16 марты сæ профессионалон бæрæгбон банысан кодтой мили-цийы экономикон фыдракæндтæ ма æруадзыны фæдыл управленийы кусджытæ. Ацы службæйы сырæзтыл сæххæст 84 азы æмæ управленийы рæнхъон скондæн бæрæгбоны сæраппонд зæрдиаг арфæ ракодта Мидхъуыддæгты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Пухаты Мераб. Йæ арфæйы ныхæсты ведомствойы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ управлени æр-мæст милицийы системæйы нæ ахсы егъау бынат, фæлæ ма æнæхъæн паддзахады стабилондзинадмæ дæр хæссы стыр хайбавæрд.

«Уæ профессионалон архайд-имæ бирæбæрцæй баст у нæ бæстæйы экономикон æдасдзинад æмæ мæ фидарæй уырны, дарддæр дæр цæсгомджынæй кæй æххæст кæндзыстут уæ службæйон хæстæ æмæ дæлæмæ кæй не ‘руадздзыстут управленийы ветеранты кад. Стыр бузныг уын зæгъын, ахæм хъæугæ куыст кæй кæнут уæ райгуырæн бæстæйы тыххæй, кæй тыхсут уе ‘мзæххонты цард фæхуыздæр кæныныл», – банысан кодта Пухаты Мераб.

Ацы службæ сырæзт 1937 азы 16 марты Мидхъуыддæгты адæ-мон къамисариаты фæндонмæ гæсгæ. Йæ сырæзт уыд æнæмæнгхъæуæг æрыгон паддзахадæн, уымæн æмæ Советон Цæдисмæ алырдыгæй кастысты знаджы цæстæй, æвæрдтой йын йæ разы цæлхдуртæ, йæ экономикон стабилондзинад ын пырх кодтой. Рæстæг куыд цыд, афтæ уавæр дæр хуыздæр кæнын райдыдта, экономикон фыдракæндтæ дæр афтæ арæх нал цыдысты, фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, ацы службæйæн куыст кæддæриддæр бирæ уыд.

Советон Цæдисы ныппырхимæ махмæ дæр æрцыд ивындзинæдтæ – ног управлени схуыдтой хъалонисæн полици. Фæлæ 2003 азы ауагъдæуыд реформæ æмæ ацы управлени бацыд Мидхъуыддæгты министрады сконд-мæ.

Абоны бон милицийы экономикон фыдракæндтæ ма æруа-дзыны фæдыл управленийы кусы 16 адæймаджы, кæцытæ дзуапп дæттынц æгас республикæйы экономикон æмæ гæртам исынимæ баст фыдракæндтæн. Ацы управлени ис криминалон милицийы сконды æмæ йæ хъус дары адæмы цардмæ алыварсонæй. Фыццаджыдæр, бæрæг кæнынц алыгъуызон уæйгæнæн пункттæ, афтектæ æмæ æндæр ахæм объекттæ, цæмæй не ‘мбæстæгтæ пайда кæной гъæдджын продукцийæ. Уымæй уæлдай ма сæ хъус дарынц, алыгъуызон коммерцион æмæ æхцайы фæрæзтимæ чи кусы, ахæм организациты куыстмæ, цæмæй адæмы бахизой фæлывд митæй.

Кæд æмæ 2020 азы нæ республикæ дæр иннæ бæстæтау уынгæджы уыд коронавирусы низæй, æхгæд æрцыдысты бирæ куыстуæттæ æмæ ахуыргæнæн уагдæттæ, уæд УБЭП-ы кусджытæн та сæ куыст бæрæг фæфылдæр ис. Алчи дæр æй зоны, эпидемийы æфсон бирæ амалиуæггæнджытæ кæй схæцыдысты сæ продукцийы æргътыл, цыдæр  товартæ та æгæрыстæмæй къухты дæр не ‘фтыдысты. Уæлдай тынгдæр ацы хабар бандæвта афтектыл, цыран кæцыдæр хостæ фæзынаргъ сты цалдæр хæттыты. Уымæ гæсгæ нæ республикæйы цæрджытæ æвзарын райдыдтой зындзинæдтæ, тыхстысты ахæм сæвзæргæ уавæрæй, уæлдайдæр та – карантинон режимæй.

Ахæм рæстæджы хъуыдис оперативон мадзæлттæ райсын æмæ УБЭП-ы кусджытæ æрæв-нæлдтой æрвылбонон рейдтæ уадзынмæ. Зылдысты дуканитыл, афтектыл æмæ æндæр базарадон объекттыл æмæ сæ фæдзæхстой, цæмæй сæ продукцийы æргътыл хæрдмæ ма хæцой. Баконд æрцыдысты 9 уголовон хъуыддаджы, 22 административон суагъæйы та æрвыст æрцыдысты тæрхондонмæ. Сæ ба-кæнгæ куысты фæстиуæгæн бирæ товарты аргъ фæфылдæр хæрзчысыл, кæцыдæр амалиуæггæнджытæ та бынтондæр нал фæзынаргъ кодтой сæ уæййæгтæ. Бирæтæ зæгъдзысты, ома, куыннæ фæзынаргъ сты товартæ, фæлæ ам дзырд цæуы, амалиуæггæнджытæ сæ сæхæдæг цы аргъæй æлхæнынц, уыимæ абаргæйæ.

Кæд æмæ нæм Гуырдзыстонимæ бастдзинад нæй, уæддæр Ленингоры районы бынæттон цæрджытæн ис уæлдай бартæ, ома сæ бон у æмæ рæстæгмæ ахизой арæныл. Ацы хъуыдда-гæй бирæ æмбæстæгтæ спайда кæнынц æмæ семæ æрбаласынц контрафактон продукци. Сæ фылдæр вæййынц тамакотæ, медицинон препараттæ æмæ карз нозтытæ. УБЭП-ы кусджытæ та ам дæр æмбæлон куыст бакодтой æмæ сбæлвырд кодтой фæткхалджыты. Азы дæргъы конфискаци æрцыдысты иу минмæ æввахс медицинон препараттæ, 200 авджы бæрц карз нозтытæ æмæ ма алыгъуызон дæттæ æмæ дыргъыдæттæ дæр.

Кæд æмæ УБЭП-ы куыст æргомæй нæ зыны, уæддæр сæ профессионалон архайд æндавы не ‘рвылбонон цардыл. Уымæн æмæ не ‘мбæстæгтæй бирæтæ ацы службæйæ куынæ аргъуц кæниккой, уæд сæ архайдæй стыр зиан хæссиккой не ‘хсæнадæн, не ‘мбæстæгты материалон фæрныгадæн.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.