«Спутник — Южная Осетия»-йы пресс-центрмæ ацы бонты фæуазæг сты нæ республикæйы президенты цур Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Цхуырбаты Татьянæ æмæ нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады аудын æмæ æвджиддарды хайады гæс Цхуырбаты Иннæ.

Фембæлды ныхас цыд, «Аудын æмæ æвджиддарды фæдыл» Республикæ Хуссар Ирыстоны парламентаритæ ацы аз æмхъæлæсæй цы закъон райстой, ууыл. Банысан кæныны хъæуы уый, æмæ ацы закъон нæ Парламенты депутатты размæ хаст æрцыд 2016 азы. Уæдæй фæстæмæ йыл бирæ дзырд цыд, фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ ист нæ цыд. Ацы закъон нæ республикæйы социалон сферæйы нымад цæуы иууыл ахсджиагдæрыл. Уымæн æмæ закъоны сæйрагдæр нысан у, цæмæй паддзахад ауда йæ æмбæстæгтыл.

«Аудын æмæ æвджиддарды тыххæй» закъоны дзырдæуы, зæгъгæ, рæстæгмæ ныййарæгæн йæ бон куы нæ уа ныййарæджы хæстæ æххæст кæнын, уæд уыцы хæстæ рæстæгмæ лæвæрд æрцæудзысты сывæллонæн æввахсдæр хионмæ. Закъоны ма нысан цæуы, зæгъгæ, йæхимæ хæстæ чи райста аудын æмæ æвджиддарды фæдыл, уыдон сæ хъуамæ æххæст кæной, кæуыл аудынц, уыдоны интерестæ хъахъхъæнгæйæ.

Ацы закъон ист кæй æрцыд, уый тынг ахсджиагыл æмæ æнæмæнгхъæуæгыл нымайы Цхуырбаты Татьянæ.

«Не ’хсæнады ис ахæм категорийы адæймæгтæ, кæцытæн ацы закъон фæахъаз уыдзæн сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн. Ацы бынаты кусын куы райдыдтон, уæдæй абоны онг мæм не ’мбæстæгтæй бирæтæ хатыдысты, цæмæй сæхимæ райсой бæрндзинад, сæ хиуæттæй æххуысхъуаг чи ис, уыдонæй искæйы тыххæй. Ацы закъон райсыны фæдыл дзырд цыд 2016 азæй фæстæмæ, фæлæ ма уæддæр домдта лæмбынæгдæр куыст. Уæлдæр ма йæ куыд банысан кодтон, афтæмæй-иу кæд æмбæстæгтæ мæнмæ æрбахатыдысты, цæмæй сæ хион сывæллоны, кæцы цавæрдæр уавæртæм гæсгæ баззад æнæ ныййарджытæй, кæнæ æндæр царды аххосæгтæм гæсгæ у иунæг, уыдонæн æвджиддарды бартæ райсыны баххуыс кæнын.

Ныртæккæ уыцы фарстытæ скъуыддзаг кæныны фæдыл сæхимæ бæрндзинад райстой нæ республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады опекæ æмæ æвджиддарды хайады кусджытæ, кæцытæ сæ рады хъус дарынц, æппæт ацы закъонмæ не ’мбæстæгтæй чи хауы, уыдоны проблемæтæм. Уымæ гæсгæ мын тынг æхсызгон у, ацы закъон нæ республикæйы кусын кæй райдайдзæн, уый», — банысан кодта Цхуырбаты Татьянæ.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Парламентмæ æрвыст æрцыд «Сидзæр сывæллæттæ æмæ æнæ ныййарджытæй чи баззад, уыцы сывæллæттæн уæлæмхас гарантиты тыххæй» закъоны проект.

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ бæрнон ахаст æвдисынц опекæ æмæ æвджиддарды фарстамæ, фехъусын кодта пресс-конференцийы рæстæджы Цхуырбаты Иннæ. Уый куыд загъта, афтæмæй опекæ æмæ æвджиддарды фæдыл цы документтæ хъæуы, уыдон æмбырд кæнын æнцон нæу. Æмбæстаг, кæцы хъавы опекæ æмæ æвджиддарды фæдыл документтæ æртымбыл кæнын, хъуамæ æрбавдиса, тæрхон ыл кæй никуы кодтой, ахæм бæлвырдгæнæнтæ. Йе ’нæниздзинадимæ йын ма уа проблемæтæ æмæ куса.

«Æвджиддарды бар не ’мбæстæгтæй кæд искæмæн лæвæрд æрцæуа, уæд рæстæгæй-рæстæгмæ сæ царды уавæртæ хъуамæ ахуыр цæуой æмæ æдзух уой хъусдарды бын. Кæд æмæ сывæллонæн йæ ныййарæг кæронмæ куыд æмбæлы афтæ нæ æххæст кæны йæ хæстæ, уæд опекæ æмæ æвджиддарды хайады кусджытæ уыцы проблемæ хъуамæ сахуыр кæной æмæ æрцæуой ахæм хатдзæгмæ, цыран хъахъхъæд цæудзысты сывæллоны бартæ», — банысан кодта Цхуырбаты Иннæ.

Аудын æмæ æвджиддарды фæдыл хъæуæг документтæ цæттæ куы æрцæуой, уæд сæ хайады кусджытæ 15 боны дæргъы ахуыр кæндзысты æмæ уый фæстæ фарст скъуыддзаг цæудзæн кæнæ æвæрццагæй кæнæ та — æппæрццагæй.

Цхуырбаты чызг ма куыд загъта, афтæмæй аудын æмæ æвджиддарды хайад нæ республикæйы кусы иу азы бæрц æмæ, æппæт зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, хайадмæ цы куыст хауд, уый æххæст кодта.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.