Республикæ Хуссар Ирыстоны хæствæллад зæхмæ 1992 азы 14 июлы гуырдзиаг-ирон хъаугъа æрбæстон кæныны нысанæн Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ куы æрбацыдысты, ууыл сæххæст 25 азы. Ацы бон æрвылаз дæр мах мысæм сæрыстырæй, уымæн æмæ сыл уæд мах æмбæлдыстæм стыр цин æмæ ныфсыæнкъарæнтимæ. Уæд Ирыстоны фæллад зæхмæ фидауынгæнæг салдат æрхаста сæртæг, фæлæ ныфсдæттæг сабырад. Абон мах ноджыдæр сæрыстырæй мысæм, уал азы сæрты акæсгæйæ, арæхстджын, æфсæддон хъуыддаджы цæттæ командæгæнджыты, сæ цардæн тæссаг бынæтты сабырад чи хъахъхъæдтой, адæмæн хæрзаудæн æххуыс чи кодтой, уыцы службæгæнджыты.

Хуссар Ирыстоны зæххыл фидауынгæнæн кампани йæ уæвынадæй нымад æрцыд уникалоныл йæ архайд æмæ фæстиуджытæм гæсгæ.

Цæгат Ирыстонæй Фидауынгæнæг тыхты службæгæнджытæ службæ хастой 17 хъусдарæг постыты. Бирæ хъæбатырдзинады дæнцæгтæ хынцыд æрцыд ацы батальоны службæйы рæстæджы.

Уæрæсейæ Фидауынгæнæн тыхты контингент дæр аккагæй æххæст кодтой сæ разылæууæг хæстæ. Æрмæст 2008 азы августы агрессийы рæстæджы батальон сарæзта йæ бон цас уыд, уымæй фылдæр. Фидауынгæнæг тыхты контингенты салдаттæ æмæ афицертæ хъæбатырæй фæлæууыдысты гуырдзиаг æфсады ныхмæ æмæ сын фадат нæ радтой сæ батальоны бæстыхай байсынæн, кæд сыл бирæ уды зиæнттæ сæмбæлд, уæддæр. Æфсæддон хайы сыгъд бæстыхай абон дæр дзурæг у уæрæсейаг фидауынгæнæг салдатты хъæбатырдзинадыл.

Æмхæццæ фидауынгæнæн тыхты уæвынадæй-иу Хуссар Ирыстоны зæххыл  уавæр  хаттæй-хатт фæкарздæр, æгæрыстæмæй, фидауынгæнæг тыхты ныхмæ дæр организаци цыд провокацитæ æмæ диверсион акттæ. Уый фæстиуæгæн, хъыгагæн, бабын сты къорд службæгæнæджы. Уыдон рухс нæмттæ рох никуы уыдзысты махæй.

1992 азæй суанг 2008 азы онг Фидауынгæнæн тыхты рæнхъыты аккагæй цы бирæ афицертæ, прапорщиктæ, сержанттæ службæ кодтой, уыдон абон сты ветерантæ-фидауынгæнджытæ. Ныр дæр кæрæдзийыл æмбæлгæйæ, уыдон æрымысынц сæ службæйы бонтæ, уымæн æмæ сын ис, цы æрымысой, уый. Цытджын фидауынгæнджыты номыл 2008 азæй фæстæмæ архайы æхсæнадон фонд «Миротворец». Абоны онг дæр дзырд «фидауынгæнæг» махæн йемыдзаг у сæрмагонд мидисæй, уымæн æмæ уыдон ныфсæй Хуссар Ирыстоны алы цæрæг дæр кодта йæ æрвылбонон цард æмæ куыстытæ.

Фидауынгæнæг тыхты номыл нæ горæты уынгтæй иуæн (кæм службæ кодтой) лæвæрд æрцыд сæ ном. Уым ма сæвæрдтой Сабырады стелæ, цæмæй нæ фидæны фæлтæртæ зоной, фидауынгæнджытæ цы стыр мисси сæххæст кодтой, уый.

Абон, Æмхæццæ фидауынгæнæн тыхтæ Хуссар Ирыстоны зæхмæ куы æрбацыдысты, уыцы боныл 25 азы сæххæсты бон, мах мысæм службæгæнджыты фæрныг мисси, кад æмæ цыт кæнæм, уыцы уæззау азты йæ цардæн тæссаг уавæрты, сæртæг сабырад чи хъахъхъæдтой, уыцы службæгæнджытæн. Мысæм, йæ цард сабырады сæрвæлтау чи æрхаста, цæмæй нæ абон æмæ сом размæ цæуа, Ирыстон рæза, дидин æфтауа æмæ нæ фæлтæртæ цардæфсæст уой, уыдоны рухс нæмттæ.

Фидауынгæнæг тыхты службæгæн-джытæ-ветерантæн та ноджыдæр юбилейон арфæтæ нæ газеты кусджыты номæй.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.