Дзюдо

Грознæйы уагъд æрцыд 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменгты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионат дзюдойæ. Ерысты +100 кг уæзы категорийы фыццаг бынат бацахста Къадзаты Арсен. Бронзæйон призер та ссис Саулаты Сослан. Уый та архайдта 55 кг уæзы категорийы. Уыдон ныр сæхи цæттæ кæндзысты ацы кары спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионатмæ. Ацы дыууæ спортсменæй дарддæр ма ерысты хайад райсыны бар ис Танделаты Чермен (81 кг), Болататы Георги (90 кг) æмæ Хъæцлæуты Альбертæн (+100 кг).

Теннис

Ирон теннисист Хъæрæцаты Аслан рахызт Стокгольмы АТР-250 категорийы турниры дыккаг зылдмæ. Фыццаг зылды уый 6:3, 6:2 хыгъдæй фæуæлахиз Чехийы минæвар Лукаш Росолыл. Фембæлд цыд 1 сахат æмæ 11 минуты.

Асланы радон ныхмæлæууæг уыдзæн дунейы 14 ракеткæ, стырбритайнаг Кэмерон Норри.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.