Фæззæджы кæрон, Джеоргуыбайы мæйы æнæхъæн къуырийы дæргъы (иуæй-иу кæмтты æмæ хъæуты та ноджы фылдæр рæстæг ахæссы) мах бæрæг кæнæм ирон адæмы тæккæ кадджындæр æмæ уарзондæр бæрæгбон. Куыд растдæр хонæм ацы бæрæгбон, цы нысан кæны æмæ куыд бæрæггонд цæуы? Тæрсын, канд фæсивæд нæ, фæлæ хистæр кары адæмæй дæр бирæтæ æмбæлон дзуаппытæ куынæ радтой æппæт ацы фарстытæн…

Фæстаг азты мах сахуыр стæм, Ирыстоны, ирон адæмæн мингай азты дæргъы тæккæ кадджындæр дзуарыл нымад чи цæуы, уый номыл бæрæгбон Джеоргуыба кæй хуыйны, ууыл. Суанг ма йæ цы мæйы нысан кæнæм, ноябры мæй, уый дæр хуыйны Джеоргуыбайы мæй.

Афтæмæй алкæмæн дæр зындгонд у, уыцы номы бындуры гуырдзиаг æппæтадæмон бæрæгбон Георгоба кæй ис. Æвæццæгæн ам фæнысан кæнын хъæуы Георгобайы мидис. Георгоба у Гуырдзыйы иууыл нымаддæр чи у, уыцы сыгъдæг Георги Уæлахизхæссæджы мысæн бон. Ацы бон бæрæг кæнынц афæдз дыууæ хатты: 23 апрелы (6 майы) æмæ 10 ноябры (23 ноябры); фыццаг бон у йæ мæлæты бон, дыккаг та — сыгъдæг Георгийæн цалхыл фыдхъизæмæрттæ куы бавзарын кодтой, уыцы бон мысыны кадæн. Дыккаг мысæн бон бæрæггонд цæуы æрмæстдæр Гуырдзыстоны.

Мæ зынаргъ хæлæрттæ, æмæ уæдæ мах раст бæрæг кæнæм нæ бæрæгбон, кæд нæ сыхæгтæ афтæ ныма-йынц, ома æрмæстдæр гуырдзиаг аргъуан бæрæг кæны уыцы мысæн бон нояб-ры?..

Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ! Мах бæрæг кæнæм нæхи, ирон бæрæгбон, Уастырджийы бæрæгбон. Уыимæ уый баст нæу бæлвырд историон цауимæ, бæрæггонд цæуы ирон зæхкусæджы къæлиндармæ гæсгæ, хохаг адæймаджы фæллойадон азы кæрон. Уастырджи у нæлгоймæгты, хæстонты, фæндаггонты бардуаг, мæгуыртыл аудæг, фæсивæдæн зондамонæг. Ирон адæм æй схайджын кодтой сæ уарзондæр дзуары хуыздæр миниуджытæй, хонынц æй «Сызгъæрин Уастырджи», «Бæрзондылбадæг Уастырджи», «Тæхгæ-нæргæ Уастырджи», «Сызгъæринбазыр Уастырджи» æмæ афтæ дарддæр.

Ацы уаз бæрæгбон-у куы райдыдта, уæд-иу нæ фы-дæлтæ скуывтой Хуыцау æмæ Уастырджимæ:

— Хуыцау, табу дæхицæн! Дунесфæлдисæг дæ, дзуæртты дæр ды сфæлдыс-тай æмæ нæ дæ хорзæх уæд.

— Оммен, Хуыцау!

— Тбау-Уацилла, хор-фосы хицау дæ æмæ нæ дæ хор-зæх уæд, фидæнмæ ноджы хуыздæр нывондтæ куыд æрхæссæм, уыцы ахъаз бакæн.

— Оммен, Хуыцау!

— Йе сызгъæринбазыр Уастырджи, ахсæв де ’хсæв у, æмæ дын табу уæд!

— Оммен, Хуыцау!

— Ахсæв дын бирæ адæм дæ ном ардзысты, Уыдонæй хуыздæрæн кæй куывд айс-тай, нæ куывд дæр уый æм-бал фæкæн.

— Оммен, Хуыцау!

— Уастырджи! Тыхгæнæ-гæй нæ бахиз.

— Оммен, Хуыцау!

— Уастырджи! Нæ цот, нæ кæстæртæ — де уазæг.

— Оммен, Хуыцау!

— Уастырджи! Нæ уазæг дæр де уазæг уæд, амондджын уазджытæ нæм цæуæд.

— Оммен, Хуыцау!

— Уастырджи! Нæ бæлццæттæ де уазæг, сæ хæдзæрттыл æнæмаст, æнæфыдбылызæй, дзæбæхæй æмбæлæнт!

— Оммен, Хуыцау!

— Уастырджи! Мæгуыр лæгæн æххуысгæнæг дæ, æмæ мах дæр дæ хорзæх уæд. Дæ фидæн бонтæ ныл хъæлдзæгæй куыд æрцæуой, уыцы арфæ нын ракæн.

— Оммен, Хуыцау!

Ирон адæмы хъуыдыкæнынады Уастырджи нывгонд цæуы урс бæхыл бадæг бæрзонд, хæрзконд, урсбоцъо ацæргæ лæджы хуызы. Моймæдзыд сылгоймæгтæн йæ ном дзурыны бар нæ уыди, хуыдтой йæ Лæгты дзуар.

Уастырджи æмæ Сыгъдæг Георгийæн иумæйагæй цы ис (растдæр зæгъгæйæ та, сæ кæрæдзимæ бынтондæр кæй ницы бар дарынц), уый тыххæй тынг бирæ æрмæг ис. Ссарæн ын ис интернеты дæр. Мæнæ куыд фыссы историон зонæдты доктор Дзидзойты Валери йæ уац «Цы ис иумæйагæй æмæ цæмæй хицæн кæнынц ирон Уастырджи — Уасгерги æмæ Сыгъдæг Георги?»:

«… ирон адæмы хъуыдыкæнынады цы миф ныффидар, ома Уасгерги-Уастырджи æмæ Сыгъдæг Георги — уыдон сты иу историон кæнæ историон-мифологон персонажы нæмттæ, зæгъгæ, уый цæры æмæ „æнтыстджынæй быцæу кæны“ реалон историон факттимæ».

Æвæццæгæн дыууæ ирон дзырды бæсты (Уастырджийы бæрæгбон) æнцондæр дзурæн у иу гуырдзиаг дзырд — Джеоргуыба. Фæлæ цымæ раст уыдзæн æрмæстдæр уый тыххæй галиу фæндагыл ацæуын — нæ рагфыдæлтæй нын цы бæрæгбæттæ баззад, уыдоны арф, уаз мидис æцæгæлон нын чи у, ахæмтæй баивын? Цымæ афтæмæй нæ фæсивæды нæ фæиппæрд кæндзыстæм сакралон мидис æмæ монон нысаниуæг кæмæн уыд, уыцы сыгъдæг зæдтæ æмæ бардуæгтæй (дзуæрттæй), уыдонæн табу кæнынæй? Нæ фыдæлтыккон фольклорон хæзнамæ, Нарты кадджытæм куы æркæсæм, уæд æнæзæгъгæ нæй, Уастырджи сæйраг архайæг кæм у, уыцы тексттæ дзæвгар раздæр кæй фæзындысты историон персонаж Сыгъдæг Георги цы рæстæг цард, уымæй.

Фæлæ уæддæр бирæтæ сæ кæнон кæнынц: Джеоргуыба чырыстон Сыгъдæг Ге-оргийы кадæн кæй бæрæг кæнæм (уымæй дæр ын бæрæг кæнæм йæ мæлæты бон), уыцы хъуыдыйыл ныффидар сты, парахат æй кæнынц адæмы ’хсæн. Æвæццæгæн мах, уæлдайдæр та æрыгон фæлтæры, æхсæнады цы мæнг стереотиптæ ныффидар, уыдоны фыдæнæн арфдæр ныхъхъуыды кæнын хъæуы нæ национ уидæгтæ æмæ, аргъ кæмæн нæй, уыцы хæзнатæ — сакралон зонындзинæдтæ бахъахъхъæныныл. Ууыл куы хъуыды кæнæм, уæд дзæвгар фæкъаддæр уыдзæн фæстаг рæстæг нæ бæрæгбæтты цы æцæгæлон æгъдæуттæ æмæ фæтк фæзынд, уыдоны тæфаг. Хуыздæр æмбардзыстæм нæ бæрæгбæттæн сæ мидис, сæ фæтк, къаддæр рæдидзыстæм. Зæгъæм, æз иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдтæн æвдисæн, иуæй-иутæ Уастырджийы бæрæгбоны фынгыл се ’ртæ чъириимæ карк æмæ уырыссаг арахъхъ куыд æрæвæрынц, уымæн. Уыдонæн сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, бæрæгбоны къуыри маргъæй конд хæринæгтæ кæй нæ фæтчы фынгыл æвæрын, афтæ «бырынкъджыны» фыд дæр.

Раздæр заманты бæгæны дæр, арахъхъ дæр æмæ иннæ кувинæгтæ дæр развæлгъау цæттæ кодтой ацы бæрæгбонмæ. Кусæрттаг (гал кæнæ фыс) кæддæриддæр уыд нывондгонд. Кувинæгтæ цæттæ кæнын уыд бæрнон хъуыддаг. Фыццаджыдæр адæймаг йæхи хъуамæ бацæттæ кодтаид: æрмæст сыгъдæг уд, сыгъдæг зæрдæ, сыгъдæг хъуыдытимæ конд хойраг æмæ нозт уыд нымад Хуыцауæн æхцон кувинагыл. Цы ма уа æнæгъдаудæр ахæм нывæй: не ’мдугонтæ бæрæгбоны фынгыл бадгæйæ, æнауæрдонæй сæхимæ фæкæсынц уырыссаг арахъхъæй æмæ рахизынц æнæуаг ныхæстæ æмæ анекдоттæ дзурынмæ. Ахæм бæрæгбоны бадт ницы бар дары Дунесфæлдисæг æмæ йе сконд зæдтæм кувынмæ. Сæйрагдæр свæййы карз нозтæй æмæ хæрдæй хи хорз фенын.

Уастырджийы бонтæ райдайынц хуыцаубоны, нывондгонд кусæрттаг аргæвдынæй, ома Галæргæвдæн Хуыцаубонæй. Иутæ — уыцы бон, йæ къухы кусæрттаг кæмæн нæ бафты, уыдон та — къуырисæры, се ’ртыгай чъиритæй бакувынц Хуыцаумæ æмæ Уастырджимæ. Уый фæстæ æнæхъæн къуырийы дæргъы сыхæгтæ æмæ хиуæттæ сæ кæрæдзийы фæхонынц бæрæгбоны фынгтæм. Иннæ къуырисæр та вæййы бæрæгбон æрвитæн бон.

КУЧИТЫ Руслан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.