Азæй азмæ нæ республикæйы цæрджыты цард ивы хуыздæрæрдæм. Бæрзонддæр кæны сæ царды æмвæзад. Уый æнæфæхатгæ не сты Дзауы районы цæрджытæ дæр. Ацы хъуыддаджы районы администрацийæн йæ къухты цы бафтыд саразын, уый фæдыл нын дзуры йæ сæргълæууæг  ДЖИОТЫ Андрей.

ПАДДЗАХАДОН УНИТАРОН КУЫСТУÆТТЫ АРХАЙД

Хъæууон лæгæн сæйрагдæр сты фæндаг, дон æмæ рухс. Фæндаг царды дадзин кæй у, æнæ дон, æнæ рухсæй та ныры дуджы цардыл ахъуыдыгæнæн дæр кæй нæй, уый æмбаргæйæ, районы сæргълæууæг стыр хъусдард здахы цæрджыты царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ. Сæйраг фæндаг кæй у, уымæ гæсгæ уыдон хæрзарæзт цыдысты. Цалцæг æрцыдис Уанелы хъæуæй Къусджытæм фæндаг. Куыд бæрæг у, афтæмæй фæстаг азты уырдæм уæрдонвæндаг дæр нал уыд. Уырдыгæй чи фæлыгъдис, уыцы цæрджытæй ныр бирæтæ фæнд кæнынц сæ хъæумæ æрыздæхын. Фæндæгтæ ма цалцæг æрцыдысты Жрия – Ногхъæу, Морго – Ниния, Хъемулта – Сохтæ, Джалабет – Уæллаг Тъонтъобет, Хуыцъе – Църу, Хуыцъе – Мугут, Тъонтъобет – Тататæ, Дзауы поселок – Тъонтъобет, Фæзыхъæу – Æхсæрджын. Тъонтъобеты хъæумæ арæзт æрцыдис хид, Чысыл æмæ Стыр Гуфтайы астæу цы хид ис, уый та æрцыдис цалцæг.

Зымæджы бонты фæндæгтæ сыгъдæг цыдысты митæй районы æппæт хъæутæм дæр. Къуайсайы горæты бирæуæладзыгон хæдзарæн раивд æрцыдис йе ‘мбæрзт; куыстытæ æххæст цыдысты доны хæххытæ Дзау æмæ Къуайсамæ уадзыны фæдыл; нуазыны дон уагъд æрцыд Гуфта, Тъонтъобет, Тататæ, Фæзыхъæу æмæ Хуыцъейы хъæутæм; хæрзарæзт æрцыдис Дзауы административон центры иу хай, афтæ Къуайсайы парк æмæ сывæллæтты цæхæрадоны территори; рог цалцæг скодтам Дзау, Хуыцъе, Синагур æмæ Къуайсайы скъолатæ, капиталон цалцæг та – Хуыцъейы хъæууон администрацийы бæстыхай. Хъусдард здæхт цыдис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг хæстонты цыртдзæвæнтæ æмбæлон уагмæ æркæнынмæ. Цалцæг æрцыдысты, Теделет, Киров, Рукъ æмæ Елхъанты хъæуты цы цыртдзæвæнтæ ис, уыдон.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ хайад истой Инвестпрограммæйы фæлгæтты объектты арæзтадон куыстыты. Цæвиттон, ивгъуыд аз уыдон хайад истой Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтадон куыстыты.

Районы паддзахадон унитарон куыстуæттæн сæ разы ис проблемæтæ дæр, кæцытæн сæ сæйрагдæр у материалон-техникон базæйы уавæр. Сæ бæрныуæвæг техникæ ноггонд нæ цыдис 2011 азæй фæстæмæ æмæ сын нæ фаг кæны спецтехникæ.

Районы арæзтадон эксплуатацион куыстуæттæй дарддæр архайы паддзахадон унитарон куыстуат «Бæгъиаты суар»-ы завод. Ацы куыстуатæн йæ продукци хорз зындгонд у Цæгат Кавказы базæртты. Фæлæ ивгъуыд азы йæ экономикон бæрæггæнæнтæй зæрдæ нæ рухс кæны. Уымæн йæ аххосаг у таможнæйон органты æрдыгæй нæ продукцимæ домæнтæ кæй фæивтой, уый. Нал ын уыд аласæн республикæйæн æддæмæ æмæ рауадзгæ продукцийы гуырахст фæкъаддæр 60 проценты.

ХЪУСДАРД ЗДАХЫНЦ ФОСДАРД РАЙТЫНГ КÆНЫНМÆ

Хъæууон хæдзарады тыххæй дзургæйæ районы сæргълæууæг банысан кодта ивгъуыд азы кæронмæ районы фермерон хæдзарадты кæй уыдис 215 сæры ставдкъах фос. Уыдонæй 98 сæры – хъуццытæ. Хисæрмагонд хæдзарадты та ис 3305 сæры. Уыдонæй хъуццытæ сты 1511 сæры. Сæгътæ æмæ фыстæ – 216 сæры, 1062 – хуытæ, 1220 – мыды чыргъæдтæ.

Зымæгмæ фосæн æрцæттæчындæуыд 2030 центнеры холлæгтæ. Æмæ зæгъæн ис, фос æдыхстæй кæй арвитдзысты сæ зымæгиуат.

Хъæууон хæдзарады управлени, бюджетон фæрæз-тæй не спайда кæнгæйæ, Цæгат Ирыстонæй æрласта картоф æмæ сагъд æрцыдысты 8 гектары фæзуатыл. Райсгæ тыллæг дих æрцыд районы æмæ республикæйы медицинон уагдæттыл, районы ветерантæ æмæ æвæ-рæз бинонтыл.

Хъæууон хæдзарады управленийы тыхтæ æмæ фæ-рæзтæй æххуыс цыдис, куыд районы фермерон хæдзарадтæн, афтæ хицæн адæймæгтæн дæр, æххуыс сын кодтой техникæйæ сæ хуымзæххытæ бахуым кæныны.

АХУЫРАДОН УАГДÆТТÆМ ÆМБÆЛОН ХЪУСДАРД

Сæрмагонд хъусдард здæхт цыдис ахуырады къабазмæ. Районы архайынц 8 иумиаг ахуырадон скъолайы, скъолайы агъоммæ дыууæ уагдоны, скъолайы агъоммæ æндæр æмæ æндæр кары иу къорд, Гуфтайы скъолайы базæйыл æмæ сывæллæтты сфæлдыстады хæдзар. Районы скъолаты æдæппæт ахуыр кæны 527 ахуыргæнинаджы. Хъыгагæн, чысылкомплектон скъолаты чи ахуыр кæнынц, уыцы ахуыргæнинæгты  нымæц азæй-азмæ къаддæр кæны, кæд Синагуры, Хуыцъейы, Кировы æмæ Хъемултайы хъæуты бирæ сарæзтæуыд нормалон ахуырадон процесс организаци кæныны хъуыддаджы, уæддæр. Синагур æмæ Хъемултайы хъæутæй дарддæр иннæ скъолаты ахуыргæнинæгтæ ифтонг цæуынц хæлцæй.

Сывæллæтты сфæлдыстадон хæдзары архайынц 16 кружокы, кæцыты хайад исынц 170 ахуыргæнинаджы.

Аивгъуыйгæ ахуыры азы скъола каст фесты 41 адæймаджы. Уыдон иу стæмтæй дарддæр бахаудысты куыд нæ университетмæ, афтæ Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæм.

Районы ахуырады къабазæн цы æхцайы фæрæзтæ рахицæнчындæуыд, уыдонæй баххæст æрцæуынц скъолаты инвентарь æмæ ифтонггæрзтæ.

Бæрæг куыст бакондæуыд ахуырадон уагдæтты цалцæг кæныны æмæ ног ахуыры азмæ бацæттæ кæныныл. Арæзт фæцис Дзауы астæуккаг скъолайы спортивон зал æмæ тагъд рæстæджы эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн, цалцæг æрцыдис Къуайсайы скъолайы агъоммæ уагдоны хъармгæнæн системæмæ, рог цалцæг  æрцыдысты Дзауы скъолайы агъоммæ уагдон æмæ Дзауы скъолайы бæстыхæйттæ.

Районы æппæт ахуырадон уагдæттæ дæр цæттæйæ сæмбæлдысты зымæджы хъармгæнæн сезоныл. Ахуырадон уагдæттæ зæгъæн ис комплектгонд сты кадртæй. Фæлæ ацы хъуыддаджы проблемæтæ ис Синагур æмæ Хъемултайы скъолаты. Уыдоны, сæйраджыдæр кусынц æрцæуæггаг ахуыргæнджытæ.

Ахуыры гъæд бæрзонддæр кæнынæн ахъаз кæны ахуыргæнджыты квалификаци бæрзонддæр кæнын. Фæлæ, хъыгагæн, коронавирусы пандемийы аххосæй квалификаци бæрзонддæргæнæн курсытæ ахаст æрцыдысты фæстæдæр æмгъуыдмæ. Аргъæвд æрцыд ахуыргæнджыты аттестаци дæр. Пандемия йæхи коррективæтæ бахаста ахуырады процессмæ. Бирæ мадзæлттæ æргъæвд æрцыдысты, кæнæ та сæ уагътой дистанцион æгъдауæй. Æрбалæугæ азы районы администрацийы ахуырады хайад йæ разы æвæры ахуыр-хъомыладон процесс фæхуыздæр кæныны хæс.

ИВЫНДЗИНÆДТÆ – КУЛЬТУРÆЙЫ КЪАБАЗЫ

Бæрæг ивындзинæдтæ æрцыдис хуыздæрæрдæм культурæйы къабазы дæр. Кæд хъæууон библиотекæтæн сæ фылдæр хайы æмæ централон районон библиотекæйы дæр къуындæг уавæрты кусынц, уæддæр фæбæрзонддæр чиныгкæсджытæн лæггад кæныны æмвæзад. Æрбæстон чингуыты фондтæ  хынцыны хъуыддаг. Хорз хъуыддаг уыдис ивгъуыд аз ног бæстыхайы кусын кæй райдыдта Дзауы сывæллæтты библиотекæ. Уый     ифтонг у æппæт хъæуæг ифтонггæрзтæй. Иттæг хорз уавæртæ арæзт æрцыди Къуайсайы сывæллæтты библиотекæйы. Сцалцæг кодтам Хуыцъейы хъæууон библиотекæйы. Афтæмæй уавæртæ арæзт цæуы цæрджытæн сæ сæрибар рæстæг æрвитынæн. Культурон уагдæттæ  ауадзынц мидисджын мадзæлттæ, конференцитæ, сывæллæттæн конкурстæ æмæ æндæр ахæмтæ.

Сæ куыст фæхуыздæр районы архайæг клубтæн дæр. Капиталон цалцæджы фæстæ хорз уавæртæ ис кусынæн Къуайсайы культурæйы хæдзары. Ардæм хореограф хуынд æрцыд Дзæуджыхъæуæй. Уый кафты аивадыл цайдагъ кæны 60 адæймаджы. Уыдон сты цыппар къорды. Ам цы сывæллæтты хореографион ансамбль ис, уый ныридæгæн хайад райсы районон æмæ республикон мадзæлтты. Цæрджытæн равдисынц кинонывтæ, концерттæ бæрæгбонтæм, æндæр алыгъуызон мадзæлттæ. Фæлæ та культурæйы къабазыл дæр мæгуырауæрдæм бандæвта пандеми. Культурæйы хайад цы мадзæлттæ снысан кодта, уыдон ивд æрцыдысты сентябрæй азы кæронмæ.

Зынгæ куыст бакодтам культурæйы уагдæттæн инвентарь æмæ ифтонггæрзтæ самал кæныны фæдыл. Цæвиттон, киноконцертон залæн самалчындæуыд 176 мин сомы аргъ, Хуыцъейы культурæйы хæдзарæн ирон фæндыр 186 мин сомы аргъ.

Куыст цыдис фæсивæды æхсæн æнæниз цардуаг æмæ спорт популяризаци кæныны фæдыл. Уыцы нысанæн уагъд цыдысты алыгъуызон мадзæлттæ. Цæвиттон, Дзауы скъола-интернаты ахуыргæнинæгтæ уыдысты Цæгат Ирыстоны Цъæйы хæххонлыжæйон базæйы. Лыжæтыл бырынæй районы ауагъдæуыд гом турнир, афтæ ма турниртæ ауагъдæуыд шашкæтæ æмæ футболæй.

Дзауы районы администрацимæ сæ куырдиæттимæ бацæуынц районы фæллойгæнджытæ. Уыдонæн сæ куырдиæттæ фылдæр вæййынц куыстæй сифтонг кæнын æмæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ ацы фарстатæ карзæй кæй лæууынц администрацийы раз.

Кæд коронавирусы пандеми зынгæ ивындзинæдтæ бахаста районы цардархайдмæ, уæддæр ивгъуыд азы снысангонд плантæ зæгъæн ис æххæст æрцыдысты æмæ ныртæккæ куыст цæуы районы рæзты дарддæры плæнттыл.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.