Гуырдзиаг оппозици кæй организаци кæны, уыцы акцитæ, фыц-цаджыдæр, здæхт сты сæ хицауиуæгады ныхмæ, – фехъусын кодта ИА Ресæн фæсконфликтон бæстонкæнынады фарстыты фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат. Хуссарирыстойнаг хъæу Æмдзæрин æмæ гуырдзиаг хъæу Собисмæ хæстæг Тбилисæй æрбацæуæг «митинггæнджытæ» кæй ауагътой, уыцы акцийæн комментари аразгæйæ.

«Ацы акциты рæстæджы политикон лозунгтæ, уыцы нымæцы Собисы Украинæйы тырыса рахæссын ноджыдæр бæлвырд кæнынц, Гуырдзыстон æмæ Украинæ иу проекты цæгтæ кæй сты æмæ йæ режиссертæ та Гуырдзыстонæн æдтейæ кæй сты, – банысан кодта Джиойы фырт.  Уымæн ирд цæвиттон у, ацы бонты «митингтæ» кæм уагътой, уым Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Яна Келлийы фæзынд æмæ йæ ныхæстæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны тыххæй»

Акцийы хайадисджытæ хъæр кодтой æмæ сæ сæрмæ сдардтой Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы дæлдзиныггæнæг лозунгтæ, афтæ ма гуырдзиаг æмæ украинаг тырысатæ. Афтæмæй гуырдзиаг æхсæнады ногæй цырын кæнынц хъаугъа, цыма «аннексигонд» æрцыдысты гуырдзиаг территоритæ.

8-9 июлы гуырдзиаг акциты фæстæ «Бершуеты хъæуы районы, паддзахадон арæнмæ хæстæг, мах Инцинденттæ ма æруадзыны механизмты фæлгæтты радон фембæлды хъусдард аздæхтам ахæм архайдтыты провокациондзинадмæ æмæ гуырдзиаг фарсмæ æрсидтыстæм, цæмæй ахæм акцитæй уавæр ма карздæр кæной. Фæлæ паддзахадон арæнмæ хæстæг бынæтты, афтæхуыйнæг, «митингтæ» дарддæр кæй цыдысты, уымæ гæсгæ хатдзæг саразæн ис, Гуырдзыстоны хицауиуæгады кæй нæ фæнды кæнæ та сæ бон кæй нæу ситуацийыл бандавын», – банысан кодта Джиоты Мурат.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй бынтондæр абсурдон сты, уыцы акциты Уæрæсейы адресыл цы азымтæ зæлыдысты, уыдон.

«Мах бирæ хæттыты хъусын кодтам, Гуырдзыстонимæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæн хæрзифтонг кæныныл кæй кусы РХИ-йы æмбæлон арæнгæрон службæ. Арæны хахх бæлвырд цæуы хуссарирыстойнаг нормативон-барадон базæмæ гæсгæ, хæдбар паддзахад  Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл уæвæг уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ та дыууæфарсон æхсæнпаддзахадон бадзырдмæ гæсгæ хъахъхъæнынц РХИ-йы паддзахадон арæнтæ æмæ иу метр дæр никуы бахызтысты Гуырдзыстоны территоримæ», – бамбарын кодта æххæстбарджын минæвар.

Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ, банысан кодта Джиоты Мурат, НАТО-йы Генералон секретарь Йене Столленбергы ныхæстæ уый тыххæй, зæгъгæ, Гуырдзыстонæн дарддæр æххуыс цæудзæнис, уымæн æмæ «мах бæстæйы уынæм фæсарæйнаг æфсæдтæ», дисы æппарынц, кæд йæ хъуыдыйы уæрæсейаг æфсæдтæ сты, уæд.

«2008 азы фæззæгæй фæстæмæ Гуырдзыстоны территорийыл нал сты уæрæсейаг æфсæдтæ, фæлæ дзы активонæй уæвынц растдæр НАТО-йы бæстæты æфсæдтæ, июлы кæронмæ ам план цæуынц НАТО-йы æфсæддонты хайадистæй æфсæддон ахуыртæ ауадзын. Растдæр Гуырдзыстонæн æфсæддон æххуыс, йæ территорийыл НАТО-йы структурæтæ равæрын хъуамæ уой тыхстдзинады фактор уыдонæн, кæцытæ æцæ-гæйдæр тыхсынц регионы сабырад æмæ æдасдзинады хъысмæтыл», – кæронбæттæны загъта Джиоты Мурат.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.