Адæймаджы царды æппæты сæйрагдæр æмæ ахсджиагдæр у æнæниздзинад. Амондджын æмæ Хуыцауæй арфæгондыл нымад вæййы æнæниз адæймаг, фæлæ уыцы æнæниздзинадæн кæддæр æнæфæцудгæ нæ вæййы, афтæ у йæ æрдзы фæлдыст. Адæймаг куы фæтыхсы, уæд æппæты фыццаг ныфс кæмæй авæры, уый вæййы дохтыр. Фыццаджыдæр дохтырмæ фæфæдис кæнæм, уый æххуысы руаджы слæууæм нæ къахыл. Уымæ гæсгæ ацы дæсныйад чи равзары, уый йæ разы æрæвæры ахæм хæстæ, кæцытæ фæдомынц  бирæ зонындзинæдтæ, æнкъараг, хæларзæрдæ æмæ æнувыд ахаст рынчынтæм.

Къуыдаргомы хъæуты кæд ныртæккæ бирæ цæрджытæ нал ис, уæддæр хæхбæсты цæрæг адæмы арæхдæр фæхъæуы дохтыры æххуыс, цалынмæ рынчындонмæ хæццæ кæна, уæдмæ уал ыл хъуамæ сæмбæла æмбæлон медицинон æххуыс. Ирыстоны ацы къуымы цæрджытæн тыхст уавæры сæ фарсмæ чи æрбалæууы, сæхæдæг дæр стыр ныфс кæмæй авæрынц, уый у шеубайнаг чызг Хуыгаты Ульянæ. Уый  каст фæцис Къуайсайы астæуккаг скъола.  6-æм къласы ма куы ахуыр кодта, уæд фидарæй зыдта, фидæны кæй уыдзæн дохтыр. Уæдæй фæстæмæ лæмбынæгдæр ахуыр кодта, медицинон дæсныйад райсыны тыххæй йæ уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуынæн цы предметтæ хъуыд, уыдон. Цымыдис кодта, ацы дæсныйадимæ цыдæриддæр баст ис, уыдонмæ. 1978 азы астæуккаг скъола æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ бацыд Цæгат Ирыстоны Паддзахадон медицинон институтмæ педиатрийы хайадмæ. Куыд астæуккаг скъолайы, афтæ та ам  дæр ахуыр кодта тынг хорз нысæнттыл, йæ равзаргæ дæсныйады æппæт сусæгдзинæдтæ базонынмæ йæ цымыдис ноджы фæарфдæр ис, тырныдта фылдæр зонындзинæдтæ райсынмæ. Тырныдта, æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Куыстуарзаг чызг йæ бæллиц тагъддæр сæххæст кæнынмæ тырнгæйæ, æртыккаг курсы куы ахуыр кодта, уæд бацыд Дзæуджыхъæуы республикон рынчындонмæ  сывæллæтты хайадмæ мед-хойæ. Йæ ахуыры æмрæнхъ, æртæ азы дæргъы куыста ам æмæ лекцитыл цы зонындзинæдтæ иста, уыдон практикон æгъдауæй фидар кодта йæ куысты уæлхъус.  Куыд йæ куысты, афтæ  йын йæ ахуыры дæр уыд тынг хорз æнтыстытæ æмæ радис йæ зæрдæ. Фæндзæм курсы ахуыр кæнгæйæ, Ульянæйæн райхъал ис йæ амонд йæ цард баиу кодта къуайсайаг, йæхиау куыстуарзаг лæппу, Цхуырбаты Тамазимæ. Амондджын æмкъæйттæ иу афæдзы фæстæ баисты фырты хицау æмæ Ульянæйæн нал уыд кусыны уавæр, фæлæ йæ ахуыр бакодта кæронмæ. 1985 азы каст фæцис медицинон институт, Паддзахадон фæлварæнтæ радта æнтыстджынæй, райста йæ диплом æмæ æрвыст æрцыд Тбилисы медицинон уагдæттæй сæ иумæ йæ зондзинæдтæ интернатурæйы базæйыл бафидар кæнынмæ. Ульянæ Тбилисмæ рацыд йе ‘мкъай æмæ йæ фыртимæ. Кæд искæй уæзæгыл, æнæзонгæ адæмы ‘хсæн æнцон нæ уыд, уæддæр Хуыгиан зындзинæдтæй никуы фæтарст. Ноджы арфдæр хызт медицинæйы фадыджы авналæнты, фылдæрæй фылдæр кодта йæ зонындзинæдтæ æрмæст педиатрийы фæдыздæхты нæ, фæлæ медицинæйы æппæт фæдыздæхтыты дæр. Бинонты царды дæр уыд æнувыд æмкъай æмæ  уарзæгой мад. Тбилисы цæргæйæ Тамаз æмæ Ульянæйæн райгуырд сæ дыккаг хъæбул – чызг дæр. Тамаз æмæ Ульянæ сæ дыууæ дæр куыстой æмæ цардысты амондджынæй, кæрæдзи æмбаргæйæ, сæ царды уавæртæй уыдысты райгонд, фæлæ сæ дуджы ивддзинæдты фæстиуæгæн, бахъуыд Ирыстонмæ рацæуын.  1989 азы сæ хъæбултимæ æрцыдысты сæ райгуырæн уæзæгмæ æмæ ам дарддæр  кодтой сæ цард. Уыцы аз Ульянæ бацыд кусынмæ Къуайсайы рынчындоны сывæллæтты дохтырæй. Уæд æрæвнæлдта йæ уарзон адæмæн зæрдиагæй лæггад кæнынмæ æмæ сын лæггад кæны ныронг дæр.

Рынчындоны кусгæйæ Ульянæ ирдæй равдыста йæ уарзон ахаст куыд йе ‘мзæххонтæм, афтæ йæ равзаргæ дæсныйады цы хъæздыг зонындзинæдтæ æрæмбырд кодта, уыдонмæ дæр. Бирæ азты фæкуыста сывæллæтты дохтырæй, фæлæ ма уый æмрæнхъ хос кодта цыфæнды низтæй рынчынтæн дæр. Къуыдаргомы цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, уый никуы фæрæдыд низыхатт сбæлвырд кæнгæйæ, æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, йæ нысангод хостæ дæр уыдысты ахъаз. 2010 азы Ульянæ нысан æрцыд Къуайсайы рынчындоны сæйраг дохтырæй æмæ ныронг дæр ис уыцы бæрнон бынаты. Ныртæккæ Къуыдаргомы цæрджытæ Ульянæмæ цы уарзæгой ахаст дарынц, уый дзурæг у, Ульянæ сын кæй у стыр ныфс, цыфæнды низæй рынчыны уæлхъус дæр куы ‘рбалæууы, уæд æрмæст йе сныхасæй дæр рынчынæн вæййы ныфс. Уыцы ныфсы æнкъарæнтæ сæм фæзынынц, 32 азы дæргъы йын йæ арæхстдзинад æмæ йæ зонындзинæдтæ уынгæйæ. «Ме’мкъайы мад, Зæгъойты Зоя бирæ азты дæргъы уыд онкологийæ рынчын. Æппынæдзух æй хъуыд хос кæнын, капельницæтæ æмæ судзинтæ кæнын, фæлæ йæ буар рæсигæ кæй кодта, уымæ гæсгæ йын судзин аразын никæй бон уыд. Уыдис-иу афтæ æмæ иу ын фервæзын æнхъæл нал уыдыстæм, фæлæ-иу Ульянæ йæ уæлхъус куы ‘рбалæууыд, уæд-иу ын алцы дæр сарæзта нывыл æмæ та-иу слæууыд йæ къахыл. Афтæ йæм фæкаст 12 азы  дæргъы. Ивгъуыд аз  та рарынчын вирусон низ Covid-æй, уыд тынг уæззау уавæры, фæлæ йæм Ульянæ куы бацыд, уæд æрмæст йæ иу фендæй дæр бæрæг фæхъæлдзæгдæр æмæ загъта, «ныр нал амæлдзынæн», зæгъгæ», – загъта Къуайсайы цæрæг Бæззаты Лианæ. Лианæйæн ма йæ саби дæр уыд рынчынтæгæнаг æмæ йæ хос кæнынмæ кодта республикæйæ æддæмæ. Куыд радзырдта, афтæмæй уый дæр йæ къахыл слæууын кодтой æрмæстдæр Хуыгианы  хостæ.

Къуайсайы астæуккаг скъолайы ахуыргæнджыты коллектив куыд зæгъынц, афтæмæй «Ульянæ у Къуыдаргомы ныфс, кæд ныртæккæ рынчындоны алыгъуызон нырыккон медицинон инвентарь нæма ис, уæддæр хуымæтæджы методтæй пайдакæнгæйæ дæр, уый цал æмæ цал адæймаджы слæууын кодта йæ къахыл, цал æмæ цал адæймаджы сласта мæлæты дзæмбытæй. Мах тынг райгонд стæм Ульянæйы куыстæй, йæ арæхстдзинадæй, йæ парахат зонындзинæдтæй æнæвгьауæй кæй пайда кæны нæ адæмы хæрзиуæгæн æмæ йе ‘мбæстæгтæн æнувыдæй кæй лæггад кæны, уый тыххæй», – загъта Ульянæйы тыххæй Харебаты  Софья.

«Ныртæккæ Къуайсайы цы дохтыртæ ис, уыдон се ‘ппæт дæр сты тынг хорз, фæлæ Ульянæ, куыд рынчындоны сæргълæууæг, сæйраг дохтыр, афтæ у се ‘ппæтæн дæр цæвиттойнаг. Æрмæст йæ фæлмæн, рæвдаугæ æмæ æнувыд ахастæй дæр рынчыны зæрдæйы бауадзы ныфс æмæ уыцы ахаст та рынчынæн у сæйраг æмæ ахсджиаг. Æвæццæгæн, Къуыдаргомы нæ разындзæн ахæм адæймаг, Ульянæ кæй хъыджы бацыд. Уый у нæ худгæ зæд, нæ ныфс æмæ нæ ирвæзынгæнæг», – загъта Хуыгаты Дзерассæ.

Фæстаг дыууæ азы дæргъы æппæт дунейыл цы вирусон низ Covid -19 апарахат ис, уый нæ ахызт куайсайæгты иувæрсты дæр, ахаста цалдæр адæймаджы цард. Ульянæ куыд радзырдта, афтæмæй ам фыццаг рынчынтæ фæзындысты ивгъуыд аз октябры мæйы. «Чысыл рæстæгмæ апырх эпидеми æмæ рынчынты нымæц схызт 300 онг, уыдонæй 250-йæн рабæрг ис Covid-19. Уыцы нымæц, ныртæккæ ам цæрджыты нымæц хынцгæйæ, у тынг бирæ, фæлæ ма махмæ æрбацæуынц районы дæрддзæгдæр хъæутæй рынчынтæ дæр. Уымæ гæсгæ махмæ эпидемийы апа-рахаты рæстæджы сæвзæрд æндыгъд уавæр. Нæ нын уыд фаг медикаменттæ, æмбæлон инвентарь, цæмæй бахъахъхъæдтаиккам карантины нормæтæ. Фæлæ нæм, нæ уавæр фехъусгæйæ, æрбацыдысты Паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тотчиты Георги, æмæ нын, уавæр сæхи цæстæй фенгæйæ, æрбарвыстой медикаменттæ æмæ инвентарь. Афтæ ма нын гуманитарон æххуыс бакодтой нæ горæтæй ацæуæг фæсивæд дæр. Уыдон дæр нын æрæрвыстой тынг бирæ хъæуæг медицинон æрмæджытæ. Къуыдаргомы цæрджытæ Хуыгаты Ульянæйы сæргълæудæй, зæгъынц бузныг се ‘ппæтæн дæр сæ лæггады тыххæй.

Ульянæ йе ‘мкъаимæ схъомыл кодта дыууæ хъæбулы, фæлæ хъыгагæн Тамаз йæ цардæй ахицæн ис æнæрæстæджы. Ныр Ульянæ у хъæбулты æмæ хъæбулы хъæбулты хицау дæр. Тынг бирæ ис Ульянæйы тыххæй хорзæй зæгъæн, у ирон æгъдауыл хæст, æфсæрмдзæстыг æмæ хæларзæрдæ удыхъæды хицау. Уый кæд рынчындоны сæйраг дохтыр у, уæддæр йе ‘мзæххонтæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын ис æрмæст дохтыры нæ, фæлæ мед хойы, санитаркæйы æмæ ма профессоры бынаты дæр. Уыдон ын кæддæриддæр æууæндынц йæ рафысгæ хостыл, йæ сæвæргæ диагнозтыл, уымæн æмæ сын ис бирæ дæнцæгтæ, æнæрæдыдæй кæй сæвæры диагноз æмæ снысан кæны хостæ, уымæн. Йæ иузæрдион лæггад æмæ йын йæ хæларзæрдæ ахасты тыххæй Къуыдаргомы цæрджытæ дзурынц стыр бузныджы æмæ арфæйы ныхæстæ, сæ зæрдæ йын зæгъы царды æппæт хæрзиуджытæ.

Хуыгаты Милена

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.