ЗАРДАМОНТЫ ЗИУЫ ХОСДЗАУ

Дыккаг Стыр Фыдыбæстæйон хæсты размæ ирон нывæфтыд литературæмæ цы дзæвгар сфæлдыстадон фæсивæд æрбацыд, уыдонæй иу уыд поэт, прозаик, драматург, публицист, тæлмацгæнæг Дзугаты Георги. Йæ удæгасæй фæндзай азæй фылдæр фæлæггад кодта йæ адæмæн, стæй, йæ уацмыстæ тæлмац цы адæмты æвзæгтæм цыдысты – уырыссаг, украинаг, беларуссаг, абхазаг, сомихаг, нæ фыдбоны сыхæгтæ æмæ æндæр адæмтæн.

Дзугаты Хасæхъойы фырт Георги райгуырд Ирыстоны хуссар хайы Бурхохы сынæджы уæлхъус, Дзугаты хъæуы 1911 азы, тæргæйтты мæйы 28-æм бон мæгуыр хохаг лæджы хæдзары. Хæрз сабийæ бавзæрста фыдцарды фыдæвзарæнтæ: тыхамæлттæй ардтой маамæлайы къæбæр; бахауд ирон адæмæн 1920-æм азы нæ фыдбоны сыхæгты геноциды; 21-27-æм азты хъæздгуытæн уыд искæйон («Фыййауы бонтæ»):

Нæ мæм дзырдта ничи мæ номæй лæгау,

Мæ иузæрдыг Мила – мæ хуыздæр æмбал.

Мæ цæстмæ – æхсидав, мæ дзыхмæ – къæбæр,

Былысчъил, фыдфидис, кæйдæр саубæрзæй…

Мæ дарæс бызгъуыртæ, мæ хуыссæн – хъæбæр,

Фæдæн-иу уыргæфтыд фысымы цæфтæй.   

Фæлæ нæ фыссæгыл йæ сабибонты хуыздæр аудæг нæ уыдис. Гæвзыкк афтидарм бинонтæ сæ къухтæм æмхасæнтæ кодтой, цæмæй нæ фыдбоны сыхæгты геноциды фæстæ сæ хæдзары бындурыл ногæй цард сæндидзын кодтаиккой. Æрмæст 16-аздзыдæй ссис йæ бон Ручъы райдиан скъоламæ бацæуын. Дыууæ азы фæцахуыр кодта, стæй ацыд Ирыстоны цæгат хаймæ. Ногиры цыд цыппæрæм æмæ фæндзæм кълæстæм. 1930-æм азы сæ каст фæцис æмæ дыууæ азы Сталиниры ахуыр кодта искæйонты курсыты, стæй бацыд педагогон ахуыргæнæндонмæ. Каст æй фæцис 35-æм азы, æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта пединституты ирон æвзаг æмæ литературæйы хайады. Уыцы иурæстæджы куыста газет «Хурзæрин»-ы редакцийы, фыццаг – литкусæгæй, фыстæджыты хайады гæсæй, стæй – бæрнон нымæрдарæй. Фæлæ йæм æфсадмæ æрсидтысты 1939-æм азы. Фыдыбæстæйон хæст æй уым æрæййæфта, фæлæ 1941-æм азы майрæмкуадзæны мæйы фашисттæм бахаудта уацары, æмæ дзы гуырдзиагæй фæцис 1945-æм азы тæргæйтты мæймæ, стæй ра-лыгъд. Уыцы удмарæн, лæгфæлварæн азты тыххæй афтæ дзырдта: «Уацары уæвгæйæ, фашистон лагерты æмæ рын-чындæтты цы зындоны митæ бавзæрстон, уыдон дзурæг нæ радзурдзæн, фыссæг нæ ныффысдзæн».

Куы æрыздæхт, уæд зæрыбонмæ фæкуыста журнал «Фидиуæджы» литкусæг, бæрнон нымæрдар, сæйраг редактор, стæй – Фысджыты цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады лит-консультантæй. Нырма йе сфæлдыстадон тыхы уыдис, афтæмæй йæ æнæнхъæлæджы низ не ‘хсæнæй атыдта 1985-æм азы, хуымгæнæны мæйы 10-æм бон.

Кусгæ та бирæ кодта литературæйы алы жанрты. Йæ чингуытæ адæмы ‘хсæн популярон кæй уыдысты æмæ сты, ууыл дзурæг у, абон дæр йе ‘мдзæвгæтæй бирæйыл кæй ис зарджытæ: «Сусæг уарзт», «О, уыцы дыууæ сау цæсты», «Мæ чысыл малусæг», «Уарзт»… Уый дзурæг у поэты ‘нтыстыл. Кæд æй, йæхæдæг куыд зæгъы (“Мæ фæндаг”), афтæмæй хъысмæт бакодта зынг уæхстыл, æмæ йæ зæрдæ дихтæ кодта, уæддæр йæ дурвидар дæндæгтæй йæ зынтыл бирæгъау хæцыд. Тых кодта йæ зынтыл дæр, мæлæтыл дæр:

Мæ фæндаг сонты бонтæй ардæм

Цыди тæрккъæвдаты, тымыгъты.

Хъысмæт мæ не «сбуц кодта» цардæй,

Мæ удæй нал иста йæ ныхтæ.

Уæддæр зæллангхъуырæй ныззарын,

Уæддæр мæ амондыл нымайын:

Кæй у мæ чысыл Ир советон

Мæн дæр йæ æвзæр фырт кæй хоны.

Дзугаты Георгийы сфæлдыстад Иры зæрдæйыл æмбæлд. Ныр­тæккæ дæр ын  ахсджиаг у æмæ уыдзæнис ахсджиаг. Йæхæдæг кæд йæхи æвзæр фырт хоны, уæддæр уый буцæн афтæ дзырдта. Æвзæрæн йæ райгуырæн бæстæ йæ дзырды сæр нæ вæй­йы. Георгийæн Ирыстон цæрæнбонты йæ кой уыдис. Уарзта йæ хъæбулы уарзтæй. Уый риуы æхсырæй кæй схъомыл, йæ цард уым кæй арвыста, йæ фæд ууыл кæй ныууагъта, уый йын æхсызгон уыдис. Ирыстоны йæ ныййарæг хуыдта. Мады цæстæй йæм каст. Мады лæггад та фидгæйæ у. Поэт уымæн тыхст Ирыстоны бирæ лæггæдтæ бафидыны тыххæй. Ныййарæджы лæггæдтæ йæ хъæбул куыд бафиды, афтæ. Поэт уымæн дзырдта Ирыстонæн /«Ирыстон»/:

Æмбисондæн баззад нæ кадджын фыдæлтæй:

Зæрдæ, дам, чысыл у, фыды мур æрмæст.

Мæнæн та мæ бæстæ æд хæхтæ, æд фæзтæ

Мæ зæрдæйы бацыд, йæ цинæй – æфсæст.

Ирыстонимæ поэты зæрдæйы сты, Ирыстон Ирыстон кæмæй у, сæрыстырæй кæй тыххæй цæуы, ном ын чи кæны, уыдон се ‘ппæт дæр.

Поэтæн æгæрон адджын уыдысты хæхтæ. Уыдысты йын «мадзуратæ», «сæрыстыр», «куырыхон»… Зыдтой йын хъуыды кæнын, дзурын, цин кæнын, стæй маст кæнын дæр. Удыгæстау сæм уымæн дзуры. Уымæн сæ фæрсы, сæ цæсты къуырфыты, уырынгтæ тæрныхты, сæ «халас æрфгуыты» «цæй бæрц сагъæс дарынц», уымæй.

Поэт зоны, «фыдæлты заманы нæ мадæлты ниуын»-иу кæй цыд не знæгты азарæй, «нæ хæстон æфсургъты уæгъдидонæй уасын»-иу кæй хъуыст, фæлæ «нæ хъандзал фæринкты æхситгæнгæ дасын» бахъуыд не знæгты. Уыдæттæ хорз зонынц æмæ хъуыды кæнынц хæхтæ, фæлæ сæ нæ дзурынц. Кæсынц нæм æгомыгæй. Нæ нын кæнынц сæ «зæрдæйы арфмæ» сæ «рагон хъуынæвæрд æппæт фенаг дуæрттæ, Историйы сусæг æвæрæнджын тæрттæ». Уыцы хъуыддаг поэты æппары сагъæсы – уæдæ нын хæхтæ цæмæннæ æргом кæ-нынц сæ зæрдæтæ, зæгъгæ, хауы дызæрдыджы /«Хæхтæ»/:

Нæ кадылмард хæхтæ!

Æви уæм нæ зонæм уæхи ‘взагыл дзурын;

Нæртон лæгау хатын, нымд кæстæрау курын;

Æви нæм нæма ис, нæма райгуырд Иры

Сымах аккаг поэт нæ абоны цины;

Æви йæ ныббасти, Амыранау, хохмæ?

Нæ йæм хауынц дугъы æфсургъ бæхы рохтæ,

Йæ бон нæу Къостайæн йæ ингæнæй растын,

Æмæ ныл бæлгæйæ ивгъуыйынц нæ азтæ?

Фыссæг бæллы титан поэтмæ. Уый уаид «нæ карз дуджы аккаг». Уый куы ныззарид, уæд ризиккой «нæ хæхтæ йæ цинæй, йæ уарзтæй, куыд бада сæ цæссыг сæ зачъетыл хасæй». Фæлæ дуджы аккаг цæхæрзæрдæ фаззоныл йæ цæст нæ хæст кæны, æмæ йæм бæллы.

Цалынмæ ахæм поэт фæзындаид, уæдмæ уал йæхæдæг зарыд йæ дугыл. Сагъæс кодта, «уадсур, уадæмдых алантæ» «искæй сидтмæ дæр фæдисы» зынгфатау кæй тахтысты, зæхх сæ «къæхты бын цъæх артау» кæй сыгъд, фæлæ сæ фæстагæттæн кæй ницы ныууагътой, ууыл /«Алантæ»/. Нæ дзы рох кодта, Ир «сæрибаруарз цæргæсау» «кæрдгæ хæхты къæсæрмæ» куыд ыстахт, цæмæй «налат ызнаг – зæрдæсау» «Уына нæ фæринк кард йæ сæрмæ» /«Цæргæс»/. Йæ дзуринæгтæ сты «Æфсирты ныхас» дæр, сау нымæт /«Нымæт»/ рагъæнæй кæй нал хизы, тохы мæт кæй нал кæ­ны, йæ ивгъуыд ма кæй мысы; фæллой кæныны, хиды ‘рта­хы кæй ис цард /«Хиды ‘ртах»/. Уымæн бæллы «хохаг милизæр» «урс бæлæттæ уынджы чи суадзы», хæдзæрттæ бонау чи ныррухс кæны, уыцы мантермæ /«Мантер»/:

Гъе, тæхуды ф ‘уай нæ мантер, –

Уæвгæ, амондджын куыннæ дæ:

Ахæм царды бонтæ батон, –

Кус цырагъдарæй дзыллæтæн!

Георгийы æппынæдзух дзыллæтæн цырагъдарæй кусын кæй фæндыди, йæ къухы бирæ æнтыстытæ уымæн æфтыд; Ирыстонæн, ирон адæмæн æцæг цырагъдартæ чи уыдысты, уыдоны нæмттæ бæрзæндты уымæн хаста. Къостайы ном ирон адæмæн у тырысайы хуызæн. Æмæ Георги «Нæуæг чындзау – æфсæрмдзæстыг, æнцад Тебердайы фæлмаст, цъæхдзаст æхсæв» сатæг уæлдæфæй йæ рæуджыты дзаг куы улæфы, Хъаракелы цъæх цад куыд æрфынæй, куыд дзы ныххызтис, гуымир уæйыгау Хох, уыдæттæм куы кæсы, уæд æй Ирыстоны сæрхъызой æндавы: «Кæддæр ам уыд нæхи мæгуыр Къоста, Цымæ йæ «хид» цы къæбырыл фыста?..».

Уыцы дзæнæты къуыммæ кæсгæйæ поэты зæрдыл æрлæууыд, Хетæгкаты Къоста йæ диссаджы ныв «Æрдзон хид» кæм ныффыстаид, уыцы фарст. Нæ адæмы хуыздæр йæ къух цы дуртыл æрæвæрдта, уыдонæй йын алцы дæр зынаргъ у. Æмæ Хъæрæсегом куы ныррухс, хур куы «рауагъта сыгъзæрин тагæй рон», æмæ куы фæзындысты «Бæрзонд хохыл сырх басылыхъхъытæ», уæд фестъæлфыд поэты зæрдæ /«Къоста Тебердайы»/:

Æмæ уынын: ыскæсæг хур фæсидт,

Дыуæ рагъыл уый авæрдта зынг хид.

Сæурайсом кæд Къоста систа йæ худ,

Фыруарзонæй йæ мидбылты фæхудт,

Йæ даргъ фындзыл æрызгъордта йæ хид –

Ысныв кодта рæсугъд сомбонмæ хид.

Къостайау ын адджын уыд, иурæстæджы кæимæ цардыс-ты, иурæстæджы Ирыстонæн кæимæ лæггад кодтой, нæ уыцы дзæнæтыбадинаг Абайты Васо.

Поэт ын бæллы, бирæ æнустæм, хурвæдау, цы æгъуыстæг цæрæнбоны фæрцы акодта, уымæ. Терчы тæлтæг дон сабийы хъустæм цы ирон дзырд хаста, мад ын цы фæлмæн æвзаг нывæрдта йæ уды уый, «Сагау сыкъатæ ауагъта дардыл». Зонды хæст кæм фæнды, цахæмфæнды зын уавæры куы уыдид, уæддæр-иу Васойæн никуы фæзынд «Иунæг цъула дæр йе ‘рттиваг кардыл». Уымæн дзы у сæрыстыр поэт. Йæ уарзт æм уымæн у æгæрон. Ахуыргонды райгуы­рæн уæзæг дæр ын уымæн зынаргъ у:

Къобы къæдзæхтæн фæпъа кæнин дургай,

Уыдон фæуызтой й’ арфæйаг авдæн,

Уыдон æй рарвыстой царды зынг хурмæ,

Уыдонæй ратахт дунейы арвмæ.

Халас æрбадти, Уырызмæг, дæ сæрыл,

Й’ алы æрду дæр – хъисын фæндыраг.

Бирæ æнусты фæцæр нын, фæцæр нын,

Мæнæ дæ уарзон Иры фæндиаг.

Ирондзинадæн чи аргъ кæны, ирон фарн чи исы бæр­зонд, уыдон ын иууылдæр зынаргъ уыдысты. Геологтæм ахуыр лæг куы дзуры, куы ‘ппæлы «Ис, дам, Иры нефт, ызды, сыгъзæрин», уæд поэтæн уыдæттæ иууылдæр æхсызгон сты. Куыннæ хъуамæ цин кæна, йæ фыдыуæзæг хъæздыг кæй у, ууыл. Ахуыр лæг цы хæзнатыл цин кæны, уыдæттæ иууылдæр царды хос сты, фæлæ поэты цин ноджы стырдæр у:

Ир, бæгуы дæр, у хæзнаджын,

Æз йæ сусæг æвæрæнтæй райын.

Гъе, фæлæ ирон æвзаджы

Се ‘ппæтæй хæзнадæрыл нымайын.

Алкæмæн дæр мадæлон æвзаг хъуамæ мадау адджын уа. Георги йæ «се ‘ппæтæй хæзнадæрыл» уымæн нымадта. Уымæн æмæ йын æмбал нæй.

Мад цы уарзтæй фæуарзы йæ хъæбулы, уый та ирдæй зыны æмдзæвгæ «Бон афардæг, нæ дунейæ фæхицæн»-ы. Æппæт дæр бафынæй, æрдз  ныхъхъуси. Сæхицæн дæлгом-уæлгом фынæй кæнынц «тæгæр къустæ, къуырф уидгуытæ» дæр сæ къусчъы. Хуыссæг фæтых сырхуадул пецыл дæр. Мыст дæр «йæ фæд ныууагъта лæгъз арынджы рæбыны» «фæлмæн дзуллаг ссадыл».

Æрмæст нæ фынæй кæны мад. Бады æмæ кæсы, йæ рынчын хъæбул куыд улæфы базыл. Йæхи удæнцойæ йын уый удæнцой зынаргъдæр у:

Мыдадз цырагъ æмыр æхсæвы тары

Æнкъардхуызæй зæрин цæссыгтæ калы,

Раст афтæ мад æнæ сыбырттæй бады, –

Йæ авдæныл æнус æхсæвты тайы…

Уыцы æнкъарæнтæ, ныййарæджы уарзт хъæбулмæ, но­джы фæтынгдæр сты балладæ «Мады цæссыджы». Фынддæс азы, сывæллонмæ бæлгæйæ, адæммæ цы мæ­гуыр лæг æмæ ус фæтæхуды кодтой, æмæ сæ сæры хил кæ­мæн сурс, уыдон иухатт ацыдысты сæ бæллицты фæдыл. Лæг тæгæр фæйнæгæй скодта рæсугъд авдæн. Йе ‘мкъай та хæрдгæ æндахæй «сырх авдæны тъæпæнтæ лыстæг сын­кæй» фæхуыдта. Куы сцæттæ авдæн, уæд дзы сылгоймаг хъæбулмон­да­гæн, цæссыгкалгæйæ, бабаста цæххойæн дур:

Кæм ма цæуы йæ бирæ хъыг,

Уæддæр бæтты цъæх дуры

Хъæбулы ‘фсон фæлмæн.

 Æртагъди йыл йæ хъарм цæссыг,

Æгомыг дур ыссудзы –

Ныррухс кодта – тæмæн.

Æмæ æрцыд ыстыр диссаг:

Сæ авдæнæй ыссыди

Сывæллоны кæуын.

Афтæмæй ныййарæджы уарзтæй дуры бацыд уд, æмæ поэ­зиимæ «цард райгуырди зæххыл». Мах та, цæвиттонтæй федтам, Георги æрдзы нывтæ йæхирдыго­нау, кæнæ та хæрдгæхæлттæй уафты хуызæнæй кæй уыны æмæ кæй æвдисы. Рæстæджы алы афонтыл дæр ын ис æмдзæвгæтæ. Уалдзæг ын чызг-уазæг у, сæрд – лæппу-лæг, фæззæг – фарны уазæг, зымæг та – тызмæг зæронд. Аф­тæ­мæй сын сæ миниуджытæ дзуры адæймаджы характе­римæ баргæйæ. Ӕмæ се ‘ппæты кой нæ кæндзыстæм, фæлæ нын уалдзæг мæнæ куыд ныв кæны:

Рахызти нæм хуры тынтæй

Тасгæ-уасгæ æрдзы рæсугъд.

Цъæх – йæ къаба, цъæх –  йæ пух худ,

Арвæртывдау у йæ фæхудт.

Уый хыгъд æм сæрдæн та: “Фæлмæн цъæх фæсал – йæ сæры хилтæ, Сыгхъæлæс мæнæу у йе схъæл рихи”. Фæззæг æм «Мыдгъуыз боцъо, хъæздыг арæзт». «Ыстыр дзугтæ йæ алвæрсты, йæ фæзындмæ ныннард вæййынц» /«Фарны уазæг»/, зымæгæн та «Цъæх лæдзгуытæ йæ зачъе­тæй Зæу-зæу кæнынц йæ бæрцуæттæм. Сырдты ахсы сæ уачъитæй ‘Мæ сæ ласы сæ лæгæттæм /«Тызмæг зæ­ронд»/.

Уыцы абарстытæ, уыцы нывтыл цыма бирæ хæттыты сæмбæлдыстæм, суанг адæмон сфæлдыстадæй фæстæмæ фæл­­хатт кæнынц, фæлæ сæ Дзугаты Георги рæстæджы афон­­тæм гæсгæ фæд-фæдыл кæй равæрдта сæхи сæрмагонд нæмт­тимæ – Чызг-уазæг, Лæппу-лæг, Фарны уазæг, Тыз­мæг зæронд, уымæй рамбылдта.

Ирон фысджытæй, уæлдайдæр, 40–50-æм азтæй фæстæ­мæ­йы фæлтæртæй, бынтон стæмтæй дарддæр никæмæй ис зæгъæн, зæгъгæ, йе сфæл­ды­стад нæ критикæйы бæстон æвзæрст æрцыд. Уыдонмæ хауы Дзугаты Георги дæр. Фæлæ йын йе сфæл­­­дыстад чи ‘взæрста, уыдон иууылдæр фæнысан кæ­нынц, йæ поэзийы бæрæгæй кæй зыны, поэт интимон темæмæ хъу­лон зæрдæ кæй дардта, уыцы темайыл ын кæй бантыст къорд æйтт-мардзæ уацмыс сфæлдисын. Уыцы хъуыддаг бæрæг у йæ алы поэтикон æмбырдгондæй дæр.

Зæрдæ йæхимæ æлвасы йæ зынгонд æмдзæвгæ «Ма кæ». Уацмысы лирикон хъайтар лæгъстæгæнгæйæ хаты, рæв­дау­гæ йæм чи дзуры, уыцы цъæхдзæст рæсугъдмæ, цæ­мæй йæм дзургæ нæ, фæлæ кæсгæ дæр ма кæна. Зæрдæдзæф у йæ уарзтæй, æмæ йæ нал фæнды ног масты бахауын.

Цъæх денджызау ын кæй цæстытæ уыдысты æмæ йæм стъалытау чи ‘рттывтой, йæ мидбылбахудт «сæуæхсиды цъыл­лынгау» кæмæн уыд, хур дæр кæй цуры ницы уал уыд, уый кæд разынд йæ цард, йæ бон:

Уый нæ уæндыди нæ кæртæй

Махмæ бадзурын мæ номæй…

Мачи ракæса мæ бæсты –

Бадтæн алы хатт кæронæй.

Фæлæ уыцы “кæронæй бадыны” рæстæг фæци. Йæ рæсугъд «æвзонг бонты рæу фынау, айсæфт, афардæг» йæ цурæй æмæ йæ, «æх­сар­гарды æрцъыккау, йе ‘нгас ачъепп кодта сурæй». Æл­гъитынæй дарддæр ын цыма ницы уал баззадис, æмæ йæ æл­гъиты авторы лирикон хъайтар:

Уастæн ма рацæуа рухсмæ,

Уарзт ын уарзты адæн ма уа,

Судзгæ зæрдæйы æнустæм

Сагъдæй чи ныууагъта хъама.

Фыццаг бакастæй афтæ зыны, цыма уыцы æлгъыст æр­мæст былтæ дзурынц, зæрдæйæ нæ цæуы, фæлæ бынтон аф­тæ дæр нæу. Рухсмæ чи нæ рацæуа æмæ уарзт уарзты адæн кæмæн нæ уа, уый, уæдæ, цы ныфсæй хъуамæ цæра? Æгæрыстæмæй йæ ахæм æлгъыст фæкодта, æмæ дзы йæ фырмæстæй айрох, йæхимæ рæвдаугæ дзурын æмæ цъæх­дзастæй кæсын цы рæсугъды нæ уагъта, уый дæр. Судзаггаг æлгъыст æмæ уарзæгой чызджы «айрох» та уы­цы дзæбæх æмдзæвгæйы аивтæй кайынц. Уымæн æмæ, мах æндæр уарзтыл ахуыр чиныгкæсджытæ стæм. Нæ зæрдыл æрбалæууы Къостайы “Хæрзбон”. Уый лирикон хъайтар, чи нæ йæ уарзы, уыцы чызгæй куы цæуы, цæмæй йæ ма тыыхсын кæна, æмæ йæ амонд ссара, уæд ын зæгъы:

Хонын æмбалæн мæ фыдбылыз мемæ, –

Тагъддæр мæ балцæн йæ фæстаг кæрон

Уый “фæндарастæй” кæд ссарин æз йемæ…

Ма фæфæсмон кæн!.. Хæрзбон у, хæрзбон!..

Уый æцæг уарзæгой уды хæрзбон у. Адæймагæй ма хъуамæ рох кæна, кæй уарзы, уый дæр уд кæй у, уымæн дæр зæрдæ кæй ис æмæ, кæй уарзы, уыимæ йын амондджынæй кæй хъуамæ уа сæ цард баиугæнæн.

Чиныгкæсæг ахæм зæрдæйы уагимæ зæрдæбынæй фæкæсы Георгийы уарзты темæйыл ныввæст зарджытæ «Сусæг уарзт», «О, уыцы дыууæ сау цæсты», «Мæ чысыл малусæг», «Зары хъисфæндыр»… Ӕмæ йын зæрдæнцойæ чи бакæсдзæнис йæ кадæг “Уарзт”? Кæй зæрдæйы рæбынтæ нæ базмæлын кæндзæнис ацы хæрдгæтынтæй быд уацмыс! уæдæ, йæ тæлфаг ритмикæйæ зæгъай; уæдæ, йæ зæлланггæнаг рифмæтæй; уæдæ, хъуыдыуæтты равæрдæй; уæдæ, сюжеты нывæстæй… Чиныгкæсæгæн йæ къах атилыны бар нал радты – ацахсы йæ фыццаг поэтикон рæнхъытæй, нылвасы йæ йæхимæ.

Адджын пъайау, нæу, чызджытæ,

Мой кæнын.

Уарзондзинад дойнаг дуры

Дон кæны.

Ма йæм бæллут сонт, рæузондæй

Судзаг у.

Сайды фæуын амæлæтмæ

Дудаг у.

Дзугаты Георги дыууæ уды æхсæн интимон ахастытæн кодта стыр аргъ æмæ сæ йе сфæлдыстады, уæлдайдæр, йæ поэзийы равдыста алыварсонæй, зæрдæзæгъгæ æмæ уарзгæйæ. Ирон поэзийыл цæрддзугæнджытæ йæ афтæ бирæ æнæнхъæлæджы нæ уарзынц. Йæ аив зарджытæ хъуысынц Ирыстоны алы къуымтæй. Буц æмæ дзы райгонд уымæн стæм.

Георги рæвдз уыд йæ сисы цыргъæй, цард адæмæн чи ‘нæад кодта, уыдон рæмпъузынмæ. Алы хатт дæр ахæм юмо­­­ристон уацмыстыл адæм зæрдиагæй сæмбæлынц. Фæ­кæ­­сынц сæ мидбылхудгæ. Чи нæ хъуамæ бахуда «Хъал дзы­­вылдар», «Чъырттым», «Рувас» æмæ «Къленц чызгыл».

Хъал дзывылдар кæд «Ахстоны мæт никуы кæны, Фен­дзынæ йæ ‘рмæстдæр цæлы, Бон дæс хаты дæтты цæн­дты» æмæ бонæн æмкъай æрдавы, стæй та йæ фæуадзы, уæд чъырттымцъиу та чындзы нæ комы. Усгуртæй йæ сæр разылд, æмæ сыл кодта былысчъил: «Ци мæ уынд æмæ мæ аргъæн?» – былысчъилтæ кæны алкæуыл дæр. Афтæмæй йыл поэт худы зæрдæбынæй:

Бампылд фаухæссæг чъырттымцъиу,

Пакъуы адардта æвзист.

Усгуртæ кæнынц былысчъил,

Нал, дам, акалдзæн йæ фист.

Чиныгкæсæг хинæйдзаг рувасы хин митæм цас мæсты кæны, уый бæрц, рæсугъддæр уайы тыххæй йæ уæлæда­рæсы дарæсы хуызæн кæмæн нал сты; гæды митæй йæ буарæн фыдмитæ чи кæны, уыцы къленц  чызгыл та кæны худгæ. Ноджы йын уæлдай худыны хос дæтты йæ кæрон:

Дæ даргъ дзабыртыл куыд цыдтæ?

Зæгæлы хуызæн – зæвæттæ,

Сæ бырынчъытæ æрцытæ, –

Лæппутæ, хизут уæ тæнтæ!

Афтæмæй поэт йе ‘ппæрддзаг хъайтартæй алкæмæн дæр рахæссы æмбæлон тæрхон. Хъал дзывылдарæй зæгъы – «Ацæгъд ахæмæн йæ пакъуы, Гъе, йын ацъæл кæн йæ базыр, Гъе, уæд фехæлид йæ ахуыр»; чъырттымæн йæ хин йæ сæрыл æртыхст, йæхиуыл ын райдыдтой усгуртæ былысчъил – «Нал, дам, акалдзæн йæ фист»; рувасы рувасмитæм лирикон хъайтар, пысырайау кæй дуды, уый йын йæ царды æнцой никуы ратдзæнис; къленц чызг та лæппуты зæрдæйы ныххауыны бæсты адæмæн худæджы хал сарæзта йæхицæй.

Аив, зæрдæмæдзæугæ у балладæ «Саджы богъ».

Æрдзы рæсугъд хуызмæ кæсгæйæ зæрдæ фæрайы. Цыма хъусæм, тар хъæд куыд райхъали йæ фынæйæ, куыд «Байдзаг цин, цъыбар-цъыбурæй. Сыфтæр сыфтæры хъæбысы Сусу-бусу систа». Ноджы ма уыцы диссаджы æрдзы хъæбысы æрдузы кæронæй сæрджын саг куы фæзыны, уæд бынтон ныррухс вæййы чиныгкæсæджы зæрдæ:

Хур ын абаста йæ сытыл

Йе ‘взист синаджы кæрæттæ,

Ласы йæ сындæг йæ фæдыл

Авгриу Леуахийы донмæ.

Саг æрæвнæлдта, ныуазы –

Доны таг рæсугъд йæ хъуыры

Уайы рог хъæл-хъæлгæнгæйæ.

Фæлæ уыцы рæсугъддзинад айсæфы саджы фестъæлфт æмæ сау сынты хъуахъхъмæ. Айсæфынц, сау сынты «аууон, сау дзуарау, уырыл» куыд аленк кæны йæ фæстæ, æмæ куыд айсæфы, афтæ. Æрдзы цыфыддæр знаг топпы гæра­хæй æрфæлдæхта æрдзы фидыцы, стæй йын йæ хурхыл хъа­ма æруагъта.

Фæлæ хъуыддаг ууыл нæ фæци. «Саджы тугæрхæм рæ­сугъд» сæры богъæй цуанон дæр фæци зæрдæскъуыд.

Сау сынт ратахти ныллæгдæр,

Айхъуыст хъарæгау йæ уасын.

Й ‘аууон мæрдты уæлæ айтынг,

Ног къахт ингæны дзуарау.

Афтæмæй поэты бон баци, æрдзимæ адæймаг йæхи дæр кæй сафы, уый равдисын. Ууыл дзурæг у балладæйы кæрон дæр: уаты къулыл саджы сæр, йæ сытыл «Йе ‘ргæвдæг хъама – æгъатыр, Саудзых, бур тæлы хъримаг».

Саг йæ цæстытæ ныхгæдта,

Кæд йæ туджджынты йæ уæлæ

Ныр уынгæ уæддæр нæ кæнид…

Дардыл сты Дзугаты Георгийы сфæлдыстадон бынтæ: бирæ æмдзæвгæтæ, балладæтæ, кадджытæ, дзæвгар радзырдтæ, къорд уацауы, дыууæ роман – “Карды комыл” æмæ “Сыгъзæрин суадон”, пьесæтæ… Рæвдз уыд ног чингуытыл рецензитæ æмæ хицæн  фысджыты цард æмæ сфæлдыстады тыххæй йæ хъуыдытæ сæ кæрæдзийы фæдыл нывæндынмæ дæр, фæлæ йæ фыруæзданæй йæхицæн ахæм бар никуы лæвæрдта, йæ сæр бæрзæндты хастаид, искæуыл æнæввæрсонтæ кодтаид, кастаид æм уæлейæ бынмæ.

Йæхæдæг ахæмтæй йæхи иуварс ласта – тынг хорз зыдта ирон æмбисонды хъуыды: “Дæ хæлар чи у, уый мын зæгъ æмæ, чи дæ, уый дын зæгъон”. Йæ царды кæрон æнæнхъæлæджы нæ фæдзæхста:

Зæхх, куы мæ исай фæстæмæ

Сом дæ хъарм хъæбысмæ искуы,

Уæд цæудзынæн дæм лæгъстæмæ,

Бирæ дæ нæ курын исты:

Иунæг, иу чысыл хæрзиуæг –

Ир ныдздзурæд-иу йæ фырттæм:

Æз йæ зардамонты зиуы

Хосдзау иузæрдыг кæй уыдтæн.

Ӕцæгдæр, Дзугаты Георги ирон нывæфтыд литературæйы зардамонты уыдис иузæрдыг хосдзау. Куыстæй нæ ауæрста йæиуыл. Куыста  æппынæдзух æмæ йын цы бантыст саразын, уыдон хæларзæрдæйæ ныууагъта йæ ирон адæмæн.

ХЪАЗИТЫ Мелитон

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.