Ахуыргæндты бæрæггæнæнтæм гæсгæ æгас дунейыл цы цæдтæ ис, уыдонæн сæ дæттæ сæ химикон æмæ биологон скондмæ гæсгæ сты æндæр æмæ æндæргъуызон. Ис ахæм цæдтæ æмæ сæ дон нуазынæн вæййы тынг хорз. Æнæхъæн дунейы 8 æрдзон цады хаст æрцыдысты иууыл цымыдисондæр цæдты номхыгъдмæ.  Уыдон сæ ас æмæ арфæй æндæр æмæ æндæргъуызон куыд сты,  афтæ сты сæ миниуджытæй дæр. Цæвиттон,  Касп æмæ Аралы цæдтæ нымад сты æппæты стырдæр цæдтыл. Иттæг стыр кæй сты, уый тыххæй сæ арæхдæр хонынц денджызтæ. Сараста – афтæ хуыйны дунейы æппæты чысылдæрыл нымад чи у, уыцы æрдзон цад.  Ис Штат Флоридæйы æмæ нымад цæуы æвæджиаг цадыл.

Афтæ, дунейы цæдтыл цæст ахæсгæйæ, уыдонæй алкæмæн дæр ис йæ равзæрды истори. Стыр цымыдисдзинад æвзæрын кæнынц Кавказы æрдзон цæдтæ дæр, кæд сæ алчи зындгонд нæу, уæддæр. 80-æм азты зынгæ ахуыргонд Ю.В.Ефремов ауагъта иртасæнтæ, Кавказы цæдты равзæрды æмæ сконды тыххæй æмæ 1988 азы рауагъта чиныг «Голубое ожерелье Кавказа». Уым бæлвырдæй æрдзырдта, Стыр Кавказы къуымты цы æрдзон цæдтæ ис, уыдоныл. Нæ баззадысты рохы Ирыстоны цæдтæ дæр.  Ю.В. Ефремовы иртасæнтæм гæсгæ куы абарæм, уæлдæр кæй ранымадтам, уыцы æмæ Кавказы цæдтæ, уæд уыдонæй иуæй-иутæм фæивдзæн нæ цæстæнгас.

Хуссар Ирыстоны цæдты нымæц бирæ нæу. Уыдонæй æппæты стырдæр æмæ цымыдисондæрыл нымад у Эрцъойы цад. Йæ фæзуат у 0, 31 км², йæ арф та – 19 метры бæрц. Афтæмæй дунейыл æппæты чысылдæр цадыл нымад чи у, уымæй у бирæ къаддæр.

Ацы цадæн йæ алыварс цы æрдз ис, уый йæхæдæг дæр у тынг рæсугъд, ис дзы алыгъуызон хосгæнæн кæрдæджытæ, рæсугъд хæххон дидинджытæй фæлыст у гауызау.  Ам цъититы сатæг хæххон дымгæйы уддзæф адæймаджы сулæфæнтæн вæййы æхсызгон.  Æрвылаз дæр йæхимæ æрбасайы сæдæгай адæймæгты, сæ зæрдæйы дзæбæхæн сæхи аирхæфсынмæ. Фæстаг цалдæр азы сæрдыгон рæстæджы уым арæзт вæййы улæфæн лагертæ, цыран сæ улæфт бонтæ фервитынц куыд Ирыстоны скъоладзаутæ, афтæ Уæрæсе,  Абхаз, Приднестровье æмæ æндæр бæстæтæй æрцæугæ сывæллæттæ.  Арæх æм уынынмæ æрцæуынц туристтæ дæр

Эрцъойы цад æрмæст йæ æрдзы рæсугъддзинадæй нæу цымыдисон, уым ма фенæн ис ахæм æнахуыр фæзындтытæн, кæцытæн нæй фенæн æндæр цадтыл æмæ уымæй сæхимæ здахы ахуыргæндты хъусдард. Уырыссаг рекордтæ æмæ æнтыстыты чиныг «Диво» афтæ фыссы ацы цады тыххæй: «То появляется, то совершенно исчезает озеро Эрцо в Южной Осетии. Через каждые 5-8 лет озеро уходит в землю, как будто кто-то вынул пробку в большой ванне. Ученые объясняют феномен исчезающего озера наличием карстовых пещер под дном озера…»

90 æм азты бирæ ахуыргæндтæ бакуыстой цады доны «уагахасты» тыххæй бæлвырдгæнæнтыл, фæлæ уыдонæн дæр ницы уæлдай фæстиуджытæ ис. 90-æм азты кæронæй фæстæмæ  Эрцъойы  цады  дон  ахъуызы арæхдæр, æмæ та фæстæмæ фæзыны, фæлæ нырма никуы ничи федта ацы цады дон куыд басур вæййы, кæнæ фæстæмæ куыд фæзыны. Уый тыххæй фидарæй зæгъæн ис, цады дон кæй акæны «хъуызгæ», æмæ уый дæр кæй зæгъын æй хъæуы, у цымыдисаг.

Ахæм æрдзон фæзындтыты тыххæй ахуыргæндтæн сæ бон бæлвырдæй зæгъын куы ницы свæййы, уæд уым та сæ бынат ссарынц адæмон таурæгътæ.  Афтæ Эрцъойы цады тыххæй дæр, мæнæ ацы рагон таурæгъæй хуыздæр ницы ис зæгъæн:

«Раджы рæстæджы ацы цады доны цардис æнахуыр стыр калм. Калм-иу рабырыд æмæ-иу цады былтыл цы фос уыд, уыдон-иу йæхимæ ‘рбаласта æмæ-иу сæ бахордта. Афтæ, зæронд лæг Къобала  зæдтæн кæй снывонд кодта, уыцы сæгъ дæр баци йæ амæттаг. Уæд зæронд лæг смæсты ис æмæ йæ иннæ сæгъы сыкъатыл бабаста кæрдтæ æмæ йæ арвыста, цæмæй уый калмы амардтаит. Калм фæтарст æмæ хæхтæм абырыд, зæххы бынты йæхицæн фæндаг айгæрдгæйæ. Уый фæстæ цады дон басур, ахъуызыд калмы фæндагыл. Фæстæдæр æрбаздæхт йæ бынатмæ æмæ та цады дон дæр æртымбыл ис. Уæдæй фæстæмæ калм куы абыры хæхтæм, уæд басур вæййы цад дæр”.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.