8-æм июны Sputnik-ы пресс-центрмæ хуынд æрцыдысты Экологи, геологи æмæ æрдзхъахъхъæныны комитеты сæргълæууæг Бестауты Бала, Хицауады минæвар Парламенты Кокойты Зураб æмæ Хуссар Ирыстонны университеты хистæр ахуыргæнæг Хъæцмæзты Джони.

Æрæджы уыдон æрыздæхтысты Санкт-Петербурджы уагъдцæуæг æппæтадæмон экологион конгрессæй.

Фыццаг ныхасы бар радтой Бестауты Балайæн. Уый æрдзырдта, дунейы фæстаг рæстæджы цы экологион катастрофæтæ æрцыд, уыдоныл. «Æрдзæн зиан цы пластикон æмæ целлофанæй конд мигæнæнтæ хæссынц, уыдоныл къух сисын хъæуы. Актуалон у брæтты проблемæ дæр. Цардуагон æмæ арæзтадон брон калд цæуы æгъатырæй æрдзмæ. Брон дих кæй хъуамæ цæуа æмæ стæй та – утилизаци, ууыл экологтæ рагæй архайынц, фæлæ ныхасæй хъуыддагмæ нæма ахызт æгас Цæгат Кавказы дæр. Ацы катастрофон уавæры тыххæй дзырд цыд конгрессы. Цæмæй æрдзæн ахæм зиан мауал цæуа, уый тыххæй бирæ дзырд цыдис конгрессы æмæ форумы дæр. Зынгсирвæзтытæ стыр зиан хæссынц хъæдтæн. Зынг цыбыр рæстæгмæ ахæлиу вæййы мингай гектартыл. Тæссаг уавæры сты цæугæдæттæ, денджызтæ дæр. Ацы фарстатæ æрмæст Уæрæсейы нæ тыхсын кæнынц, фæлæ æгас дунейы дæр. Уыдонимæ абаргæйæ, Хуссар Ирыстон ис бирæ хуыздæр уавæры. Фæлæ уый нæ нысан кæны, мах ницы аразын хъæуы. Не ‘хсæн дæр бирæ ис, æрдзæн зиан чи хæссы, ахæм адæймæгтæ. Уыдонæн хъæуы сæ ных бакъуырын. Ахæм адæймæгтæ бæрæг хъуамæ æрцæуой æмæ сæ барадхъахъхъæнæг органтæ  бафхæрой.

Хъæуы экологион акцитæ расидын, цæугæдæтты былгæрæттæ ныссыгъдæг кæнын хъæуы бронæй. Ацы хъуыддаджы нæм хъуамæ фæкæсой скъолаты ахуыргæнинæгтæ. Акци «Зиу»-мæ хуынд æрцæудзысты ацы къуыри Дзауы скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ. Уыцы хъуыддаг йæхимæ райста экологион организаци «Зеленая Алания». Сæ мадзалы нысан канд брон æмбырд кæнын нæу, фæлæ ма скъоладзаутæн хиирхæфсæн æмæ æрдз уарзыны фæрæз дæр. Ахæм организацитæ фылдæр куы фæзынид, уæд уый хорз фæстиуæг радтид. Æрæджы та «Зеленая Алания» бамбал æппæтдунеон акцимæ, кæцы тох кæны пластикон мигæнæнты ныхмæ. Уыдон хъæппæрисмæ гæсгæ Цхинвалы иуæй-иу магазинты фæзынд экосумкæтæ. Сæ нысан у, цæмæй адæм мауал пайда кæной целлофаны пакеттæй. Мæнмæ гæсгæ ацы организацийæн хъæуы баххуыс кæнын, ныртæккæ уыдон архайынц сæхи æхцайы фæрæзтæй. Сæ къух сæ куы амона, уæд сын фылдæр истытæ саразын бантысдзæнис», – дзырдта Бестауты Бала.

Пресс-конференцийы рæстæджы Хуссар Ирыстоны хицауады минæвар Парламенты Кокойты Зураб радзырдта сæ балцы тыххæй. «Балц уыд иттæг пайдаджын. Æз дыккаг хатт истон хайад ахæм форумы. Уыд дзы 800 делегатæй фылдæр, кæцытæ хайад истой хицæн æмæ хицæн экологион секциты. Делегаттæ тымбыл фынджы уæлхъус æруынаффæ кодтой климат æмæ экологион фарстатыл. Алы делегат   дæр æрцыд иу хъуыдымæ: «Хъахъхъæнын хъæуы æрдз!».

Кокойты Зураб ма радзырдта, конгрессы иууыл стырдæр хъусдард здæхт кæй цыд экологион инвестицитæм. Конгрессы фæстæ цы форум уагъд æрцыд, уым та æрдзырдтой æрдз бахъахъхъæныны мадзæлттыл. Иуæй-иу делегаттæ бавдыстой сæ бизнесплантæ дæр, кæцытæ æфтиаг хæсдзысты æмæ уыцы иу рæстæджы хъахъхъæндзысты æрдз дæр. Зæгъæм, машинæйы зæронд цæлхытæ æрдзмæ æппарыны бæсты хъæуы сæрмагонд ифтон-гадты фæрцы рыссын. Уый фæстæ уыдонæй спайдагæнæн ис фæндæгтæ аразыны рæстæджы.

Кокойты Зураб ма куыд загъта, афтæмæй æрдз бахъахъхъæныны фæдыл хицауад рагæй бацæттæ кодта «Доны кодекс»-ы проект, кæцы ныртæккæ ис Парламенты æмæ æнхъæлмæ кæсы депутатты æркастмæ. Уым лæмбынæг фыст æрцыдысты экологийы фарстатæ юридикон æмæ физикон гоймæгты бартæ хъахъхъæныны фæдыл. Ацы закъон райсыны фæстæ бирæ проблемæтæ скъуыддзаг æрцæудзысты», – загъта Хицауады минæвар Парламенты.

Хъæцмæзты Джони та загъта: «Экологийы тыххæй сæвзæргæ проблемæтæ æргъæвын нæ хъæуы. Сывæллон хъуамæ æмбара, æрдзæн фыдаудæн кæнын кæй нæ хъæуы. Форумы куыд дзырдтой, афтæмæй дунейы иу секундмæ æрдзмæ аппарынц 100 тоннæйы пластикон брæттæ. Мах уыцы катастрофон уавæры нæма стæм. Фæлæ уæддæр æркæсын хъæуы, зæгъæм, Къуайсайы раздæры Æрзæткъахæн управленийы территорийы тыххæй æз бакуыстон диссертацийыл. Лабораторион зонæнтæ куыд фенын кодтой, афтæмæй уым бирæ ис уæззау згъæртæ – цинк, æрхуы. Уыдонæй фервæзæн ис биологон æгъдауæй. Зæгъæм, уыцы бынаты байтауын хъæуы амбрози. Уый йæхимæ æнцъиры уæззау згъæртæ. Куыддæр байрæза, афтæ йæ хъæуы сæппарын æмæ дзы фервæзын», – дзырдта Хъæцмæзты Джони.

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.