Джуссойты Константин ауагъта æмбæстæгты химæрайст. Хайад дзы райстой хицауады аппараты къухдариуæггæнæг Джуссойты Алан æмæ хицауады сæргълæууæджы æххуысгæнджытæ.

Куырдиæтты фылдæр хай уыдысты цæрæнуат сцалцæг кæнын, бизнес-проекттæ реализаци кæнынæн, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фадыджы æмæ æндæртæн æххуыс бакæнын.

Отъреуы хъæуы цæрæг хицауады сæрдармæ бахатыд коллективон куырдиатимæ, цæмæй ахуыры рæстæджы скъоладзаутæн сорганизаци кæной машинæ Цхинвалы онг æмæ фæстæмæ.

«Махмæ хæстæг скъолатæ кæй нæй, уымæ гæсгæ Отъреуæй æмæ æввахс хъæутæй сывæллæттæ ахуырмæ цæуынц Цхинвалмæ. Фæлæ рейсон автобус алы бон нæ цæуы, æмæ мах бар-æнæбары агурæм æндæр фæндæгтæ сæвзæргæ уавæрæй рахизынæн, кæцы нын алыхатт нæ рауайы. Махæн алкæмæндæр, сывæллæттæн æмæ ныййарджытæн, тынг æхсызгон уыдзæн скъоладзаутæн  регулярон рейс арæзт куы ‘рцæуа», – загъта сылгоймаг, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, хъæуты кæй хъæуы уæлæмхас донифтонгад, уæлдайдæр тæвд бонты.

Джуссойты Константин банысан кодта, æнæмæнг  кæй у хъæуы цæрджытæн æххуыс бакæнын æмæ æппæт уавæртæ саразын, цæмæй районтæм цæрджытæ фæстæмæ здæхой.

«Ахсджиаг у сывæллæттæн скъоламæ цæуыны фадат саразын, æмæ мах æввахс рæстæджы бакусдзыстæм ацы фарстыл. Афтæ ма контролы бын исæм хъæутæ донæй сифтонг кæныны фарст дæр», – загъта хицауады сæрдар.

Иннæ цæрæг та химæрайстмæ æрбацыд цæрæнуат сцалцæг кæныны куырдиатимæ. Сылгоймаг радзырдта, зæгъгæ, Къусреты хъæуы йæ хæдзар хъыгдард æрцыд 2008 азы августы хæстон архайдтыты рæстæджы, уыцы цау бæрæг æрцыд алыгъуызон паддзахадон къамистæй, фæлæ цæрджытæ хæдзары æмбæрзт раивынæй дарддæр ницы æххуыс райстой, æмæ сылгоймаг ныр цæры  йæ æххуысхъуаг лæппу-инвалидимæ иу хатæны.

Ахæм куырдиатимæ ма хицауады сæргълæууæгмæ бахатыд горæт Цхинвалы цæрæг дæр. Хæдзары хицæуттæ бирæ рæстæг цардысты цатыры. Рæстæг рацæугæйæ сæхи тыхтæй бакодтой цалцæггæнæн куыстытæ, фæлæ бинонтæн æхцайы фæрæзтæ нæ фаг кæны, цæмæй хæдзар хъæугæ хуызмæ æркæной.

Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй цæрæнуæттæ сцалцæг кæныны фæдыл паддзахадон программæ официалонæй фæцис 2014 азы. Ныртæккæ ацы фадыгæн бюджеты æхцайы фæрæзтæ нæй. Фæлæ 2008 азæй пырхгонд хæдзæрттæ кæй баззад, уый фæдыл æнæмæнгхъæуæг у фадæттæ ссарын адæмæн баххуыс кæнынæн, æхцайы фæрæзтæ фидæны азы финансон планы сæвæрын.

«Мах хæсджын стæм алцыдæр аразын, цæмæй не ‘мбæстæгтæн баххуыс кæнæм», – банысан кодта хицауады сæргълæууæг, æмæ ныфс бавæрдта цæрæнуæттæ сцалцæг кæныны фæдыл фарст йæ контролы бын кæй райсдзæн.

Химæрайсты рæстæджы ма Джуссойты Константин байхъуыста  æндæр æмбæстæгты куырдиæттæм дæр. Хицауады сæргълæууæг бахæс кодта профилон ведомствоты къухдариуæггæнджытæн, цæмæй анализ саразой æмбæстæгты куырдиæттæн æмæ хъæугæ уынаффæтæ райсой. Уæлдай хъусдард здæхт æрцыд ацы хæстæ æмгъуыдыл сæххæст кæнынмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.