«Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ’хсæн паддзахадон арæны тыххæй» Бадзырд йæ тыхы кæй бацыд, уый у, Республикæйы арæнтæ æхсæндунеон-барадон хуызы арæзт кæй цæуынц, уыцырдæм ахсджиаг къахдзæф, — фехъусын кодта Фæсконфликт æрнывыл кæныны фарстыты фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Бадзырд ноджыдæр иу хатт æвдисæн у Хуссар Ирыстон нымад паддзахад кæй у, æмæ РХИ æмæ УФ-йы ’хсæн кæй арæзтæуы бадзырдон-барадон, æмбар ахастытæ.

«2008 азы 26 августы Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны куы банымадта, уæдæй фæстæмæ дыууæ бæстæйы æхсæн фидаргонд æрцыд иукъорд паддзахадон бадзырдтæ æмæ сразыдзинæдтæ. Уыдон æхсæн ахсджиаг бынат ахсы „Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн Паддзахадон арæны тыххæй“ Бадзырд. Къухфыст ыл æрцыд 18 февралы 2015 азы, — загъта Джиойы фырт. — бадзырдыл бирæ рæстæджы дæргъы куыстой арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл дыууæ къамисы — хуссарирыстойнаг фарсырдыгæй къамисы сконды уыдис республикæйы хицауад, ахæм скондæй куыста уæрæсейаг фарс дæр». Иумæйаг куысты фæстиуæг сси 2015 азы 18 апрелы къухфыст кæуыл æрцыд, уыцы Бадзырд. Ныр уый хъуамæ æрцæуа ратификацигонд, зæгъгæ, загъта Джиоты Мурат.

«Хуссарирыстойнаг фарсырдыгæй парламент Бадзырдмæ æркаст ацы аз апрелы райдианы, æмæ „Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн Паддзахадон арæны тыххæй Бадзырд сратификаци кæныны тыххæй“ Хуссар Ирыстоны Парламенты регламентмæ гæсгæ райст æрцыд йæ фыццаг хуызы. Ныфс нæ ис, тагъд рæстæджы Бадзырд кæй уыдзæн ратификацигонд, — загъта Джиоты Мурат. — 15 апрелы Бадзырдмæ æркастæуыд Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы æмæ æрцыд ратификацигонд. 20 апрелы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн паддзахадон арæны тыххæй Бадзырд сратификаци кæныны фарстмæ æркастæуыдзæн Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацион Советы».

Президенты минæвар йæ ны-хас баххæст кодта, зæгъгæ Бадзырд у Республикæйы цæмæй дунеон æмæхсæнад банымайой, уыцырдæм ахсджиаг къахдзæф.

«Ныфс мæ ис, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн арæн сбæлвырд кæныны фæдыл дæр куыст кæй цæудзæн, — банысан кодта Джиойы фырт. — Хуссар Ирыстоны ’рдыгæй иу æмæ дыууæ хатты нæ сидтыстæм Гуырдзыстоны хицауадмæ арæны лимитаци æмæ демаркацийы фæдыл куыстмæ иумæйагæй æрæвналыны сæраппонд. Женевæйаг дискусситы æм-вæзадыл мах цалдæр хатты æмсæрдæрттæм алæвæрдтам Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады официалон фыстæг ацы ахсджиаг хъуыддаджы æхсæнылæуджытæй слæууыны фæндонимæ. Гуырдзыстоны фарс нырма цæттæ нæу немæ ахæм куысты бацæуынмæ. Ныфс нæ ис, ахæм куыст уагъд куы рцæ-уа, уæд арæнимæ баст фарстытæ ист æрцæудзысты, æмæ уый ахъаз уыдзæн æмткæй регионы сабырдзинад æмæ фарн æрфидар кæ-нынæн».

Джиойы фырт ма куыд загъта, афтæмæй Бадзырды нысангонд у кавказы сæйраг хохрагъыл хурныгуылæнæй хурыскæсæны онг РХИ æмæ УФ-йы æхсæн паддзахдон арæны хаххы лæмбынæг афыст.

«Ацы хахх бæлвырдгонд у, советон дуджы чи уыд, паддзахадон арæны уыцы хаххимæ æмразыйæ, — загъта Джиойы фырт. — Бадзырд нæ бæлвырд кæны ахизæн пунктты арæны сæрты ахизыны фæтк, уымæн æмæ уый бæлвырдгонд цæуы æндæр æхсæнпаддзахдон бадзырдтæ æмæ сразыдзинæдтæй».

Джиоты Мурат ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Бадзырдимæ уæлæвæрд у РХИ æмæ УФ-йы æхсæн паддзахадон арæн кæуылты цæуы, уый хахныв (карта).

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.