Барасткæнинæгтæ фактон æгъдауæй систы РХИ-йы Президентмæ кандидаттæ регистраци кæныны домæнтæ либеризаци кæнынмæ тырнæг республикæйы сæргълæууæг Тыбылты Леониды æмæ сæ фæкарздæр кæныны æвварсхæцæг Парламенты фылдæр депутатты ‘хсæн компромисы фæстиуæг.

РХИ-йы Парламент райста барасткæнинаг бæстæйы дыууæ конституцион закъонмæ  «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æвзарæн барты æмæ референдумы хайад исыны бары сæйрагдæр гарантиты тыххæй» æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстыты тыххæй»-мæ. Уыдонæй сæйрагдæртæ, фылдæр быцæудзинæдтæ чи равзарын кодтой, ахæмтæ уыдысты Президентмæ кандидат срегистраци кæнынæн æрæмбырд кæнын кæй хъæудзæн, æвзарджыты уыцы къухфыстыты бæрц, биноныг цæрыны ценз æмæ претендент паддзахадон æвзæгтæ куыд зоны, уый сбæлвырд кæныны механизм.

Барасткæнинæгтæм гæсгæ ныр цæмæй, куыд РХИ-йы Президентмæ кандидат, афтæ регистраци æрцæуай, уый тыххæй æрæмбырд кæнын хъæудзæн æвварсхæцæг æмбæстæгты 3,5 мин къухфысты. Раздæр фаг уыд, цæмæй претенденты æвварс рахæцыдаиккой бæрцæй иу мин адæймаджы.

Уымæй дарддæр ма дæргъвæтин карз уынаффæты æмæ быцæуты фæстæ ЦÆК, Парламенты депутаттæ, Президент æмæ хицауады минæвæрттæ бадзырдтой «биноныг цæрыны цензы» бæлвырддæр формулировкæйыл. Зындгонд куыд у, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Президентмæ кандидат регистрацийы агъоммæ фæстаг дæс азы хъуамæ æдзух цæра республикæйы территорийыл.

Бахæсгæ ивындзинæдтæм гæсгæ, ныр æдзух цæрæгыл æмбæстаг нымад цæудзæн, кæд æмæ Хуссар Ирыстонæн æдтейæ афæдзы дæргъы, иумæйагæй сисгæйæ, æнæ аххосагæй 93 кусгæ бонæй фылдæр нæ уыдис. Æвæрццаг аххосæгтыл закъондæтджытæ банымадтой отпуск, афтæ ма командировкæтæ, ахуыр æмæ хос кæнын, кæд æмæ уыдоны æнæмæнгхъæуындзинад фидаргонд уа паддзахадон хицауиуæгады æмбæлон органты ‘рдыгæй.

Æмæ æппынфæстаг, РХИ-йы Президенты бынатмæ претендент паддзахадон æвзæгтæ цас зоны, уыцы критеритæ æмæ æмвæзад бæлвырд кæндзæн РХИ-йы Лингвистикон къамис, кæцы хъуамæ арæзт æрцæуа Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты. Уымæй дæр йæ сырæзт баст нæ уыдзæн æрмæстдæр æвзарæн процессимæ – ацы къамис кусдзæн æдзухон бындурыл æмæ æххæст кæндзæн алыгъуызон документтæ æмæ æрмæджыты лингвистикон экспертизæ. Уыимæ барасткæнинæгтыл уынаффæ кæныны хайад чи истой, уыдон практикон æгъдауæй иууылдæр уыдысты диктанттæ уадзыны ныхмæ, куыд «æнæадекватон æмæ цасдæрбæрцæй РХИ-йы Президентмæ кандидаты кад дæлдзиныггæнæг» формæ паддзахадон æвзæгтæ зоныны æмвæзад базоныны хъуыддаджы.

Цымыдисон у банысан кæнын, æвзарæн закъондæттынадмæ барасткæнинæгты кæройнаг формулировкæтæ зынгæ кæй хицæн кæнынц, РХИ-йы ЦÆК райдианы кæй бавдыста, уыдонæй. Сæрмагондæй, ЦÆК домдта, цæмæй уæлдæр паддзахадон бынатмæ претендент æрæмбырд кæна йе ‘вварсхæцджыты фондз мин къухфысты, Лингвисттикон къамис аразыны механизм æмæ фæтк та бæлвырд кæной РХИ-йы ЦÆК-ы уæнгтæ сæхæдæг. Уымæй дарддæр ма Централон æвзарæн къамисы барасткæнинæгтæм гæсгæ æмбæстагæн бар нæ уыд Президенты бынатмæ йæхи раразмæ кæнын, кæд æмæ афæдзы дæргъы æртæ мæйæ фылдæр республикæйы нæ уыд, уæд. Уыимæ цахæмфæнды æвæрццаг аххосæгтæ дæр хъусдардмæ ист нæ цыдысты. Афтæ æмæ конституцион закъæттæм барасткæнинæгты кæройнаг редакци рауад фæлмæндæр, РХИ-йы ЦÆК куыд нымадта, уымæй.

Уыимæ иумæ, æууæндæн кæуыл ис, ахæм информацимæ гæсгæ, РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид лæуд уыд паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ кандидатмæ домæнты ноджы тынгдæр либерализацийы хъуыдыйыл.

Цæвиттон, претенденты æвварсхæцджыты къухфыстыты бæрц фæфылдæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинад хорзыл банымайгæйæ, уый æгæр егъау æвзарæн ныхдурыл банымадта канд фондз мин нæ, фæлæ æртæ æмæ æрдæг мин къухфысты дæр. Нæ гуырæнты информацимæ гæсгæ, паддзахады сæргълæууæг РХИ-йы Президентмæ кандидаты срегистраци кæнынæн æмбæлон æмæ фагыл нымадта, йе ‘вварс 2000 æвзарæджы фыстæй куы рахæцой, уæд уый дæр.

Уый ма не сразы закъондæттынады фæдыл парламентон комитеты бавдисгæ «биноныг цæрыны цензы» формулировкæимæ, кæцымæ гæсгæ æдзух цæрыныл нымад цæуы, 93 календарон бонæй фылдæр РХИ-йы территорийыл претендент куынæ уа. Ахæм уавæр банымадта æгæр карзыл æмæ халы æмбæстаджы бартæ, йæ улæфты бонтæ æмæ бæрæгбонтæ, кæм æй фæнды,  уым  æрвитыны хъуыддаджы.  Немæ,  ныхасгæнджыты ныхæстæм гæсгæ, паддзахады сæргълæууæг парламентаритæн загъта йæ фæндон, цæмæй æруынаффæ кæной ахæм вариантыл, кæцымæ гæсгæ æмбæстаг РХИ-йы территорийыл нымад цæуа æдзух цæрæгыл, кæд æмæ республикæйы афæдзы дæргъы 183 бонæй къаддæр нæ уа. Цымыдисон у, афтæмæй æнæмæнгхъæуæг кæй нал уыд æвæрццаг аххосæгтыл дзурын. Фæлæ депутатты фылдæр хай не сразы «биноныг цæрыны цензы» ахæм кардиналон либерализацийыл.

Президенты ацы фæндонæй райгонд чи нæ уыдысты, уыдоны хъуыдымæ гæсгæ «æдзух цæрын» афтæ фæлмæнæй æвдисгæйæ, æвзарæн кампанимæ дуæрттæ гом цæуынц,  «къух чи нæ дæтты», иуæй-иу ахæм кандидаттæн. Фæлæ президент, уæвæг информацимæ гæсгæ, цæхгæр загъта ахæм аргументты ныхмæ, афтæ фехъусын кæнгæйæ, зæгъгæ, кандидаттæм домæнтæ хъуамæ уой ахæм, цæмæй зæрдыл ма лæууын кæной политикон авналæнты сыгъдæггæнæн инструмент. Тыбылты Леонид ма банысан кодта, зæгъгæ, уый кæддæриддæр уыд æнæниз политикон конкуренцийы æвварс æмæ дзы никуы тарст.

Æппынфæстагмæ, РХИ-йы Парламенты райсгæ формулировкæтæ ирдæй зæрдыл лæууын кæнынц РХИ-йы Президентмæ кандидаттæ ре-гистраци кæныны домæнтæ либерализаци кæнынмæ тырнæг Президент Тыбылты Леониды æмæ сæ фæкарздæр кæныны æвварсхæцæг Парламенты фылдæр хай депутатты ‘хсæн компромиссы фæстиуæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон зын рахонæн у идеалон, цъус дзы нæй быцæуаг моменттæ, кæцытæм сæ хъусдард аздæхтой иуæй-иу депутаттæ дæр, Парламенты барасткæнинæгтыл уынаффæ кæнгæйæ. Æххæст æмбæрстгонд не сты сæ реализацийы практикон механизмтæ: «Бынаты уæвын» æмæ «нæ уæвыны» бонтæ нымайыны методикæ; æдзух цæрыны тыххæй фарст цы бындурыл скъуыддзаг цæудзæн, уыцы зонæнтæ бавдисын æмæ бæлвырд кæныны закъондзинад; уыдон раздæр, цалынмæ уынаффæ ист не ‘рцыд, уæдмæ базоныны тыххæй кандидаты бар; паддзахадон æвзæгтæ зоныны критеритæ æмæ бирæ æндæр ахæмтæ.

Уыимæ иумæ æнæбанысангæнгæ нæй  райсгæ барасткæнинæгты, кæд сæ ис бæрæг цухдзинæдтæ, уæддæр «хъазты фæткойты» кæнынц ирддæр æмæ бæлвырддæр. Уыдон къаддæр кæнынц субъективон фактор, формулировкæты дызæрдыгдзинад хицауиуæгады органтæн раздæр фадат куы лæвæрдта РХИ-йы Президентмæ æндæр æмæ æндæр кандидаттæм алыгъуызон критеритимæ бацæуынæн. «Къух чи нæ аразы», ахæм претендентты алуарын ныр уыдзæнис зындæр æрмæст уый тыххæй дæр æмæ «биноныг цæрыны цензы» райсгæ трактовкæ бирæ-бæрцæй у либералондæр, раздæр кæмæй пайда кодтой, уымæй.

Нæ хъуыды бафидар кæныны тыххæй æрхæсдзыстæм хуымæтæджы арифметикæйон хынцæнтæ. Ныртæккæ кандидаты гæнæн ис сисой æвзæрстытæй, кæд æмæ бынаты, республикæйы нæ уа æртæ мæйы афæдзы дæргъы, уыимæ уыцы æмгъуыды нымайынц бонгай. Афтæмæй ничи цымыдис кæны, адæймаг бынаты цæй тыххæй нæй, æндæр бæстæйы цæры  æви æрмæстдæр ацыд улæфтбонты, отпусчы, командировкæйы, хос кæнынмæ кæнæ ахуырмæ. «Æвзарæн закъæттæм» ба-расткæнинæгтæ сæ тыхы куы бацæуой, уый фæстæ Президенты бынатмæ претендентæн йæ бон у РХИ-йы территорийæн æдтейæ уа 93 кусгæ боны. Уый нысан кæны, бар ын кæй ис республикæйæн æдтейæ æрвита йæ улæфты бонтæ (104-105 боны афæдзы дæргъы), бæрæгбонтæ (18-20 боны) æмæ йæ отпуск (28 боны). Иумиагæй сисгæйæ, афæдзы дæргъы адæймаг гæнæн ис уа РХИ-йы территорийы æдтейæ астæуккаг нымадæй 245 боны (!) æмæ уыимæ ма фехала «биноныг цæрыны цензы» домæнтæ.

Ахъуыдыгæнæн ис, РХИ-йы территорийыл 120 кусгæ боны уæвын ахæм карз домæн нæу, бæстæйы сæргъ слæууын кæй фæнды, уыцы адæймагмæ, уæлдайдæр та, æцæгæй æдзух йæ территорийыл чи цæры, уымæн. Уымæйдæр, æвæрццаг аххосæгтæ нæ нымайгæйæ, кæцытæ нысан сты æрмæст райсгæ конституцион закъæтты нæ, фæлæ ахæмтыл нымад æндæр закъондæттынадон актты дæр, кæцытæ архайынц РХИ-йы территорийыл. Ничи аивта Æмбæстагон кодекс, форс-мажор æмæ æндæр барадон нормæтæ, кæцытæ бæстон кæнынц æнæнхъæлæджы цауты.

Æмæ, æгæрыстæмæй, претенденттæм домæнтæ фæкарздæр кæнын, се ‘вварсхæцджыты къухфыстыты бæрц фæфылдæр кæнгæйæ, ахæм зын аиуварсгæнæн нæу, иу кæнæ иннæ æмбæстаг бацахсынмæ кæй хъавы, паддзахады сæргълæууæджы уыцы бынаты сæрмагонддзинад хынцгæйæ. РХИ-йы Президент суæвынмæ серьезон фæнд æмæ шанстæ кæмæн ис, уыцы адæймаг æнцонæй æрæмбырд кæндзæн уыцы 3500 къухфысты.

Æмæ кæронбæттæны зæрдыл лæууын кæнæм, «биноныг цæрыны цензы» тыххæй нормæ фыццаг хатт хуссарирыстойнаг закъондæттынады кæй фæзынд 2001 азы фыццаг Президент Цыбырты Людвигы рæстæджы. Уæд РХИ-йы Президентмæ кандидат гæнæн уыд суыдаид ахæм адæймаг, кæцы Хуссар Ирыстоны территорийыл цардаид дæс азы дæргъы. 2011 азы, Кокойты Эдуарды рæстæджы, РХИ-йы Конституцийы ацы статья ист æрцыд ног редакцийæ, кæцымæ гæсгæ республикæйы сæргълæууæджы бынат гæнæн уыдис бацахстаид æрмæстдæр уыцы адæймаг, кæцы æдзух (!) цард Хуссар Ирыстоны фæстаг (!) дæс азы.

Албегаты А.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.