18-æм марты Хуссар Ирыстоны адæм банысан кæнынц нæ историйы иууыл æвирхъаудæр æмæ æгъатырдæр уавæрты æрцæугæ – Ереды трагедийы амæттæгты мысæн бон. Уыцы бон гуырдзиаг хотыхджын баиугæндтæ æрурæдтой сабырцæрæг бæлццæтты æмæ сæ удæгасæй баныгæдтой Ереды хъæумæ хæстæг. Ацы бон мах мысæм æрмæст Ереды трагедийы амæттæгты нæ, фæлæ гуырдзиаг туг-хорты къухæй чи бабын дæргъвæтин азты дæргъы, уыдоны се ‘ппæты дæр. Ацы бон ма Уанаты хъæуæй æбæрæгæй фесæфтысты Годжыцаты Арон æмæ Къæбулты Павел дæр…

Знон Ереды трагедийы амæттаг æмбæстæгты рухс нæмттæ арыны цытæн Згъудермæ, сæ иумиаг уæлмæрдмæ æрбацыдысты се ‘ввахс хиуæттæ. Ардæм æрбацыдысты бæстæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Трагедийы амæттæгты цырты раз дидинджытæ сæвæрдтой Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбар-джын минæвар Марат Кулахметов æмæ уыцы бынатмæ æрæмбырдуæвæг æхсæнады минæвæрттæ.

Трагедийы амæттæгтæй сæ иу – Дыгъуызты Важайы æфсымæр Никъала, фыдохы митинджы ныхас кæнгæйæ, банысан кодта, цæрæнбонты ирон адæмæн гуырдзыйы хицауад цы фыдмитæ арæзтой, уыдон æбуалгъдзинад. Æрсидт алы ирон адæймагмæ дæр, хистæрæй кæстæрмæ, цæмæй ма рох кæнæм уыцы фыддугтæ.

«1991 азы Ереды хъæуы цы трагеди æрцыд, уый иннæ трагедитау йæ сырдон архайдæй нызмæлын кодта адæймагады зонд æмæ хъуыды. Цардмондаг лæппутæ æгъатыр мард фесты æрмæстдæр уымæн, æмæ ирæттæ кæй уыдысты. Ацы трагеди ма зæрдæ уымæй агайы, æмæ йæ амæттæгтæ æбæрæгæй сæфт кæй уыдысты. Ссардтам сæ æрмæстдæр дыууæ аз æмæ авд мæйы фæстæ. Æмæ сæ куы ссардтам, уæддæр иу бынаты нæ уыдысты, фæлæ фондз раны. Уыдон уыдысты телæй бæс-тытæ, æртаджы мигæнæнтæ сæ фарсмæ, афтæмæй», – дзырдта ныхасгæнæг.

Дыгъуызты Никъала ма куыд дзырдта, уымæ гæсгæ ацы трагедийы амæт-тæгтæ ныр иумиаг ингæны æнцойад кæнынц уымæн, æмæ сæ бæрæг нал уыд, чи дзы кæцы у, уый. Мадзалы рæстæджы ма ранымадта ацы трагедийы амæттæгты нæмттæ, уыдон иу стæмтæй дарддæр уыдысты бынтон æвзонг æмæ цардмондаг ирон лæп-путæ.

Ереды трагедийы бабынуæвджыты хиуæтты номæй мах, зæгъгæ, хъуамæ мысæм, æппæт ирон лæппуты, кæцытæ нæ ауæрстой се ‘взонг удтыл, сæ риуы æмбæрц цыдысты æмæ бырстой знаджы ныхмæ.

«Нæ Ирыстоны хъæбатыр лæппутæ æгас дунейæн равдыстой, сæ хъæбатыр фыдæлтæн аккаг фæдонтæ кæй сты, уый. Уыцы хъæбатырдзинады руаджы абон Ирыстон у хæдбар, нымад паддзахад», – сæрыстырæй банысан кодта ныхасгæнæг.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли банысан кодта, мах не ‘ппæт дæр хорз кæй зонæм, цы у хæст æмæ цахæм у йæ фæстиуæг. Тохы быдыры ирон фæсивæд алы хатт дæр цыдысты сæ риуы æмбæрц æмæ йæ зыдтой, сæ цард цæй тыххæй дæттынц, цæмæн бырсынц размæ. Фæлæ цы сырды мыггаг хъуамæ уай, цæмæй æнæаххос адæмы рахизын кæнай æмæ сын фыдмитæ  бакæныны фæстæ ахæм бынаты баныгæнай, цæмæй се ссарæн дæр мауал уа. Цы сырды мыггаг хъуамæ уай, цæмæй Зары хъæумæ хæстæг сабырцæрæг бæлццæтты ныццæгъдай æмæ стæй дæ бинонты фарсмæ æнцад æнцойæ цæрай!

«Ацы трагедитæн ивгъуыд афон нæй, уыдон сты нæ хъуыдыйы, нæ зæрдæты сын ис арф бынат. Уыцы трагедитæ сты нæ рыст æмæ æвдисынц æгас дунейæн – Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ æцæгдæр геноцид арæзт кæй цыд», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Æрсидт, цæмæй ацы хъуыддаджы фæдыл дзырд цæуа хъæрæй алы фæзуатæй дæр. Сæ æнæаххос удты мысынад та кæдфæндыдæр уыдзæн нæ хъуыдыйы, нæ зæрдæты. Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцæугæ трагедиты амæттæгты хиуæтты тыххæй ахасты та бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, ацы рыст æрмæст уыдоны рыст нæу, фæлæ æгас ирон адæмы рыст.

 

Къæбулты Маринæ

 

 

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.