Спорт у æнæниздзинады ахсджиагдæр фæрæзтæй иу, чи дзы архайы, уыдон физикон æгъдауæй кæнынц тыхджындæр, вæййынц цардæфсæст, раст зондыл хæст. Уымæ гæсгæ хистæр фæлтæры хæс у, цæмæй фылдæр хъусдард здахой кæстæртæм, цайдагъ сæ кæной спорты иу кæнæ иннæ хуызы хайад исыныл. Афтæ куы уа, уæд нæ сомбоны цардаразджытæ дарддæр кæндзысты раздæры фæлтæры хорз традицитæ, уыдзысты, буц  æмæ  сæрыстыр  кæмæй уæм,  ахæм  спортсментæ. Уыдон кад æмæ ном кæндзысты канд сæхицæн нæ, фæлæ сæ уарзон Ирыстонæн дæр. Спорты хуызтæй сæ иу – хъæбысхæст йæ цардвæндагæн равзæрста Тъуриты Тенгиз дæр, бауарзта йæ тынг зæрдиагæй, æмæ йыл абоны онг дæр не сивта йæ зæрдæ. Уымæн алыгъуызон ерысты кæддæриддæр уыд хорз фæстиуджытæ, йæ æнæмсæр тохтæй цыд уæлахизæФй. Уый тыххæй дзы буц æмæ сæрыстыр уыдысты йæ тренертæ, æмæ йын йæ алы февнæлдмæ дæр цымыдисæй чи каст, ахæм табугæнджытæ. Тъурийы фырт йæ кармæ гæсгæ нал æвзæрста йæ тыхтæ хъæбысхæстæй, фæлæ бынтон хæрзбон нæ загъта спортæн, æмæ дарддæр дæр йæ хайбавæрд хæссы æндæр æмæ æндæр хуызтæ фæсивæды хсæн парахат кæнынмæ. Тенгиз кæны тренеры арфæйаг куыст æмæ хъомыл кæны аккаг спортсменты, равдисынц хорз фæстиуджытæ. Уымæй дарддæр ма Тъурийы фырт у Цхинвалы районы спорт æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл хайады хистæр, æмæ йын ам дæр ис зынгæ æнтыстытæ.

Ивгъуыд аз бакодта бæрæг куыст физкультурон-спортивон æмæ хъомыладон-профилактикон куыст хъæууон фæсивæды ‘хсæн. Уыдон активон хайад райстой скъолаты мидæг ерысты, уагъд цыдысты æмбаладон фембæлдтытæ скъолатæ æмæ кълæсты хсæн. Ахæм фембæлдтытæ æмæ ерыстæ та сын ахъаз уыдысты, цæмæй скъоладзаутæн уа хæларадон ахастытæ, аргъ кæной сæ кæрæдзийы æнтыстытæн. Уыдæтты фæстиуæгæн хуыздæр кодта сæ спортивон цæт-тæдзинад, æмæ сæ къухты æфтыд зæрдæрухсгæнæн æнтыстытæ. Стъолы теннисæй ерысты фыццаг бынат бацахста Дменисы хъæу, дыккаг уыд Сатихъар æмæ æртыккаг призон бынат та бацахста Цхинвалы районы администраци. Уагъд æрцыдысты ерыстæ шашкæтæй куыд скъоладзаутæ, афтæ хистæр спортсменты ‘хсæн дæр. Скъоладзауты хсæн дæр уæлахиздзауы ном райс-та Дменисы астæуккаг скъола, дыккаг уыд Хелцуа æмæ æртыккаг бынат та лæвæрд æрцыд Сатихъары скъолайы командæйæн. Хистæр фæлтæры шашкæтæй хъазджытæй хуыздæр фæстиуджытæ равдыста æмæ фыццаг бынат никæмæн ауагъта Цхинвалы районы минæвар Тедеты Никъала, дыккаг уыд горæтæй – Табуты Витали, æмæ æртыккаг бынæттæ та адих кодтой Къуаисайæгтæ Багаты Евген æмæ Знауыры районæй Харебаты Вадим. Уагъд æрцыдысты ерыстæ мини-футболæй дæр. Хистæр кары ‘хсæн иууыл тыхджындæр уыд Дменисы хъæуы дыккаг командæ, æмæ бацахста фыццаг бынат, дыккаг уыд Дисеуы заставæ, æмæ 3-аг бынат та бацахста Дменисы хъæуы фыццаг футболон командæ. Стъолы теннисæй ма сæ тыхтæ фæлвæрдтой скъоладзаутæ дæр. Ам дæр та фыццаг уыд Дменисы астæуккаг скъола, дыккаг бынатмæ рахызт Зары скъола æмæ æртыккаг призон бынат та фæци Къостайы-хъæуы астæуккаг скъолайы.

Фыдæлтæй фæстæмæ ирон адæмæн бæхыл бадын æмæ дзы алыгъуызон ерысты хайад исын сси традици. Æрмæст нæм цы цирчы дæснытæ уыд, уыдон ном раджы айхъуыст суанг фæсарæнтæм дæр. Цæмæй уыцы хорз традицитæ дарддæр сæндидзой, фæсивæд се ‘ргом раздахой спорты ацы хуызмæ, ууыл у йæ архайд хайадæн. Ивгъуыд аз дæр та уагъд æрцыдысты бæхтыл бадынæй дугътæ, æмæ дзы хайад райстой республикæйы тыхджындæр барджытæ. Ам фыццаг бынат бацахста Бехъмары хъæуы цæрæг Плиты Алан, дыккаг уыд Цхинвалы районы Бихъары хъæуы цæрæг Куыдзеты Андрей æмæ æртыккаг призон бынатмæ та рахызт Джеры хъæуккаг Бестауты Ацæмæз.

Уæлдæр ранымадгонд ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсæг спортсментæ æмæ командæтæ хорзæхджын æрцыдысты зынаргъ призтæ æмæ грамотæтæй.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.