Адæймагæн йæ миддунейы сконд афтæ нывæст у, æмæ куыдфæндыйæ дæр нæ бафæраздзæн иунæгæй цæрын. Уый хъуамæ цæра адæмы ’хсæн, цæмæй рæза, размæ цæуа, цайдагъ кæна царды зын æмæ ног фæзилæнтыл. Адæмимæ уæвгæйæ та алы адæймаг дæр хъуамæ тырна, цæмæй исты хорздзинад сараза йе ’ввахс адæмæн, пайда æрхæсса йæ радтæг дзыллæйæн. Уыимæ ма иумæ алы гоймаджы дæр фæнды æппынкъаддæр фæцæрын иу æнус. Фæлæ йæ адæймагады милуаназыккон цардвæндаг куыд равдыста, афтæмæй азтæн уадиссаг ахадындзинад нæй, сæйрагдæр у, кæд цыбыр, уæддæр дæ цард куыд арвыстай, уый; ахсджиаг хъуыддаг у, дæ фæстæ цы фæдонты ныууагътай, цы адæм дæ зыдтой, уыдон дæ цы зæрдæйы уагæй, цы ныхæстæй æрæмысдзысты.

Хъыгагæн, æрдзы равæрд дырыс æмæ бæлвырд у: æнусон ницы ис а-дунейы; раджы уа æви æрæджы, уæддæр алцæмæн дæр æрцæуы йæ кæрон. Æмæ æрдзы æгъатыр домæнтæм гæсгæ не ’хсæнæй аивгъуыйынц, стыр ныфс кæмæй æвæрæм, сæрбахъуыды рæстæджы æгæрон аудындзинад æмæ æххуыс кæмæй фенкъарæм, уыцы адæм. Хатт дæрддаг адæймаг куы фæзиан вæййы, уæд ыл адæмы зæрдæтæ фæриссынц, цыма се ’ввахс хион ахицæн йæ цардæй, уыйау. Фæмæт ыл кæнынц, фæдзурынц ын йæ хорз хъуыддæгтыл, йе ’нтыстытыл; сæ хъуыдыйæ нал ахицæн вæййы цæрæнбонтæм йæ фæлгондз.

Ахæм уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист, дзæнæттаг Хуриты Гиви дæр. Гивийæн йæ хæрзиуæгон хайбавæрдыл дзурын гуырахстджын хъуыддаг у: æппæт амæлттæй дæр архайдта, цæмæй искæйы къух фæрогдæр кæна, кæд йæ бон уа, уæд ын баххуыс кæна материалонæй дæр æмæ моралонæй дæр. Уæлдай уыдзæн, мæ уацы йын йе сгуыхтдзинæдтæ куы райдайон нымайын, уый дæр. Гиви уыд фæлмæнзæрдæ, æмбаргæ æмæ зондджын адæймаг. Уый йæ сæрмæ нæ хаста быцæутæ æмæ хъаугъатæ. Æрыгæттимæ уыд æрыгон, зæрæдтимæ — зæронд; ахуыргонд лæгимæ ныхасгæнгæйæ нæ фæтыхстаид æмæ зæхкусæджы хъыджы та никуы бацыдаид. Æппынæдзух мидбылхудгæ, рæдау æмæ хæларзæрдæ, Гиви Ирыстоны къуымтæй цы бынаты нæ балæууыд, ахæм нæ разындзæн. Кæцыфæнды хъæуы, ирон хæдзары дæр ыл æмбæлдысты стыр цинимæ, цыма сæм уæларвæй æрхызт, уыйау.

Хуриты Гивиимæ æз куыстон Паддзахадон телеуынынады. Ныр дæр æй хорз хъуыды кæнын: уымæн йæ «Дæ райсом хорз» дæр æндæр зæлтæй хъуыст, цыма дын дæ алы ног бонæн, ног хъуыддагæн дæр арфæ кодта, уыйау. Æгасæй дæр ирондзинадыл хæст, Гивийæн фыццаджы фыццаг бынаты уыдысты æгъдау æмæ намыс. Зæрдæхудт æмæ худинаг уый йе ’мгæрæтты дæр никуы æруагътаид, сæдæ азмæ куы фæцардаид, уæддæр. Уыцы рæстæджы телеуынынады бирæ æрыгæттæ уыд. Царды æвæлтæрд, хæстон уавæрты хъомыл, уыдоны хъуыд бафтауын раст фæндагыл, фæиппæрд сæ кæнын æвзæрдзинадæй. Уыцы бæрнон хæс йæхимæ кæддæриддæр иста Хурийы фырт. Ныртæккæ ахæм рæстæг ныллæууыд, æмæ иуæй-иутæн зонд куы амонай, уæд фесхъиуынц, фæтæргай вæййынц. Гивийæн йæ зондамонæн ныхæстæ бынтон æндæр уыдысты. Алы цауæн дæр ын уыд реалон дæнцæг æмæ-иу абарстытæ ацарæзта, цæмæй йæ уайдзæф дæр æвдадзы хосау уа, тых ын уа, æмныхасгæнæджы зæрдæмæ фæхæццæ уа. Йæ дзыппы иу фæткъуы кæнæ къанфет куы уыдаид, уæддæр-иу æй, цалæй уыдыстæм, уал кæрдихы акодта кардæй æмæ-иу æй узæлаг мадау айуæрста.

Гивийы тыххæй йæ мысинæгтæ нæ бахæлæг кодта газет «Южная Осетия»-йы сæйраг редактор Хъуылымбегты Роберт.

— Хорз адæймаг, хæларзæрдæ, æппынæдзух æмдзу кодта юморимæ — махмæ ахæм куыст ис, æмæ æнæ юмор нæ сарæхсдзыстæм. Гиви, мæнмæ гæсгæ, æппындæр никуы никæй фæхъыг кодта, æрдзæй уыд æцæг дипломат. Символикон у, 5 майы кæй райгуырд æмæ 20 майы кæй фæзиан, уый дæр. Алцыдæр барст вæййы царды — ахæм у адæймаджы цардвæндаг дæр. Гивийы хуызæн хæлæрттæ, æмгæрттæ никуы ферох вæййынц. Æгæрон уарзтæй уарзта йæ куыст æмæ йæ Райгуырæн Ирыстон.

Сæрæй мæнмæ афтæ каст, Гиви æрмæстдæр иронау рæхсы дзурынмæ дæр æмæ фыссынмæ дæр, фæлæ-иу æй чи цæмæй нæ афарста: тæлмацы стилистикæ, бæрнон бынаты чи куыстой, уыдонæн сæ цардвæндаг, кæцыдæр хъæуы цæрæг, цыдæр æнахуыр зайæгой — Гивийæн кæддæриддæр йæ дзуапп уыд цæттæ, уадид-иу дзурынмæ фæкъæртт. Иууыл диссаг та уыд, хъæуты хабæрттæ-иу куы кодта, уый. Мыггагæй, номæй, чи кæй хион уыд, ницы йæ рох кодта. Худæджы хабæрттæ-иу куы кодта, уæд-иу йæхæдæг развæлгъау худын райдыдта.

Мæ зæрдыл æрбалæууы арæх иу цау. Нæуæдзæм азты бирæ лæппутæ фæмард, хъыгагæн, уыди дзы ахæмтæ дæр, знаджы нæмыгæй нæ, фæлæ сæ азар цыдæр æнамонддзинады фæстиуæгæн чи ссардтой. Уыцы рæстæджы сыл арæх арæзтой алæвæрдтæ. Ныр æй нал хъуыды кæнын, фæлæ кæцыдæр лæппуйыл алæвæрд монтаж кодтой монтажгæнæг æмæ уацхæссæг. Гивийæн йæ зæрдæ суынгæг æмæ къулырдæм азылд. Æз фæдис дæн, зæгъын, къулыл цы федта, цæмæ дзы нымдзаст. Уый та кæугæ кодта, худинаг æм фæкаст, йæ мидхъуырдухæнтыл кæй нæ фæтых, йæ зæрдæ кæй суынгæг æмæ азылд. Ныр æй æмбарын, æнæрæстæджы цæмæн ахицæн йæ цардæй Гиви. Уый йæ Ирыстоны, йе ’мирон, æмтуг адæмыл тынг æнувыд уыд, фыдми, æвзæрдзинад нæ быхста; йæ зæрдæ рыст алы зианыл дæр, йæ масты дзæкъул байдзаг сагъæс æмæ Райгуырæн бæстæйы хъысмæтыл мæтæй. Æмæ нал бафæрæзта уыцы зæрдæ уал азты маст — аскъуыд æнæрæстæджы, æнæнхъæлæджы.

Абон Хуриты Гивийыл сæххæст уыдаид 69 азы. Бирæ рæсугъд хъуыдытæ, хуызджын, æрттивгæ тынтæй нывæст хъуыддæгтæ хæлбурцъ кодтой йе ’нкъарынады — йæ лæппу Батрадзы хорз амондыл фæцин кæнын, йæ чызг Ларисæйы хъæбултæ Къæбулты Тамарæ æмæ Серёжæйы æнтыстытæ æмæ размæцыдыл райын бонæй-бон, йе ’мкъай Джиоты Екатеринæимæ амондджынæй зæры бонтæм фæцæрын, фæлæ йæ æгъатыр хъысмæт хуыздæр зыдта, йæ цард ын æрбаскъуыдта æмбисыл.

Гивийы лæггæдтæн аккаг аргъ скодта нæ бæстæйы хицауад, бирæ хатт æй схорзæхджын кодта майдантæй, кады гæххæттытæй, уыд дзырддзæугæ лæгыл нымад. Йæ амæлæты фæстæ та йын лæвæрд æрцыд «Кады Орден».

Хуриты Гиви йе сгуыхтдзинæдтæ уыдæттæй никуы барста, уымæн сæйрагдæр уыд адæмы хорзæх, сæ ахаст. Гивийы фæндыд, цæмæй йæ чысыл Ирыстон фидæны уа дидинæфтаугæ, сæрибар паддзахад, фæлæ йын дзы рацæрын нæ бантыст. Гъе, æмæ йын цы хæрзиуæгон хъуыддæгтæ нæ бантыст саразын, уыдон бафтæд æртывæрæй йæ бинонтыл, йæ радтæг адæмыл.

Цгъойты А.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.