Арæнгæрон зонæйы гуырдзиаг хъæу Эргнетмæ хæстæг уагъд æрцыд Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард аздахыны фæдыл механизмты фæлгæтты радон рабадт. Суагъæмæ гæсгæ механизмты куысты хайад истой Хуссар Ирыстон, Уæрæсейы Федераци, Гуырдзыстоны минæвæрттæ, афтæ Евроцæдис æмæ ЕÆÆО-йы дунеон хъусдарджытæ.

Фембæлд уагъд фæцæуы æхгæд дуæртты. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг фембæлдæн фæстиуджытæ аразгæйæ, банысан кодта, фембæлд уагъд кæй цыд сабыр уавæры.

«Иумиагæй сисгæйæ уавæр у стабилон. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, арæнтыл хынцыд æрцыд инциденттæ – Джариашены хъæуы паддзахадон арæнтæм хæстæг массон æгъдауæй æмбырд кодтой адæм æмæ Хуссар Ирыстоны территоримæ æнæ закъонæй æрбацыд гуырдзиаг полицæйаг машинæ. Хынцыд ма æрцыд Хуссар Ирыстоны территорийыл æнæзакъонон хъæууонхæдзарадон куыстыты факттæ», – дзырдта Санахъоты Дауыт.

Фембæлды рæстæджы Хуссар Ирыстоны делегаци радон хатт раразмæ кодта паддзахадон арæнты схæрзарæзт кæныны фарст. Дауыты ныхæстæм гæсгæ, ацы фарстыл дзырд цæуы механизмты фæлгæтты алы фембæлды рæстæджы æмæ Женевæйы дискусситы дæр. Ацы хатт дæр та дзырд цыд паддзахадон арæнты делимитаци æмæ де-маркацийы фарстатыл гуманитарон фарсæрдыгæй. Информаци бавдыстой, æввахс рæстæ-джы инженерон арæзтæдтæ кæй хъуамæ цæуой арæзт Знауыры районы арæнгæрон хъæу Иончайы.

«Ивгъуыд аз бынæттон цæрæгæн фесæфт йæ ставдкъах фос. Уымæй размæ дæр хъæ-уæй сæфт æндæр исад. Уымæ гæсгæ хъæуы цæрджытæ бахатыдысты Республикæйы къухдариуæгадмæ, цæмæй сын арæзт æрцыдаид æдасдзинады æмбæлон уавæртæ», – банысан кодта хуссарирыстойнаг делегацийы къухдариуæггæнæг.

Механизмты фембæлды рæстæджы ма хуссарирыстойнаг фарс хъусдард аздæхтой уыцы фактмæ, æмæ гуырдзиаг информацион фæрæзтæ кæй дезинформаци кæнынц Гуырдзыстоны æмбæстæгты, арæнхалджытæ ахст куы æрцæуынц, уый фæдыл. Сæрмагондæй, гуырдзиаг информацион фæрæзты дзырд цæуы афтæ, ома, уыцы æмбæстæгты давгæ акæнынц. Уымæй дæр пайда кæнынц термин «оккупанттæй». Дауыт куыд загъта, уымæ гæсгæ, ахæм дезинформаци кæнын нæй гæнæн.

Механизмты фæстаг фембæлдæй фæстæмæ паддзахадон арæнтыл æнæзакъонæй хизыны тыххæй ахст æрцыд 11 æмбæстаджы. Уыдонæй дыууæ сты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, æртæ – Азербайджаны æмæ æхсæз та – Хуссар Ирыстоны. Азербайджаны æмбæстæгтæй дарддæр иннæ арæнхалджытæ æмбæлон мадзæлттæ æмæ ивартæ бафидыны фæстæ сæрибар æрцыдысты. Уыдон та нырма æнхъæлмæ кæсынц арæнтæ халыны фæтк сбæрæг кæнынмæ.

Санахъоты Дауыт ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ механизмты фæлгæтты радон фембæлд уагъд цæудзæн 7 июны.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.