Зынтæ дæр куыднæ федтам æмæ бавзæрстам — иу ма нæ сæртыл куыройы фыдтæ нæ разылд, уый йедтæмæ… Фæлæ-иу кæрæдзийы ныфсæй, кæрæдзийы æнцæйтты балæугæйæ, ахызтыстæм нæ зынты сæрты, фæрогдæр-иу кодтам кæрæдзийы рыст…

Ныр нæ фыдусы æлгъыст баййæфта, кæрæдзийы тугæй афтæ сдойны стæм, æмæ бавнæлдтам кæрæдзийы хурхы сæртæм…

Фæндаг æхгæд кæй уыд, уый тыххæй цас адæм хордтой æмæ стъыгътой бæсты цъар: фæндаг бакæнут, цæй вирус цæй хæрæджы дымæг нæм рцæудзæн?!. Ныр та — иннæрдæм, цæмæн, дам, хъуыд фæндаг бакæнын, фæндаджы сæрдæнтæ, дам, фæуа йæ бакæнæг…

Фæндаг æхгæд куы уыд, уæд ардыдтой адæмы: цæй вирус æмæ цæй хæрæджы дымæг, деттæ сæхицæн æхца кусынц æмæ фæндаг æхгæдæй уый тыххæй дарынц…

Фæндаг æхгæд куы уыд, уæд арт æмæ фæнык нал уыд базаргæнджытæн. Æргътæ рæзтысты бонæй-бонмæ, стыгътой адæмы æмæ ма сæ стигъыны уæлдай ардаугæ дæр кодтой, фæндаг, дам, æхгæд кæй у, зынаргъмæ, дам, уын уымæн уæй кæнæм алцы дæр… Ныр фæндаг байгом æмæ цы, исты нæм фæасламдæр?..

Ныр та нын æндæр ныхæстæй схъауынц нæ хъустæ: нæхи таможни дам, нын нæ хурхыл ныллæууыдысты, стъигъынц, дам, нæ æмæ, дам, мах та мæгуыр чъребайæгты стъигъæм…

О, дзæгъæл уын баззайой, иу тæвдбарæны аргъ 350 соммæ таможнийы аххосæй сыскъæрдтат, таможни уын сыл æвæры ахæм æргътæ?!.

Уааааартæ уалдзæджы тæккæ тæмæны, вирус нæм куы нæма уыд, бæхы хуыррытт дæр куы нæма райхъуыст æмæ ехсы цъыкк дæр, афтæмæй æхсæвæй райсоммæ 3 сомы аргъ маскæтæ 50 соммæ куы сыскъæрдтат, уæд дæр таможнийы аххос уыд, æхсæвæй райсоммæ уын уе ‘хгæд афтекты уыдон схæцыдысты уæ æргътыл?..

Ныр бæхы хуыррытт дæр куы райхъуыст æмæ ехсы цъыкк дæр, уæд бынтон сæмтъеры стæм, кæмæндæрты арт æмæ фæнык бынтондæр нал ис… Нырмæ адæмы ардыдтой, цæмæй растой æмæ фæндаг бакæнын кæной, ныр та иннæрдæм: цæмæннæ, дам, бацæттæ кодта хицауад йæхи, цалынмæ, дам, фæндаг æхгæд уыд, уæдмæ?.. Æмæ цæй тыххæй хъуамæ бацæттæ кодтаид йæхи хицауад, афтæ нæ дзырдтат, вирус, дам, нæй, мысгæ, дам, æй кæнынц?.. Науæд куыд бацæттæ кодтаиккой ахæм æмгъуыдмæ сæхи: уæлæмхасæн рынчындæттæ сарæзтаиккой, ахуырмæ фылдæр адæм арвыстаиккой, цæмæй сдохтыртæ уой?..

Фæлæ — афтæ: адæмы ардауын дæ бафæндæд, уый йедтæмæ… Нæ хъахъхъæнынады министрад, дам, нын уырысимæ кæй «синтеграци» кодтой, уый тыххæй, дам, нын хъахъхъæнынад нал ис æмæ, дам, гуырдзиæгтæ сæ пост Цънелисы уымæн сæвæрдтой, нæ бон, дам, нæ территори æххæстæй хъахъхъæнын нал у… О, о! Æмæ нын кæд уыцы интеграцийы размæ Ирыстоны территори æххæстæй хъахъхъæнынхъом æфсад уыд, уæд уал азы дæргъы Чъехæй Чъребамæйы цыбыр фæндаджы бæсты Зары æфцæгыл цæмæн сæпп кодтам, Ереды фæндаджы бæсты — Дменисыл, Аунеуы фæндаджы бæсты — Хъорнисыл æмæ афтæ дарддæр?..

Кæд æнæ змæнтгæ æмæ ардаугæ уæ бон цæрын нал у, уæд уæхи хуызæнæн сайын уæддæр сахуыр кæнут!..

Цы ис æвзæрæй, нæ республикæйы разамынады куырдиатмæ гæсгæ нæм не ‘мцæдисон Уæрæсе адæмæн баххуыс кæныны фæдыл æфсæддон мобилон госпиталь кæй æрæрвыста, уым?.. Ницы, хорзæй дарддæр. Фæлæ уый дæр хъуамæ фенад кæной адæмæн, уæдæ куыд: алæ, ницы, дам, сты, Италимæ дæр, дам, уыдоны арвыстой æмæ, дам, дзы цы нытъæпæн кодтой, хостæ дæр, дам, сæм нæй, хостæ…

Æмæ цынæгъуызон ардауынц адæмы! Кæмæ йæ «чызг Питерæй фæдзырдта», кæй «йæ чындз Мæскуыйæ фæдзæхсы» — æввахс дæр, дам, сæ ма уадзут уæхимæ, уыдон, дам, Чъребамæ уый тыххæй нырвыстой, цæмæй, дам, уын сусæгæй вакцинатæ саразой… Уæдæ!.. Уæ дзыхты, дам, уын цыдæр хос бапышшшыттт кæндзысты æмæ, дам, зонгæ дæр нæ бакæндзыстут, уый, дам, вакцина кæй уыд, уый…

Цард æрцыд æмæ махæн — иууылдæр политологтæ кæй систæм, уый нæм фаг нал кæсы æмæ ма вирусологтæ дæр систæм!..

А, нæхæдæг нæхицæн цыфæнды дæр кæнæм, кæрæдзийы хъуын-хъис дæр бахæрæм, фæлæ æддагæтты уæддæр ныууадзæм сæ мæгуырыл… Уыцы фæсивæдæн дæр кæмдæр сæхи цард, сæхи бинонтæ ис, æмæ сæ мах тыххæй фæиппæрд сты, кæд сæхи цардæн дæр тæссаг у, уæддæр мах цард бахъахъхъæныны тыххæй æрцыдысты ардæм, цæмæй нын баххуыс кæной, балæггад нын кæной. Нæхиуæттæй кæйдæрты хъауджыдæр уыдон сæхи не мбæхсынц, сæ куыст æххæст кæнынц цæсгомджынæй. Æмæ сын кæд бузныг зæгъынхъом не стæм, уæд сыл хахуыр уæддæр ма кæнæм…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.