Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти ауагъта рауæрæхгонд æмбырд министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытимæ. Æмбырды рæгъмæ рахастæуыд, ацæугæ аз министрадты цы куыстытæ бакондæуыд æмæ фæстаг æмбырды ведомствæты цы фæндæттæ нысангонд æрцыд Хицауады ‘рдыгæй, уыдон афойнадыл æххæст æрцыдысты æви нæ, ахæм къорд фарстайы.

Ивгъуыд къуыри Хицауады Сæрдары хæдивæг Тъехты Аланæн хæсгонд уыд Экономикон райрæзты министрадимæ иумæ экономикæйы реалон секторы проекттæм хъус æрдарын. Ацы фадыджы цы куыстытæ конд æрцыд, уый тыххæй раныхас кодта Тъехты Алан.

2017-2019 азтæн Социалон-экономикон райрæзты программæмæ корректировкæтæ бахæссын та бахæсгонд уыд экономикон райрæзты министрæн. Уый дæр дзырдта, къуырийы дæргъы йæ дæлбаруæвæг министрад цы куыст бакодта ацы фарсты фæдыл, уый тыххæй.

Тъехты Аланæн ма хæсгонд уыд Паддзахадон исад æмæ зæххыты фадгуыты фæдыл комитетимæ иумæ, 15-æм декабрмæ республикæйы территорийыл цы паддзахадон унитарон куыстуаттæ ис, уыдонæй æнæпайда чи у, уыдон ликвидаци кæныны тыххæй мадзæлттæ райсын.

Паддзахадон исад æмæ зæххыты фадгуыты фæдыл комитеты сæргълæууæг Хицауады Сæрдары базонгæ кодта, ныртæккæ сæ комитеты номхыгъды цы куыстуæттæ ис, уыдонæй цалы архайдмæ æркастæуыд æмæ дзы аиуварсгонд цал æрцыд, уымæ. Пæррæстаты Сергей ма куыд загъта, афтæмæй сæм номхыгъд нæма æрбарвыстой Дзау æмæ Ленингоры районтæ.

Хицауады Æххæстбарджын РХИ-йы парламентмæ Кокойты Зурабæн та хæс уыд, цæмæй интенсивонæй бакуса Парламенты приватизацийы профилон комитетимæ нормативон-барадон акты фæдыл. Уый куыд фехъусын кодта æмбырды уæвджытæн, афтæмæй ацы фадыджы цæуы æмбæлон куыст æмæ æппындæр ницы цæлхдуртæ ис йæ разы.

9-æм декабрмæ Дзау, Ленингор, Знауыр æмæ Къуайсайы администрациты хистæртæ хъуамæ хыгъдтæ радтаиккой 2016 азы сæ районты бакæнгæ куыстыты тыххæй.

Хицауады Сæрдар карзæй бафхæрдта администрациты сæргълæуджыты, рæстæгыл кæй нæ бакодтой уыцы куыст æмæ сæ æрдомдта, цæмæй мауал фæстиат кæной.

Уынаффæ ма цыд ахæм скъуыддзаггæнинаг фарстыл, куыд цæрджыты телесигналæй афоныл ифтонг кæнын. Ацы фарсты тыххæй Дзыллон коммуникацитæ æмæ бастдзинады комитеты хистæр Джиголаты Хасан фехъусын кодта, иуæй-иу бæрзонд хъæутæм стыр митæруарды аххосæй фæндæгтæ кæй нæй, æмæ уый тыххæй телесигналæй ифтонг кæй не сты. Ацы проблемæйы тыххæй Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти амындтытæ радта, телесигнал кæдæм нæ хæццæ кæны, уыцы районты сæргълæуджытæн, цæмæй сыгъдæг кæной, телевишкæтæ кæм лæууы, уыцы бынæттæ.

Культурæйы министр Остъаты Мадинæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Ног азы æрцыдмæ цы мадзæлттæ хъуамæ æрцæуа уагъд республикæйы территорийыл, уыдон ныридæгæн сты нывæзтгонд.

Рауæрæхгонд Хицауады æмбырды ноджыдæр æркастæуыд бирæ ахсджиаг фарстатæм, кæцытыл хъуамæ куыст æрцæуа азы фæудмæ. Уыдон та сты программæтæ, паддзахадон исады фадыджы ахастытæ æрнывыл кæнын, цæрæнуатон-коммуналон фарстатæ æмæ паддзахадон унитарон куыстуæтты финансон-хæдзарадон архайдæн анализ скæнын.

Хицауады Сæрдар æмæ Финансты министр Хæбæлаты Азæ бахæс кодтой ми-нистрадтæ æмæ ведомствæты къухдариуæггæнджытæн, цæмæй сæ дæлбар уæвæг кусджытæн бæстон бамбарын кæной куыстмызды уавæр, стæй дыгай бынæтты чи кусы, уыдон æрмæстдæр иу куыстуатæй кæй райсдзысты, уыцы коэффициент.

Хъуылымбегты Доменти ма бахатыд министртæ æмæ ведомствæты сæргъ-лæуджытæм, цæмæй бæстон бацæттæ кæной, Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл цы Æхсæнхицауадон къамисы рабадт уыдзæн, уымæ. Уый уыдзæн декабры фæстаг декадæйы.

Хъæууон хæдзарады министр Плиты Витали æмæ сæйраг таможнæйы хистæр Цхуырбаты Муратæн бахæсгонд æрцыд, цæмæй дыргъгуыст чи кæны нæ республикæйы, уыдон фарсты фæдыл фембæлой Дæллаг Зæрæмæджы посты къухдариуæггæнджытимæ æмæ лæмбынæг баныхас кæной, постыл хизгæйæ сæ продукци куы ласой не ‘мбæстæгтæ, уæд мацы зындзинæдты бахауой.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.