Иу бинонтæй – дыууæйæ…

Рæстæг размæ тæхы æмæ нæ дардæй дарддæр кæны гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды удхайраджы рæстæджытæй. Абон, 18-æм марты Ереды трагедийыл сæххæст 26 азы. 26 азы та цъус не сты, цæмæй ацы æбуалгъы трагедийы амæттæгты хиуæтты, зонгæты æмæ æппæт хуссарирыстойнаг адæмы зæрдæты хъæдгæмттæ байгас уыдаиккой, фæлæ та 18 март куы æрцæйæввахс кæны, уæд та гуырдзиаг сырдон митæ нæ мысынады уæлдай тынгдæр  сног вæййынц, зæрдæ та уæлдай рыст скæны æмæ та  уадултыл судзгæ цæссыгтæ æруайынц.

1991 азы ацы æнамонд боны гуырдзиаг тугмондаг сырдтæ фыдмардæй амардтой æнæаххос дыууадæс лæппуйы. Уыдонæн сæ аххосаг уыд æрмæстдæр ирæттæ кæй уыдысты, уый æмæ дыууадæсæй иумæ сæ мæлæт ссардтой гуырдзиаг лæгхорты къухæй. Фæмардуæвджыты ‘хсæн уыдысты Цхинвалы районы Земочерейы хъæуккæгтæ – дыууæ æфсымæры Гæджиты Таймураз æмæ Гиви. Уыцы бон уыдон рацыдысты сæ фæстаг тугæрхæм фæндагыл. О, стыр Хуыцау, цæмæннæ сæ бакъуылымпы кодтай истæй æфсон, цæмæн сæ рауагътай дыууæйæ сæ мæлæты фæндагыл рацæуын. Дыууæ æфсымæры дæр сæ  цыбыр цæрæнбоны мæлдзыджы хъыджы дæр куы никуы бацыдысты, уæд ахæм удхайраджы мардæй афтæ æвзæнгтæй сæ мæлæт цæмæн ссардтой. Гæджиты Таймуразыл цыд æрмæстдæр 35 азы, йæ кæстæр æфсымæр Гиви та рацард æрмæстдæр 23 уалдзæджы, æцæг ын йæ 23-æм  уæлдзæг разынд æнамонды уалдзæг æмæ йын дзы кæронмæ рацæрын нал бантыст, афтæмæй йыл йæ зынг ахуыссыд. Цы сты 23 азы дæр æмæ 35 азы дæр. 23-аздзыдæй бирæтæ царды ад  æнкъаргæ дæр нæма бакæнынц. Уас, сæ тæригъæд сæ марджыты фæстæ æфтыд фæуæд! Уадз, сæ тæригъæд сын фæхæссæд сæ марджытæ цæрæнбонтæм фæлтæрæй фæлтæрмæ, кæд сæ афтæ фыдмардæй цæмæн амардтой. Адæймаджы фехстой æмæ йæ афтæмæй амардтой, уæд та йын цы у!?

Дыууæ цардбæллон уды Дзабиты Маринæ æмæ Гæджиты Таймураз сæ цард куы баиу кодтой, уæд сын сæ хиуæттæ, сæ зонгæтæ бирæ арфæтæ фæкодтой, цæмæй кæрæдзи æмбаргæйæ æмзæронд бауой, фæлæ сыл адæмы арфæтæ не ‘рцыдысты. Дыууæ æмкъайæн стыр Хуыцауы цæст бауарзта æртæ хъæбулы – дыууæ чызджы æмæ лæппу радтын. Цы ма сæ хъуыд амондæн, сæ хъæбултыл цин кæнгæйæ цардысты. Фæлæ иу уысммæ, æмбойны сæ амондджын цард æрбайхæлд гуырдзиаг лæгмарты къухæй.

Гæджиты Таймуразы идæдз Дзабиты Маринæйæн марты мæйы æрбалæудимæ йæ зæрдæ уæлдай æрхæнгдæр вæййы, йæ рыст зæрдæ уæлдай тынгдæр фæриссы. Сидзæргæс мадæн та йæ зæрдыл æрлæууыдысты уыцы удхайраджы боны трагикон цаутæ: «Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды райдианæй фæстæмæ нæ цард зындон фестад. Алырдыгæй нæм балбирæгътау лæбурдтой гуырдзиаг лæгсырдтæ. Бынтон страстыстæм не ‘ртæ æнахъом сывæллонæн æмæ сфæнд кодтам Цхинвалмæ ацæуын. Мæ цардæмбал Таймураз-иу лæууыд постыты нæ хъæуы иннæ лæппутимæ, фæлæ сæ къухы хуымæтджы хæцæнгæрзтæ дæр нæ уыд æмæ афтæмæй цы сæ бон уыд. Уыцы аз 17-æм марты, ома, трагедийæ иу бон раздæр мыл сæххæст 29 азы æмæ мын дыккаг бон 18-æм марты дыкъахыг сырдтæ хорз «лæвар» сарæзтой мæ райгуырæн бонмæ. Куы йæ базыдтам Цхинвалæй Урал машинæ æрбацæуы, уæд Земочерейæ Хелцуамæ æрбацыдыстæм къахæй мæ цардæмбал æмæ не ‘ртæ сывæллонимæ. Мæ тиу Гиви уый размæ рацыд Цхинвалмæ, фæлæ уыцы бон йе ‘намондæн сбадт ацы машинæйыл  йæ ныййарджыты абæрæг кæныны тыххæй. Фæлæ йын нæ хъæумæ бацæуын нæ бантыст, машинæ тагъдыл фæстæмæ кæй здæхт, уый аххосæй. Машинæйы къух бакæнæн дæр нæ уыд адæмæй, фæлæ дзы уæддæр сбадтыстæм. Куыддæр Берулайы хидæй разылдыстæм, афтæ залиаг кæлмытау нæ размæ æрбахылдысты гуырдзиаг лæгмартæ æмæ нын сæ фæндаг æрæхгæдтой КАМАЗ-æй. Сгæппытæ кодтой машинæйы гуыффæмæ æмæ  йын кæрдтæй йæ тент ныллыгтæ кодтой, иууылдæр нæ раппæрстой машинæйæ, ракалдтой нын нæ хызынтæ дæр. Лæппуты райдыдтой æфсæйнаджы цъæлтæй нæмын, æгæрыстæмæй, цæф сæмбæлд мæ хистæр, 6-аздзыд чызджы ныхыл дæр æмæ йын уайтагъд арæсыд. Сылгоймæгты, сывæллæтты кæуын æмæ цъæхахстмæ дойнаг дур дæр фæрккау фæхаудаид, фæлæ гуырдзиаг фашисттæм æппындæр нæ хъардта сывæллæтты, сылгоймæгты кæуын.

Нæлгоймæгты, уыцы нымæцы мæ цардæмбал æмæ мæ тиуы дæр нæмгæ-нæмгæ бакодтой Берулайы фæндаггæрон цы хæдзар уыд, уырдæм. Гуырдзиæгтæ лæппутыл куыд фесты, афтæ сылгоймæгтæ фæйнæрдæм ныппырх сты. Мæнмæ та æрбауад иу ирон ус  æмæ мын афтæ зæгъы, зæгъгæ, фæстæмæ схиз машинæмæ æндæра дæу дæр акæндзысты. Уый размæ нæ машинæйæ куы æппæрстой, уæд  ма мæ шубайæ мæ уæлæ аззад æрмæстдæр йе фцæгот, афтæ мын æй ныскъуыдтæ кодтой. Машинæмæ ма схызт ноджы иу хелцуайаг сылгоймаг йæ сывæллонимæ æмæ куыддæрты æрхæццæ стæм Турбазайы онг, уæд уырыссаг æфсæддонтæ уым лæууыдысты. Уым рахызтыстæм æмæ машинæ афтидæй куы федтой, уæд нæ алыварс æрбамбырд бирæ адæм æмæ нæ фарстой цы æрцыд, уымæй. Æрбацыд нæм уæрæсейаг уацхæссæг дæр æмæ мæ интервью райста. Мæнæн кæд фырмæстæй æмæ фыртасæй мæ бон дзурын дæр нæ уыд, уæддæр ын сæ куыддæрты радзырдтон фæндагыл ныл цы æнамонд цау æрцыд, уый тыххæй. 18-æм марты изæры уæрæсейаг телеуынынады программæ «Время»-йы куы ралæвæрдтой, зæгъгæ, Хелцуайæ цæуæг ирæтты амынæты акодтой гуырдзиæгтæ, уæд телевизормæ каст мæ хицау Гæджиты Димитр. Ахæм æвирхъау хабар фехъусгæйæ, мæ хицау зæрдæскъуыд фæци, уымæн æмæ йæ бинонтæ æхсæзæй уыдысты уыцы машинæйыл. Уыцы аз апрелы мæйы та амард мæ фыд, ууыл дæр тынг бандæвдта ацы трагеди. Афтæмæй, ахæм цыбыр рæстæгмæ  нæ бинонтыл æрцыд цыппар зианы.

Дыууæ азы æмæ æрдæг цы бавæзæрстам сæ агурынæй, ууыл дзурын уæлдай у. Фыстам, хъаст кодтам алы инстанцитæм, фæлæ никуы æмæ ницы. Æрмæст нæм хъуыстысты  алыгъуызон дам-думтæ. Ереды трагедийы ма фæмард Тъехты Махар. 1993 азы Гуырдзыстоны ахæстоны бадт Къусратæй иу лæппу ередаг гуырдзиаг лæппуимæ æмæ иумæ рацыдысты ахæстонæй. Махары хо  бахатыд ацы лæппумæ, цæмæй ахæстоны цы ередаг лæппуимæ бадт, уый бафарстаид лæппуты хъысмæтæй.  Фæстæдæр нæм æрæрвыста, зæгъгæ, дам, æхцайыл разы стæм кæм ныгæд сты, уыцы бынат фенын кæныныл. Æркуырдтой егъау суммæ, фæлæ сæ Хицауад рахицæн кодта. Уæд нæм уыдон фæхабар кодтой, зæгъгæ, дам, ныгæд сты Ереды сырх сыджыты карьеры.

1993 азы 25-æм сентябры уырдæм ацыдысты РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады кусджытæ, æфсæддонтæ æмæ лæппуты хиуæттæ. Семæ акодтой трактор чысыл ковшимæ æмæ дзы уыцы бон скъахтой фондзы. Дыккаг бон дæр ацыдысты, фæлæ дзы никæйыуал ссардтой. Гуырдзиаг фыййау сæм уæлийæ къуылдымæй каст, æрцыд æмæ иу бынаты къалиу æрæвæрдта. Æртыккаг бон, 27 сентябры акодтой стыр грейдер æмæ фыййау кæдæм бацамыдта, уым ссардтой иннæ авды дæр, семæ ныгæд уыд бензины афтид канистр. Æрластой сæ моргмæ, уырдæм æрбамбырд тынг бирæ адæм. Уым сæ чырынты нывæрдтой æмæ сæ дыккаг бон æрбаластой Театралон фæзуатмæ, уырдыгæй та сæ аластой Згъудеры уæлмæрдмæ æмæ сæ баныгæдтой иумиаг уæлмæрды.

Стджытæ йеддæмæ сæ кæй ницыуал баззад, уымæ гæсгæ æз мæ цардæмбалы базыдтон йæ дæндæгтæй. Мæ тиуы дæр базыдтон йæ сыгъзæрин дæндагæй…».

Сидзæргæс сылгоймаг йе ‘ртæ сывæллоны хъомыл кæнгæйæ, тынг бирæ фыдæбæттæ бавзæрста. Фæлæ разынд лæджымсæр сылгоймаг, амæлттæ кодта æмæ йе ‘ртæ хъæбулы дæр адæмы рæгъы ракодта, бафтыдта сæ царды раст фæндагыл, æртæ дæр фесты уæлдæр ахуыртæ. Дыууæ чызджы дæр сæ амæндтæ ссардтой, лæппу дæр цардæмбал æркодта ис ын дыууæ лæппуйы. Чызджытæй сæ иу, ома, зæнæджы астæуккаг йæ цард баиу кодта, æбæрæгæй сæфт Къæбулты Павликы астæуккаг лæппуимæ. Ацы хабар дæр мæм дисау фæкаст, дыууæйæн дæр сæ фыдтæ сæ мæлæт ссардтой гуырдзиæгты къухæй… Маринæйы тиу Гиви кæд йæхицæн цардæмбалæн æркодта Чысиаты чызджы, уæддæр сын иумæ рацæрын бантыст æрмæстдæр цалдæр мæйы. Нæ йын баззад сывæллон дæр æмæ афтæмæй æвæстаг фæци.

Ирон нæлгоймæгтæн лæгсырдтæ цы фыдмитæ кодтой, уыдон диссагæн дзуринаг сты. Къахтой сын сæ цæстытæ, скъуыдтой сын сæ къухты æмæ къæхты ныхтæ, бауагътой-иу сæм электрон ток дæр, фæлæ сæ иу дæр хъыпп-сыпп нæ кодта, сæхи ныффидар кодтой. Уæзласæн машинæйыл сæ сæвæрдтой æмæ сæ гуырдзиаг хъæутæм фæралас-балас кодтой афтæ хъæр кæнгæйæ, –  зæгъгæ, ирон туг кæй хъæуы, уый дзы баназæт. Фæстæмæ сæ æрбаластой Ередмæ æмæ сæ æрдæгуадзгуытæй ныккалдтой, уый размæ цы уæрм скъахтой, уым. Бакалдтой сыл бензин æмæ сæ ссыгътой. Уый фæстæ сыл удæгасæй сыджыт бакалдтой. Фæстæдæр куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ, дам, сыджыт цасдæр рæстæджы дæргъы змæлыд æмæ йæ бынæй та хъуыст хъæрзын. Æрыхъуыст нæм ахæм хабар дæр, зæгъгæ, дам, сыл удæгасæй сыджыт цы тракторист бакалдта, уый, дам, сæрра. Марджытæй дæр, дам, цалдæр амард. Афтæ у, тæригъæд никæмæн батайы, цас фæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр.

Ирон адæмæй макуы хъуамæ ферох уой, нæ цæрæнбонты цыфыддæр знæгтæ нын цы æгъатыр митæ фæкодтой 20 азы дæргъы, уыдон, науæд…

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.