Фыццаг хатт Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыдысты ерыстæ тхэквондойæ, цыран сæ арæхстдзинад æвдыстой æмбуархæсты клуб «Иры Сомбон»-ы 60 хъомылгæнинагæй фылдæр. Тохтæ цыдысты Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны, цыран уагъд фæцæуынц тренировкæтæ ацы хурскæсæйнаг æмбуархæстæй. Ерыстæ официалонæй байгом кæныны церемонийы айхъуыст Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гимн. Дарддæр раныхас кодта клубы бындурæвæрæг Гуыцмæзты Валери. Тренер куыд банысан кодта, афтæмæй фыццаджы дæр сæ разы лæууы æгъдауджын æмæ хæдæфсæрм адæймæгты схъомыл кæныны хæс. Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны директор Джиоты Арянæ æмæ Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергейæн се ххуысы тыххæй æмæ сын радта бузныджы грамотæтæ.

Йæ раныхасы Джиоты Арянæ банысан кодта, зæгъгæ, кæд сывæллæттæ дарддæр дæр афтæ зæрдиагæй тренировкæ кæной, уæд сын уыдзæн хорз æнтыстытæ.

Ерысты хайадисджытæн раарфæ кодта Зассеты Сергей дæр. Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар ма бузныг загъта Гуыцмæзты Валерийæн йæ райгуыврæн бæстæмæ фæстæмæ кæй æрæздæхт æмæ сывæллæтты тренировкæ кæнын кæй райдыдта, уый тыххæй.

Уый фæстæ райдыдтой фембæлдтытæ. Спортуарзджытæ федтой бирæ цымыдисон тохтæ. Сывæллæттæ иууылдæр тырныдтой уæлахизмæ, æвдыстой фидар удыхъæд. Кæд сын нырма нæ фаг кæны бæрзонд цæттæдзинад, уæддæр тырныдтой сæхи æмбæлонæй равдисынмæ.

Республикæйы тхэквондойæ райдыдтой архайын ивгъуыд аз сентябры мæйæ æмæ цыбыр рæстæгмæ спорты ацы хуыз ссис иууыл популярондæртæй сæ иу. Ныртæккæ клубы хурскæсæйнаг æмбурахæст ахуыр кæнынц 130 спортсменæй фылдæр. Ацы ерысты фæстиуджытæм гæсгæ та æвзæрст æрцæудзысты иууыл цæттæдæртæ.

Гуыцмæзты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, уый ныфс ис фæстæдæр сын кæй фæзындзæн сæрмагонд татами, афтæ ма баллтæ нымайæн электрон экипировкæ.

Тохтæ иууылдæр акæныны фæстæ уæлахиздзаутæ систы Уалыты Игорь, Дзæгъиаты Давид, Коцты Артур, Тыбылты Алан, Цхуырбаты Васили, Лалыты Арсен, Болататы Аслан, Тедеты Артур, Цхуырбаты Артур, Тедеты Елизаветæ, Тедеты Амагæ, Къæбулты Валерия, Бигъуылаты Даянæ, Цхуырбаты Валерия, Тыбылты Марианнæ æмæ Биазырты Аланæ.

«Хуыздæр техникæйы тыххæй» призæй хорзæхджын æрцыд Танделаты Барсæг, «Уæлахизмæ тырнындзинады приз» та райста Чехойты Олеся.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Мæскуыйы уагъд æрцыд уæгъдибар хъæбысхæстæй дунеон турнир Поддубныйы къорд, зæгъгæ. Ирон богалтæй ерысты уæлахиздзаутæ систы Тусхъаты Азæмæт, Хæдæрцаты Алик, Сидахъты Зауырбег æмæ Найфонты Артур. Æвзист майдантæ бафтыдысты Байты Давид æмæ Уалыты Радикы къухты. Бронзæйон призертæ та систы Уалыты Чермен æмæ Чертхъоты Гурам.

Турниры фæлгæтты ма ерыстæ уагъд æрцыдысты сывæллæтты ‘хсæн дæр. Уым чызджыты ‘хсæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд цхинвайлаг Зассеты Амагæйæн. Афтæмæй уый ссис Хусскр Ирыстонæй фыццаг чызг, кæцыйæн спорты ацы хуызы йæ къухты бафтыд ахæм æнтыст.

Амагæ архайдта 42 кг уæзы категорийы. Уый райдианы æмгъуыдæй раздæр фæуæлахиз белорусаг хъæбысæйхæцæгыл, æрдæгфиналы йе уæхсджытыл авæрдта республикæ Тывайы минæвары. Финалы та хæцыд Мæскуыйы областы командæйы уæнгимæ. Фæлæ та уый дæр Амагæ рамбылдта сыгъдæгæй. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Амагæ фыццаг хатт хайад кæй райста ерысты. Уый тренировкæ кæны республикон комплексон спортивон скъолайы. Йæ тренер у йæ фыд Зассеты Алан, афтæ ма йæ цæттæ кæнынц тренертæ Коцты Тамерлан, Гæджиты Марат æмæ Бикойты Азæмæт.

ХУРИТЫ Батрадз 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.