдыл бадарын кæй нæ фæфæнды, уыдоны зæрдæтæм дæр уыцы уæззау бонты æрцыдæй уазал æмæ риссаг ныхылдæй фæныхилынц æмæ та æппæт хабæрттæ дæр зын мысинæгтæй æрлæууынц адæймаджы зæрдæйыл.

1991 азы уалдзæджы тæмæны, 29-æм апрелы къуырисæр бон уыдис æмæ адæймаджы зæрдæйыл рухс æнкъарæнтæ æфтыдта. Уыцы бон, куыд фæзæгъынц, хур бæстыл атылд æмæ æрдз та цъæх-цъæхид адардта. Йæ фæсонæрхæджы дæр никæмæн æрцыдаид, ахæм удылæхцондзинад æфтауæг бон дунескæнæг кæй рахæтдзæн адæмыл. Фæ-лæ адæм цы æнхъæл нæ уыдысты, уый сыл цалдæр уысммæ æр-цыдис. Зæхх нынкъуыстис бæрцæй дæр цалдæр минуты æмæ адæм сæргой фесты. Дзауæгты æмæ æмт-кæй Хуссар Ирыстоны адæмæн æрбайхæлд се ’нцойад, бæстæ ныссаудалынг æмæ адæмы тасыл ноджыдæр æфтыдта тасдзинад…

Уыцы зæххæнкъуысты дудгæбон абон дæр ацы районы æмæ Хуссар Ирыстоны адæмæй рох нæу. Йæхи цæстæй йæ чи федта æмæ йæ чи бавзæрста, уыдонæн 25 азы размæ цы ‘рцыдис, уый абон дæр уайы сæ цæстытыл, раст цыма знон уыдис зæххæнкъуыст, уыйау. Уымæн æмæ раздæрау сæ уарзон районы рæсугъдæй нал уынынц; уымæн æмæ дзы æрцыдис уды зиæнттæ дæр.

Зæххæнкъуысты та, куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр æрæмысыдысты Дзауы районы адæм. 25 азы рацыдис æмæ йæ ма æрæмысыдаиккой, уый сæ бар нæ уыдис. Зæххæнкъуыст æрæмысын æмæ адæмы рыстыл бамаст кæныны тыххæй знон, 29-æм апрелы Дзауы районмæ æрбацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид, РХИ-йы Хицауады бæрнон кусджытæ, РХИ-йы Парламенты минæвæрттæ, афтæ ма ХИПУ-йы ахуыргæнджытæ ректор Тедеты Вадимы сæргълæудæй. Мадзалмæ æрбамбырд сты Дзауы районы цæрджытæ, районы скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæ-нинæгтæ. 25 азы размæ зæхх цы сахат æмæ минутыл нынкъуыстис (12:15), раст уыцы рæстæджы мадзаламонæг Магкоты Эльвирæ байгом кодта мысæн митинг. Уый ноджыдæр адæмы зæрдыл æрлæууын кодта 25 азы размæ 29 апрелы, къуырисæр боны Дзауы районы стыр зæххæнкъуыст æрцыдис æмæ районæн зиæнттæ кæй æрхаста, адæм æнæ хæдзæрттæй кæй аззадысты, æппæт уы-дæттæ. «Хуыцауæй ма нæ иу хорзæх уыдис, æмæ нæ районы уæд митинг арæзт кæй æрцыдис. Уый сорганизаци кодта дзæнæттаг Джиоты Заирæ. Уыцы рæстæджы Гуырдзыстоны фашистон хицауад тох кодта Ирыстоны адæмы ныхмæ. Ирон адæм та хорз æмбæрстой гуырдзиаг фашистты фыдаудæнтæ, сæ хин хъуыддæгтæ æмæ та сæ фыртыхстæй арæзтой, сæхи цæмæй фервæзын кæной, ахæм мадзæлттæ æмæ уæд сфæнд кодтам митинг саразын, раст мæнæ ныртæккæ цы ран стæм, уыцы фæзуаты. Ацы митинг фервæзын кодта æмæ бахызта фыдбылызæй бирæ адæмы. Фæлæ дзы уæддæр æрцыдис уды зиæнттæ», — загъта Магкоты Эльвирæ. Дарддæр уый адæммæ бахатыд, цæмæй, иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссарой, зæххæнкъуысты чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ.

Ныхасы бар лæвæрд æрцыд бæстæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонидæн æмæ банысан кодта:

— Зынаргъ æмбæстæгтæ! Абон мах ардæм æрæмбырд стæм уый тыххæй, цæмæй æрæмысæм, кæцытæ 25 азы размæ сæ цардæй чи ахицæн сты зæххæнкъуысты фæстиуæгæн, нæ уыцы ’мзæххонтæ. Абон мах æрæмбырд стæм, цæмæй иумæ æрæмысæм уыцы боны æппæт дудгæ-бæттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, зæххæнкъуыст адæмæн ракодта бирæ зиæнттæ, фæлæ æрдзы хъуыддаг афтæ у, æмæ йæ ныхмæ нæй стохгæнæн. Нæ историйыл цæстахæсгæйæ, фенæн ис, ирон адæм бирæ хъи-зæмæрттæ æмæ фыдæвзарæнтæ кæй бавзæрстой, уый. Бирæ фæфæрæзтой нæ адæм зындзинæдтæн. Ныр цæрæм сæрибар, хæдбар республикæйы æмæ йæ хъуамæ фидарæй-фидардæр кæнæм. Куыд гæнæн ис, уымæй та кæрæдзимæ æнгомæй-æнгомдæр кæндзыстæм. Ирыстон хъуамæ йæ къахыл слæууа æмæ размæ цæуа йæ адæмы руаджы. Мах хъуамæ ферох кæнæм æвзæр хъуыддæгтæ, кæрæдзимæ уæлдай ныхæстæ кæнын, кæрæдзи æфхæрын. Мах хъуамæ кæрæдзи фарсмæ лæууæм кæддæриддæр æмæ афтæмæй нысанмæздæхтæй, куыдхуыздæронæй скъуыддзаг кæнæм нæ сомбоны фарстытæ. Уымæ гæсгæ æз уе ’ппæтмæ дæр сидын, цæмæй алыхатт дæр хъуыды кæнат, абон нæ фарсмæ чи нал сты, æппæт уыдоны. Уыдон сты Ирыстоны хъахъхъæнджытæ, нæ райгуырæн бæстæйы цардбæллон лæппутæ æмæ чызджытæ. Мæнæн та мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй нæ адæм кæддæриддæр цæрой цъæх арвы бын æнæниз æмæ зæрдæрухсæй. Æмæ уый тыххæй та мах æппæт дæр аразæм æмæ ноджыдæр араздзыстæм. Нæ стратегион нысан та у уый, цæмæй нын дарддæр дæр æнгом, хъарм ахастытæ уа Стыр Уæрæсеимæ. Мах ацы фæндагыл рагæй цæуæм, уыцы хъуыдыйыл хæст уыдысты нæ фыдæлтæ дæр æмæ афтæ уыдзæнис дарддæр дæр.

Зæххæнкъуыст бирæ фыдæбон æрхаста адæмæн. Уæд специалисттæ куыд сбæрæг кодтой, уымæ гæсгæ Дзауы районæн йæ 90 проценты æрцыдис пырх æмæ абон дæр кæд 25 ацы рацыдис, уæддæр районы æддаг хуызыл нырма дæр бæрæг у, æрдзон æнамонддзинады фæстиуджытæ абон дæр кæронмæ иуварс кæй не ’рцыдысты. Фæлæ цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы: район цадæггай æндидзы, арæзт дзы æрцыдысты, фыццаг рады чи хъæуынц, уыцы объекттæ. Ацы хъуыддаг ма йæ раныхасы банысан кодта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Чилæхсаты Владимир дæр. Уый дæр цыбыртæй æрдзырдта, зæххæнкъуысты рæстæджы районы фылдæр хай пырх кæй æрцыдис æмæ дзы бирæ адæм кæй аззадысты æнæ хæдзæрттæй. «Махæн, республикæйы хицауадæн йæ бон куыд у, афтæ æппæтдæр араздзыстæм, цæмæй Дзауы район фæстæмæ æрцахса йæ раздæры хуыз æмæ та уа кæддæрау рæсугъд».

Мадзаламонæг ма æрæмысыд Дзауы районы хъæу Хахеты трагеди дæр. Уый уыдис нæ адæмы дудагдæр ристæй сæ иу. «Уалдзыгон райдзаст бон хъæу сыджыты бын фæуа, уый æнхъæл та нæ чи уыдис. Зæххæнкъуысты эпицентр уыдис уыцы ран æмæ хъæу цалдæр уысммæ уымæн æрбайсæфт. Æрмæстдæр ма сын кæм чи цард, науæд хъæуæн æддейæ чи уыд, уыцы æввахс хиуæттæн æмæ æгас ирон адæмæн судзгæ хъæдгомæй баззадысты сæ зæрдæты.

Диссаг куыд нæ у, дæ райгуырæн хъæумæ, хæдзармæ фæндаг мауал ссарай, уый. Афтæ бацарæфтыд Хахет», — æрхæндæгæй дзырдта Магкоты чызг. Æрвылаз дæр дзауæгтæ æрбамбырд вæййынц 29-æм апрелы æмæ æрæмысынц, районæй уæд чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ. Уыдоны ’хсæн ис æртæ æнахъом скъоладзауы, скъола-интернаты 2-æм къласæгтæ: Цхуырбаты Янис, Кокойты Марат, Джиоты Вадим.

Æппæт ацы хъуыддæгтæ сног сты абон æмæ адæм æнкъардæй хъуыстой хистæрты раныхæстæм. Уыдон кæрæдзийæн мысыдысты, зæххæнкъуыст сæ кæм æрæййæфта æмæ цавæр тасдзинад бавзæрстой, æппæт уыдæттæ. Хахеты трагедийыл зарджытæ кæй скодтой, уымæ гæсгæ дзы иу сæххæст кодта зарæггæнæг Хуыгаты Генæ. Уый фæстæ скъоладзаутæ та бакастысты æмдзæвгæтæ. Фыд Симон скуывта æмæ ирон адæмы бафæдзæхста Стыр Хуыцауæн.

Мысæн мадзалы Президент Тыбылты Леонид æмæ æрæмбырдуæвджытæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой, «Мысæн аллея»-йы цы мемориалон фæй-нæджытæ æвæрд ис, уыдоны раз.

Ирон æгъдаумæ гæсгæ ма уазджытæ æмæ районы куырыхон хистæртæ рухс загътой, зæххæнкъуысты чи фæмард ис, уыдонæн.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.